Не ‘мзæххон – адæмы ирвæзынгæнæг

0
64

Фарон, декабры кæрон Уæрæсейы телеуынынады 1-æм каналы æвдыстой Мæскуыйы Бакулевы номыл дадзинтæ æмæ зæрдæйы низты центры директор, зынгæ кардиохирург, профессор Лео Бокерияйы 85 азы юбилейы кадæн документалон киноныв «Вспомнить все», зæгъгæ, сæргондимæ.

Кинонывы архайдта, Беслæны 1-æм скъолайы террористон фыдбæллæхы бахауæг, фæстæдæр кардиохирург кæмæй рауад, уыцы Кодзырты Зауыр. Документалон кинонывы райдайæны Лео Бокерия радзырдта, 2004 азы сентябры Беслæны æвирхъау фыдбæллæхы фæстæ йæм 9-аздзыд Зауыры куыд сластой, уый тыххæй.

Зауырæн операци номдзыд кардиохирург скодта йæхæдæг. «Байгом кодтон лæппуйы зæрдæ. Нæмыджы схъис кæм хъуамæ уыдаид, уым нæ разынд. Мæхæдæг дæр æй нæ зонын, фæлæ мын цыдæр райсын кодта чысыл къухсæрфæн æмæ йын йæ зæрдæ-
йыл куыд схæцыдтæн, уый. Æмæ диссаг – зæрдæйы галиу рæбынæй рахаудта нæмыджы схъис», – дзырдта документалон кинонывы Лео Бокерия

Зауыры телеэкраны куы федтон, уæд мын афтæ æхсызгон уыд, раст цыма мæ хæрз хæстæджы федтон, уыйау. Цалдæр азы размæ ссардтон ацы лæппуйы телефоны номыртæ æмæ нын уæдæй фæстæмæ бастдзинад бантыст, бæрæгбонты кæрæдзи-
йæн раарфæ кæнæм. Кæд лæгæй-лæгмæ никуы-ма амбæлдыстæм, уæддæр æм дарын хионы зæрдæ, раст æй цыма чысылæй фæстæмæ зонын, афтæ хæстæг у мæ зæрдæмæ.

Лео Бокерия документалон кинонывы лæмбынæг радзырдта йæ зонадон æнтыстытыл, зæрдæйыл вазыгджындæр операцитæ куыд скæны, уыдæтты тыххæй. Зынгæ кардиохирург 5000 операцийы скодта гом зæрдæйыл. Кæстæр рынчынтыл сæ райгуырдæй цыдис æрмæстдæр 14 сахаты…

Кодзыры-фырт æхсæз азæй фылдæр бакуыста кардиохирургæй Архангельскы облæсты горæт Котласы рынчындоны. Уайтагъд йæ хорзы ном ай-
хъуыст. Зауыр Ирыстонæй дард ран кусгæйæ, ирон лæджы ном бæрзонд кæй систа, уый ирдæй зыны йе ‘мкусджытæ æмæ йæ рынчынты арфæйаг ны-
хæстæй. Базыдтой йæ иттæг хорз специалистæй. Ныридæгæн ног цард балæвар кодта сæдæгай адæймæгтæн. Кодзырты Зауыры Котласы центрон рынчындонмæ фæхуыдта Архангельскы облæсты губернатор Александр Цыбульский æмæ йын йæ куыстæй иууылдæр сты райгонд.

Лео Бокерия æрыгон Зауырæн ссис удцырынгæнæг. Зæгъæн ис, æмæ Лео Антоны фырт Зауыры сæвæрдта медицинæйы зындзинæдтæй ма тæрсын æмæ адæмæн лæггад кæныны фæндагыл. «Дæ зæрдæйæ дын схъис куы сласой, уæд ахæм цауы фæстæ хъæуы кардиохирургийы къабазмæ цæуын æмæ кусын», – зæгъы Зауыр.

