РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд регионы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ артаджы-энергетикæйы комплексы абоны уавæр æмæ дарддæры райрæзтыл.
Æмбырды архайджытæ бæстон æрдзырдтой, къабазы зæрдæзæгъгæ архайдæн ахъазгæнæг паддзахадон программæтæ æмæ регионалон проекттæ куыд æххæстгонд
цæуынц, ууыл. Сæрмагонд æргом здæхт æрцыд, цæрæнуатон-коммуналон
хæдзарад æмæ знергетикæйы комплексы дарддæры райрæзты фæлварæн федералон программæйы фæлгæты 2026 азы Цæгат Ирыстоны цы мадзæлттæ æххæстгонд цæудзæн, уыдоны номхыгъд-мæ.
Боны фæткы фарстатыл доклад скæнгæйæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур куыд загъта, афтæмæй 2025 азы дæргъы ахадгæ куыст цыд къабазы инфраструктурæйы дарддæры нывыладыл, федералон æмæ регионалон программæты фæлгæты пъланмæ цы организацион-арæзтадон мадзæлттæ хаст æрцыд, уыдон æххæстгонд æрцыдысты.
Министры ныхасмæ гæсгæ, федералон программæтæ æмæ национ проекттæ хорзæрдæм ахадынц адæмы æрвылбоны цардыл. Зæгъæм, национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы уагæвæрдты фæрцы профилон ведомствæ рацарæзта 41 фæлладуадзæн тæлм æмæ æндæр ахæм æхсæнадон бынаты. Федералон программæ «Цæрæнуат»-ы фæлгæты та кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм раивтой 50 адæймаджы бæрц. Хъарайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахæм фæткыл архайд цæуы æппæт иннæ программæтæ æмæ проектты уагæвæрдтыл дæр.
Уый фæстæ æмбырды архай-джытæ се ’ргом аздæхтой хæстæгдæр азты фыццаградон пълантæ æмæ нысантæм. Уыдон баст сты доны хæтæлты, газуадзæнтæ æмæ иннæ коммуникациты арæзтадимæ, коммуналон æмæ энергетикон инфраструктурæйы объектты модернизициимæ, стæй æндæр ахæм хъуыддæгтимæ.
– Республикæйы ахадгæ куыст цæуы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объектты дарддæры нывыладыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, цалцæггæнджытæ ног инженерон коммуникацитæ кæм аразынц, уыцы бынæтты бахъæуы уынгтæ æмæ хæдзæрттæм бацæуæнтæ ракъахын. Уыцы æууæл иуæй-иу тыхстдзинæдтæ бавзарын кæны цæрджытæн. Уый зæрдыл даргæйæ, архайын хъæуы, цæмæй куыстытæ æххæстгонд цæуой афойнадыл, рагагъоммæ фидаргонд пъланты фæткыл, –бацамыдта Хицауады Сæрдар. – Иу ныхасæй, абон нæ размæ бирæ вазыгджын хæстæ æмæ нысантæ ис. Уыдон се ’ппæт дæр баст сты коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинад нывылдæр кæнынимæ, адæмы æрвылбоны царды фæрныгадимæ. Уыимæ бастæй Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло вазыгджын хæслæвæрдтæ бакодта Хицауады уæнгты бæрны, æмæ сыл хъæуы бæрнонæй бакусын.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады














