УФ-йы Федерацийы Советы уыд федеративон арæзтады, регионалон политикæйы, бынæттон хиуынаффæйад æмæ Цæгаты хъуыддæгты комитеты уæрæхгонд æмбырд.
Цæгат Ирыстонæй сенатор Виталий Назаренко раныхас кодта федералон закъоны проекты фæдыл. Парламентари кæй бавдыста, уыцы закъоны проекты хæс у культурон бынты хъахъхъæнынад æмæ хайон арæзтады къабæзтæм цæстдарæг къорд нормативон актмæ бæлвырд ивддзинæдтæ бахæссын.
Кæй бавдыстæуыд, уыцы ивддзинæдты ‘хсæн сты:
– культурон бынты объекты регистрацион номыр æмæ, ацы объекты хицау æй кæй хъуамæ хъахъхъæна, уый тыххæй хъусынгæнинаг номхыгъды æнæмæнг амонын (ацы æууæлы фæрцы алы хайадисæгæн дæр уыдзæн æлхæнинаг объекты уагæвæрд æмæ ацы объекты хицæндзинæдтæ бæлвырд рахатыны фадат);
– территори бабиноныг кæныны фæдыл документтæ æнæмæнг бацæттæ кæнын (территори иумæйагæй кæй рæздзæн, стæй дзы адæмæн хъæугæ социалон æмæ транспортон фæрæзтæ кæй уыдзæн, амынд æууæл уыдæттыл дзурæг у).
– Нæ историон бæстыхæйттæ цæмæй биноныг хъахъхъæд уой, стæй, адæм ацы бæстыхæйтты цæмæй удæнцой уагæй æмæ æдасæй цæрой, уыдæттыл архайæм. Культурон бынтæ цæмæй хъахъхъæд цæуой æмæ нæ горæттæ æнæкъуылымпыйæ цæмæй рæзой, ацы закъоны проект уыдæттæн ахъаз кæны. Ацы федералон закъон æвæджиауы культурон бынтæ хъахъхъæнынæн æмæ цæрæнуæтты арæзтадыл инвестицитæ хардзгæнæг адæмæн зæрдæдарæнтæ бавдисынæн кæй фæпайда уыдзæн, уый мæ уырны, – загъта Виталий Назаренко.
Æлборты Зæлинæ