Ныридæгæн Зауыр скодта минæй фылдæр операцийы, зæрдæ-дадзинтæй рынчынтæн æртæ минæй уæлæмæ низыхатт сбæрæг кæныны вазыгджындæр иртасæнтæ. 2025 азы ноябры Зауыры снысан кодтой Вельскы центрон рынчындоны «Рентгенэндоваскулярон мадзалæй низтæ иртасын æмæ сæ дзæбæх кæныны»-ы хайа-
ды сæргълæууæгæй. Æрæджы уым ангиографион операцигæнæны скодтой коронарон артеритæ сног кæныны фæдыл операци. Операцигæнæн стъолы уæлхъус æрлæууыд æрыгон, фæлæ ныридæгæн фæлтæрдджын кардиохирург Кодзырты Зауыр.

Абон Зауыры медиктæ хонынц «нæхи Гагарин», ома, Гагарин космосмæ фæндаг айгæрста фыццаг, Зауыр та Вельскы скодта фыццаг операци зæрдæйыл. Уый размæ уым ахæм операцитæ ничи кодта. «Вельскы центрон рынчындонмæ æрбацыд 50-аздзыд нæлгоймаг. Уый йæ зæрдæйы рыстытæй дæргъвæтин рæстæг хъæрзыдта. Электрокардиограммæ саразыны фæстæ сбæрæг сты йæ аххосæгтæ. Рынчынæн æндæр ахсджиаг мадзæлтты руаджы скодтой низ бæлвырддæр раиртасыны
хъуыддæгтæ.

Нæлгоймагæн йæ зæрдæйы егъау тугдадзинтæ цыппар раны уыдысты хъыгдард. Иу тугдадзины 98 проценты уыдысты тынг лæмæгъ. Инфарктæй йæ аирвæзын кæныны тыххæй йын стенттæ сæвæрын бахъуыд, афтæмæй низ раиртасыны хъуыддаг рахызт операцимæ. Операци цыдис 50 минуты. Стент сæвæрыны фæстæ рынчынæн йæ уавæр фæхуыздæр», – радзырдта нын телефонæй Зауыр.

Æмæ ахæм цаутæ бирæ уыд йæ куысты.

«Фыццаг ахæм операци ирдæй равдыста Вельскы рынчындоны ангиохирург, кардиолог, анестезиолог æмæ операцион медицинон хотæ æххæст цæттæ кæй сты ангиографион операцигæнæны æппынæдзух куыстмæ.

Кæд раздæр карз коронарон синдромимæ рынчынтæ санитарон авиаци æмæ автотранспортыл æрвыст цыдысты облæс-ты клиникон рынчындонмæ, уæд сын ныр фадат ис бынаты дзæбæх кæнынæн. Афтæмæй сыгъзæрин рæстæг 90 минуты нæ сафдзыстæм, нæ бон уыдзæн æвæстиат æххуыс бакæнын, æвæстиатæй операцитæ кæнын. Коронаграфи кæндзыстæм дыууæ къæпхæнæй: сæ иу æвæстиат, иннæ – пъланмæ гæсгæ. Æмæ уый та нысан кæны, рентгенэндоваскулярон хирурги æнцонвадат кæй ссис, кæй бахъæуа, уыцы рынчынтæн. Кодзырты Зауыр нæм кусын кæй райдыдта, уый нын нæ къух тынг фæрог кодта», – загъта сæйраг дохтыры хæдивæг Наталья Карелина.

Зауыр 2025 азы декабры райдайæнæй 2026 азы январы кæронмæ скодта 60 операцийы æмæ йын иууылдæр уыдысты æнтыстджын. Йæ дæсныйады иттæг хорз специалист ацы æнтыстыл æрлæууынмæ нæ хъавы, ис æм кандидатон диссертаци бахъахъхъæныны фæнд.

Нæ зæрдæ йын зæгъы дарддæры æнтыстытæ йæ бæрнон æмæ хъæугæ
куысты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here