Форум равзæрста вазыгджын фарстатæ

0
91

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бацархайдта дунеон форум «Нæ тых нæ иудзинады ис»-ы. Иу фæзуатыл форум æрбангом кодта æхсæнады, хицаудзинады оргæнты кусджыты, сæрмагонд æфсæддон операцийы архай-
джыты, сæ хиуæтты, куыд Цæгатæй, афтæ Хуссар Ирыстонæй дæр, Хъæрæсе-Черкесийæ, Кæсæг-Балхъарæй, Дагъистанæй, Цæцæнæй ссæуæг минæвæртты.

Рæгъмæ рахастæуыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн аккаг æххуыс кæныны фарстатæ. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, форум ссис, кæрæдзимæ комкоммæ, уымæй уæлдай, сæрмагонд æфсæддон операцийы архай-
джыты бинонты цæстытæм бакæсыны бынат. «Хицаудзинады оргæнты кусджытæ æмæ æхсæнады ‘хсæн хъуамæ æмгуыстад уа, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтыл, сæ кæстæртыл бамæт кæнын нæ сæйрагдæр хæстæй иу у», – фæбæрæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.

Куыд радзырдта, афтæмæй операцийы ветерантæн сæ цуры балæууын хъæуы, сабыр царды сын фадæттæ хъуамæ фæзыной, социализацийы æппæт къæпхæнтæ ацæуой. «Уыцы фарстатæм хъуамæ æппынæдзух нæ цæст дарæм, алы ветераны риссагдæр хъуыддæгтæ æвзарæм. Æрæджы сфидар кодтон, Ветеранты хъуыддæгты тыххæй комитет саразыны уынаффæ, уый æппæт фарстатæ æрбаиу кæндзæн. Иунæг адæймаг-ветеран дæр йæ фарстаимæ иунæгæй нæ баззайдзæн, сæрмагонд æфсæддон операцийæ сыздæхт, уæд æй хъуамæ зона, сабыр царды дæр хъæуы», – загъта Сергей Меняйло.

Форумы куыстой тематикон фæзтæ, æргом аздæхтой, æбæрæгæй æфсæддон операцийы чи фесæфт, уыдоны цотæн психологон æххуыс бакæныны хъуыддæгтæм, реабилитацион куыстмæ, социалон нысантæ царды уадзынмæ. Ахъаззаг ныхасы архайджытæ бакастысты концертмæ, форуммæ рахастой Кавказы адæмты хæринæгты равдыст.

Ацы форумы сарæзтыл бацархайдтой Фыдыбæстæйы хæстонты бинонты комитет, Сæрмагонд æфсæддон операцийы паддзахадон фонд æмæ Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администраци.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here