Цæрæнуатон цæстдарды службæйы куысты…

0
113

Цæгат Ирыстоны паддзахадон цæрæнуатон цæстдарды службæ нырæй фæстæмæ йæ куыст кæндзæн РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады структурон дæлхайады хуызы.

Уый тыххæй фехъусын кодтой амынд республикон ведомствæйы пресс-службæйы.

Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло ивгъуыд азы кæрон цы уынаффæ бафыста, уый бындурыл паддзахадон цæрæнуатон цæстдарды регионалон службæ 2026 азы январæй фæстæмæ лæвæрд æрцыд Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады скондмæ æмæ йæ куыст адарддæр кæндзæн, куыд управлени.

Ведомствæйы куыд радзырдтой, афтæмæй министрады цæрæнуатон цæстдарды ног управленийы специалисттæ дарддæр æнæкъуыхцыйæ кæнынц сæ архайд: аразынц фембæлдтытæ адæмимæ, рагагъоммæ фидаргонд пълантыл кусынц…

«Цæрæнуатон цæстдарды службæйыл бирæ ахсджиаг хæстæ æвæрд ис, æмæ сыл 2025 азы дæр бæрнонæй куыст цыд. Ног управленийы архайды фыццаградон нысантыл дзургæйæ, фарста æвæрд цæуы, цæмæй фæнывылдæр уа æмархайд разамонæг компанитимæ, стæй фæахадгæдæр кæнын хъæуы цæрæнуæтты хицæутты курдиæттимæ. Уыцы æууæлтæ, æнæмæнг, хорзырдæм сахаддзысты республикæйы адæмы æрвылбоны цардыл», – бафиппайдта регионы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры фыццаг хæдивæг Бокоты Витали.

Министрады специалистты ныхасмæ гæсгæ, фылдæр æргом здæхт цæуы разамонæг компаниты æнаипп куыстмæ, цæрæнуæтты цалцæг æмæ коммуналон хызæгты уавæрмæ… Уымæй уæлдай, бæстондæр цæстдард уыдзæн энергетикон фæрæзтæй æфсадæг компанитæ æмæ регионалон операторты архайдмæ дæр.

«Æппæт амынд фарстаты фæдыл курдиæттæ æмæ фиппаинæгтæ адæмæн барвитæн ис цалдæр электронон сервисы фæрцы: Паддзахадон лæггæдты порталмæ, информацион системæ «ГИС ЖКХ»-мæ, нæ министрады чатмæ мессенджер «MAX»-ы. Уымæй уæлдай, фыстæг ныффыссæн ис министрадмæ. Æппынфæстаг, бадзурæн ис цæрæнуатон цæстдарды управленимæ ахæм телефонæй: 8 (8672) 20-00-91», – радзырдта министрады лицензион архайд æмæ разамонæг компаниты куыстмæ цæстдарæг хайады хицау Тулойты Артур.

 

Дмитрий АСТАХОВ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here