Уыцы цаутæн ферохгæнæн нæй

0
61

Советон Цæдисы Хъæбатыр Милдзыхты Хадзымырзæйы номыл Елхоты дыккæгæм астæуккаг скъолайы лæгдзинады урокмæ æрбацыдысты
хистæртæ –
Кировы районы Ветеранты советы сæрдар Бедойты Феликс, «Аланты Ныхас»-ы Кировы районы хайады сæрдар Къубалты Солтан. Мадзал арæзт æрцыд хæстон-патриотон хъомыладон куысты мæйоны
фæлгæты.

– Абон хæсты цаутæ чидæртæ зыгъуыммæ кæнынц, – дзырдта Къубалты Солтан. – Уыдон сты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг ма чи аирвæзт, уыцы фашисттæ æмæ сæ хъузæтты байзæддæгтæ. Мах архайæм ууыл, цæмæй нæ кæстæртæн сæ сæрызонд ма сæмтъеры уа алыхуызон мæнг информацийæ.

Хистæртæ æууæндынц, сабыр дунейы кæй фæрцы цæрæм, уыцы хъæбатыр хæстонтæ æмæ, фæсчъылдымы Уæлахиз хæстæгдæр чи кодта, уыцы адæм рох кæй никуы уы-
дзысты, ууыл. Уыдон та уыдысты, Ленинграды æрхъулайы 872 боны знагимæ чи фæтох кодта, заводтæ æмæ фабрикты чи фæкуыста, уыцы хъæбатыртæ, иннæ ахæм, Сталинградыл карз хæстыты аст мæйы дæргъы йæ цард чи нæ бавгъау кодта знаджы ныхмæ тохы, уыцы æфсæддонтæ æмæ кусджытæ. Уым, цæугæдон Волгæйы был, хæстон фидар хъахъхъæнджыты ‘хсæн уыдысты мингай ирыстойнæгтæ, уыдонимæ Кировы районы хъæутæй рацæуджытæ.

Карз хæстытæ цыдысты Кавказыл тохы дæр, уæлдайдæр – Æрджынарæджы. Ацы фидар чи хъахъхъæдта, уыдонимæ уыдысты 151– æмæ 317-æм дивизитæ, 19-æм курсантты бригад. Уæлдай уæз æрæнцад 84-æм топпæйæхсæг денджызон хицæн бригадыл. Уазджытæ радзырдтой, уыцы бригады сгарджытæ кæй фервæзын кодтой цæф къаннæг чызджы. Ном ыл сæвæрдтой Эльхота, ома, цы хъæуы йæ фервæзын кодтой, уый. Мыггаг схуыдтой Морская – денджызонтæ уыдыс-
ты ирвæзынгæнджытæ. Фыды ном та – Анатольевна – бригады комиссар Анатолий Даниловы номæй. Æртын азы фæстæ чызг – Кудзаты Русудан, (афтæ Эльхотайы схуыдтой Гуырдзыстоны сидзæрты хæдзары) – Эльхота МорскаяДжиоты Хадизæт (елхотаг Джиоты чызг кæй у, уый дæр сбæрæг) фембæлд йæ ирвæзынгæнджытæ æмæ йæ мад Нуцаимæ.

Цæгатирыстойнаг хæсты архайджытæй 79 систы Советон Цæдисы Хъæбатыртæ, уыдонæй цыппар – Кировы районæй: Карсанты Хъазыбег, Милдзыхты Хадзымырзæ, Александр Бондарь æмæ Моргуаты Бек. Уыдонæн сæ нæмттæ хæссынц сæ райгуырæн хъæуты скъолатæ, уынгтæ. Сæ гуырæнбонтæ æмæ паддзахадон бæрæгбæтты районы Намысы аллейы сæ цыртдзæвæнты цур арæзт æрцæуы мысæн мадзæлттæ.

Лæмбынæг хъуыстой скъоладзаутæ хистæрты ныхæстæм. Кæстæртæ куы фехъуыстой, хъæуты баззайæг адæмæн (зæрæдтæ æмæ æнахъом сабитæ) фашисттæ цы стыр хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыдæттæ, уæд бирæтæн сæ цæсгæмттыл фæзынд тызмæгдзинад.

Фашистон æрдонгты знаггаддзинадæн ферохгæнæн нæй.

КЪУБАЛТЫ Аркади

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here