«Мах дуг» – Хуссар Ирыстоны

0
85

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты разамынд, ахуыргæнджытæ, республикон дзыллон хабархæссæг фæрæзты разамонджытæ, студенттæ, наукон кусджытæ фембæлдысты Цæгат Ирыстоны рагондæр литературон журнал «Мах дуг»-ы редактор Хетæгкаты Оксанæимæ.

Уазæгæн «æгасцуай» зæгъгæйæ, университеты ректор Тедеты Вадим куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Хуссар æмæ Цæгаты ‘хсæн культурон æмæ информацион бастдзинæдтæ фидар кæнын нымайы университеты сæйрагдæр хæстæй иуыл. «Хуссар Ирыстоны университет кæддæриддæр архайы национ дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ рафыссыныл, уыимæ канд  Хуссары нæ, фæлæ цæгатирстойнаг газеттæ æмæ журналтæ дæр. Университеты кæсæн залы сæ ссарæн ис, агурынц сæ ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ дæр», – загъта ректор.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, а фæззæг Хуссар Ирыстон хъавы дзыллон хабархæссæг фæрæзты разамонджыты иумæйаг цæлхæмбырд саразын. Уым хъуамæ сæмбæлой журналисттæ, ахуыргæндтæ, фидæны уацхæсджытæ-студенттæ. Рæгъмæ хъуамæ рахæссой нырыккон прессæйы тыхстаг фарстатæ, æнтыстытæ. «Фæнды нæ, цæмæй хуссайраг æмæ цæгатаг редакцитæ æнгом æмгуыстад кæной», – бафиппайдта Тедеты Вадим.

Университеты уырыссаг филологийы декан Бекъойты Иринæ куыд радзырдта, афтæмæй электрон медиа-фæрæзтæ хабæрттæ рæвдз фæхæццæ кæнынæй уæлдай аивтой хабæрттæ бамбарыны культурæ дæр. «Интернет-фæрæзтæ рæгъмæ хæссынц сæхи фæтк дæр. Хызтæм хабæрттæ куыд рæвдз хæссынц, уый зынгæ тагъддæр у газет рауадзынæй. Фæзынд фæрæз бакæсыны зындзинад, нал дзы зыны аналитикон бавнæлд, æнæ уымæй та мыхуыргонд фæрæзæн тынг зын у фæцæрын», – фæбæрæг кодта декан.

Бекъойты Иринæ йе ‘ргом аздæхта фæрæзтæ рафыссыны хъуыддагмæ дæр. Кæд æмæ Хуссар Ирыстоны дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ дзæвгар бынат ахсынц, уæддæр фæзынд тыхстаг фарста: рафыссынц сæ кусæндæттæ, хицæн адæймæгтæ сæхи бар аззадысты. «Мах хъуыдымæ гæсгæ, национ дзыллон хабархæссæг фæрæзтæн сæ бынат у алы бинонты ‘хсæн. Уыдоны руаджы бахъахъхъæнæн ис мадæлон æвзаг, культурæ, æмæ  студенттæм уыцы хъуыдытæ хæссæм, æмбарын сын кæнæм медиа-фæрæзты ахадындзинад», – загъта Иринæ.

Ныхас адарддæр кодта «Мах дуг»-ы редактор, уый æрлæууыд журналы рацарæзтыл. Хетæгкаты Оксанæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй административон арæнтæ хъуамæ иумæйаг сфæлдыстадон куыстыл ма ахадой. «Кæд æмæ редакци Дзæуджыхъæуы ис, уæддæр журналы мыхуыргонд цæуынц хуссайраг автортæ дæр. Махæн хуссайраг æрмæджытæ свæййынц национ дзырды иумæйаг бавæрæны хуызы», – загъта Оксанæ.

Курдиатджын адæмæн разæнгарды хуызæн ссис «Мах дуг»-ы литературон преми, редактор фæсидт студенттæм, цæмæй сæрæнæй бавналой сфæлдыстадмæ. Æппæты кæстæртæн та араздзысты зæрдаивæй кæсыны ерыс «Базыртæ». «Мах дуг»-ы разамонæг æрныхас кодта  фидæнмæ нысантыл, уыдонимæ – Галуанты Людмилæйы райгуырды 90 азы мысæн бон 2027 азы.

Кæронбæттæны бынæттон дзыллон хабархæссæг фæрæзты разамонджытæ сæ хъуыдытæ, хатдзæгтæ загътой, фæбæрæг кодтой фæрæзтæ рафыссыны ныллæг бæрæггæнæн. Æрхастой уавæр фæхуыздæр кæныны фæндæттæ.

 

Хъабанты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here