Экономикæмæ – фылдæр æргом

0
62

Республикæйы Экономикон райрæзты министрад сæмбæлд сæ уазджытыл, æрбацыдысты сæм Къостайы номыл паддзахадон университеты «Экономикæ æмæ разамынд дæттыны» кафедрæйы наукон кусджытæ. Сæ зæрды уыд Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты ахсджиагдæр нысантæ сбæрæг кæнын.

Ахæм фембæлдтыты руаджы республикæйы фидæныл куыст рæвдздæр цæуы, ахуыргæндтæ æмæ студентты, хицаудзинады хъарутæй ахадгæ уынаффæтæ фæзынынц. Ацы кусæг фембæлды раныхас кодтой экономикон ведомствæйы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Олег Быкадоров, кафедрæйы декан ацы рæнхъыты автор, экономикон наукæты кандидат Ситохаты Татьянæ.

Рæгъмæ рахастæуыд 2030 азмæ республикæйы социалон-экономикон стратеги æмæ 2036 азмæ дарддæры рæзты нысантæ. Ныхас рауад  регионалон политикæйы сæйраг рахæцæнтæ сбæлвырд кæнын æмæ сæ хатдзæгтæ рахæссыны, ерысхъомдзинады æууæлтæ уæлдæр кæныны фарстатыл.

Æмбырды сбæрæг сты республикæйы рæзты арф авналæнтæ, рабæрæг сты практикон амынддзинæдтæ, регионы разамынд æмæ университеты ‘хсæн æмгуыстады хъæппæристæ. Куыд райхъуыст, афтæмæй наукæ æмæ разамындæн хъуамæ æппынæдзух уа æмгуыстад, уый руаджы паддзахадон хæстæ ахадгæдæр хуызы лыггонд цæудзысты.

 

Геннадий Родионов,
ЦИПУ-йы экономикон æмæ разамынды
факультеты декан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here