Бавдыстой бæрзонд цæттæдзинад

0
79

Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы уыд Уæрæсейы Хъæбатыр Тыбылаты Мараты номарæн республикон хæстон-спортивон турнир. Архайдтой дзы 16 командæйы – 9-11 кълæсты ахуырдзаутæ Цæгат Ирыстоны горæттæ æмæ хъæутæй, æдæппæтæй –
160 чызг æмæ лæппуйы.

Турнир хъуамæ сбæрæг кодтаид хуыздæрты æмæ арæхстджындæрты алыхуызон дисциплинæты – дугъ кæныны, гранат æхсыны, мас-рестлинджы, автомат райхалын æмæ сæмбырд кæныны, фыццаг медицинон æххуыс раттыны. Мадзалмæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы администрацийы ахуырады управлени æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Турниры кадджын уазджытæ уыдысты Тыбылаты Мараты æмслужбæгæнджытæ сæрмагонд нысангонд хæстон хайад «Кавказ» Железноводскæй.

Ерысты æууæнкджын тох цыдис хъазуатонæй, æмæ дзы фыццаг бынат бацахста Æрхонкæйы станицæйы фыццæгæм скъолайы командæ, дыккаг бынат – Мæздæджы районы Веселойы минæвæрттæ, æртыккаг та – Камбилеевкæйы скъолайы командæ.

 

БУТАТЫ Азæмæт,
къам систа Татьянæ
ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here