Æрдзон уавæртæ куыддæр фадат раттой, афтæ аразджытæ ногæй бавнæлдтой Дзæуджыхъæуы Терчы былгæрæтты фæлгонцадон куыстытæм. Подрядон организацийы бригад нысангонд архайд æххæст кæны Цæнгæт хидæй фысымуат «Владикавказ»-ы онг уаццагыл.
Горæты администрацийы пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, цалцæггæнджытæ ныридæгæн райхæлдтой Терчы былгæроны зæронд къултæ æмæ систой къахвæндæгты ихсыд уæлцъар. Æппæт цæттæгæнæн
куыстытæ сæххæст кæнгæйæ, аразджытæ фæзуат æмбæрзын райдыдтой аив къæйдурæй.
Цалцæджы пъланмæ гæсгæ, амынд фæллад-уадзæн тæлм ногæй йæ хуыз скалдзæн: бынаты сæвæрдзысты æнцонвадат бандæттæ, æрсадздзысты дзы уынгты рухсыты телыхъæдтæ, бырæттææмбырдгæнæн къоппытæ æмæ афтæ дарддæр. Дарддæр специалисттæ базилдзысты газонтæм, ныссадздзысты дзы ног къутæртæ дæр.
Нырма та уал администраци горæты цæрджытæ æмæ йæ уазджытæм сиды, цæмæй цалцæджы фæзуатæй иуварс бынæттæм рæстæгмæ раивой сæ тезгъойы маршруттæ, уымæн æмæ амынд тæлмы кусы уæззау арæзтадон техникæ.
Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, ацы фæзуаты бындурон рацарæзт æххæстгонд цæуы Терчы былгæроны фæлгонцады иумæйаг концепцийы бындурыл.
Хæстæгдæр рæстæг цалцæггæнæн куыстытæ райдайдзысты Дзæуджыхъæуы æндæр фæлладуадзæн бынæтты дæр. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй ацы азы дæргъы фæлгонцадон куыстытæ бакæндзысты 18 фæлладуадзæн тæлмы фæзуатыл.
Дмитрий АСТАХОВ














