Ног скъола аразынц

0
54

Дзæуджыхъæуы цæгат-ныгуылæн хайы территорийыл æрбынæттонуæвæг микрорайон «Ног горæт»-ы кæй аразынц, уыцы ног скъолайы уыдзысты аивæдты студи, робототехникæйы, шахмæттæ æмæ æндæр кусæнуæттæ.

Ныридæгæн аразджытæ бæстыхайы бындур цæттæ кæнын райдыдтой, фидæны къултæ æмæ цæджындзтæ фидар кæнынæн арматурон конструкцитæ сæвæрдтой. Æрвылбон объекты фæллой кæнынц ссæдз кусæгæй фылдæр.

– Куыст цæуы фидаргонд пъланмæ гæсгæ. Боныхъæд куы фæнывыл уа, уæд арæзтады радон хаймæ раивдзыстæм. Скъоламæ хауæг цыппар блокæй æртæ сты æртæуæладзыгонтæ, иу та – дыууæуæладзыгон. Блоктæй иуы уыдзæн иу кафæн æмæ дыууæ спортивон залы, – зæгъы арæзтадон хайы хицау Уататы Мурат.

Фондзсæдæ скъоладзауæн уыдзæн ног бæстыхайы ахуыр кæныны фадат. Бæстыхай куы срæвдз уа, уæд ардæм райдайæн скъола раивынмæ хъавынц. Ахуырадæн ам уыдзæн удæнцой уавæртæ. Спортивон æмæ актон залтæ бæстыхайы фæзындзысты. Уæлдай фылдæр æргом аздахдзысты робототехникæйы кусæнуатмæ (сывæллæттæн ацы къабазы фылдæр зонындзинæдтæ райсыны фадат куыд уа, афтæ).

– Ис нæм сæдæ фæндзай фыццагкъласоны. Райдайæн скъоламæ цæуæг сывæллæтты нымæц кæй фæфылдæр уыдзæн, уый нымайгæйæ, ацы бæстыхай куы байгом уа, уæд æппæт сывæллæттæн ахуырад райсынæн нывыл уавæртæ фæзындзысты. Микрорайоны цæрæг адæм бæстыхайы арæзтады фæудмæ æнхъæлмæ кæсынц, – зæгъы ахуырадон центр «Ног горæт»-ы директор Людмила
Башарина
.

Ахуырадон кусæнуæттæй фæстæмæ бæстыхайы уыдзысты фæлладуадзæн тæлм, ахуыргæнджытæн методикон кусæнуат, шахматон æмæ аивадон дæлхайæдтæ, медицинон кусæнуæттæ, стæй парахат хæрæндон. Бæстыхаймæ ’ввахс фæз-
уæттæ саив кæндзысты. Федералон проект «Æппæтæй хуыздæртæ – сывæллæттæн»-мæ гæсгæ кæй аразынц, уыцы объект байгом кæнынмæ хъавынц 2028 азы.

Вадим Ганжа

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here