Мæздæджы районы прокуратурæ, адæмы æнæниздзинад хъахъхъæнынады тыххæй закъонæвæрынад æххæст кæнынмæ цæстдарды мадзæлттæ аразгæйæ, иуæй-иу аиппытæ рабæрæг кодта районы Центрон рынчындоны куысты.
Афтæ, рынчындоны поликлиникон хайады æвæрд зынаргъ æмæ хъæугæ техникон фæрæз – рентген-маммограф дзæвгар рæстæг нæ куыста. Уый аххосæй æмбæлгæ медицинон раиртæстытæ поликлиникæйы сæххæст кæнынæн фадат нæ уыд. Уыимæ, амынд медицинон техникæ сцалцæг кæнынæн кусæндоны разамынд хъæугæ мадзæлттæ нæ сарæзта.
Уыцы æууæл хынцгæйæ, районы прокуратурæ рынчындоны сæйраг дохтырæн домæн ратта, цæмæй бæрæггонд аиппытæ иуварсгонд æрцæуой.
Прокуророн цæстдарды мадзæлтты фæрцы амынд техникæ цалцæггонд æрцыд, граждæнты бартæ хъæугæ медицинон лæггæдтæ райсыны хъуыдда-
джы къахыргонд нал цæуынц.
РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ














