Спортивон къабазы рæзтæн

0
78

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд амыдта, уым ныхас цыд спортивон къабазы рæзты ахсджиагдæр фарстатыл. Сæйрагдæр æргом аздæхтой профилон паддзахадон программæтæ æмæ федералон проекттимæ баст мадзæлттæм, граждæнты алы къордтæн æмбæлгæ уавæртæ саразынмæ спорты архайынæн, къабазы инфраструктурæйы рацарæзтмæ.

Дзанайты Барис куыд загъта, уымæ гæсгæ физикон культурæ æмæ спорты рæзты хицаудзинады алы æмвæзады оргæнты иумæйаг архайд бæрæг дары.

– Нæ республикæ у спортивон. Ирыстон сæрыстыр у, сæ нæмттæ æппæт дунейыл дæр хъуыстгонд кæмæн сты, уыдонæй. Абон мах аразæм, федералон æмæ регионалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм мадзæлттæ. Уыцы хъуыддаджы фæсивæд зæрдиагæй кæй архайы, уый бæрæг у. Ацы аз Цæгат Ирыстоны æххæстгонд æрцæудзысты цалдæр федералон программæйы æмæ национ проекттæ. Сæ сæххæст кæнынæн радих кодтам 420 милуан сомы. Арæзт цæуы ног спортивон инфраструктурæ, – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.

РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан куыд радзырдта, афтæмæй, ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цыдæриддæр пъланмæ хаст æрцыд, уыцы мадзæлттæ æппæт дæр къухы бафтыдысты. «Ацы аз дæр нæ размæ бирæ фарстатæ æмæ проекттæ рахастам, сæххæст кæнын кæй хъæуы, ахæмтæ. Зæгъæм, федералон æмæ республикон бюджеттæй цы æхцайы фæрæзтæ райстам, уыдон хардзгонд цæудзысты Цæгат Ирыстоны спортивон къабазы рæзтыл, олимпиаг резервы скъолатæн, уыдон республикæйы сты аст. Балхæндзыстæм спортивон ифтонггæрзтæ, ноджы ма Дзæуджыхъæу, Ногир, Беслæн æмæ Чермены хъæуты сараздзыстæм, техникон æгъдауæй нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм «зондджын» спортивон, уыдонимæ «ГТО»-йы фæзуæттæ дæр», – загъта министр.

Уæрæсейы Федерацийы Президенты фæдзæхстмæ гæсгæ, регионты стыр æргом здæхт цæуы сывæллæттæ æмæ фæсивæды спорты рæзтмæ. Цæгат Ирыстоны уыцы хъуыддагыл профилон министрадимæ иумæ архайы Ахуырад æмæ наукæйы министрад дæр. Зæгъæн ис, æмæ проекттæ «Кубок Главы РСО-Алания» футбол, баскетбол æмæ волейболы, «Бокс в школы» æмæ «Борьба в школы»-йы нæ республикæйы алы районты сывæллæттæ æмæ фæсивæд зæрдиагæй архайынц. Уымæй уæлдай, нæ хæс у æппæт фадæттæ саразын, цæмæй йе ’нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн, æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн сæ бон уа спорты архайын. Фрайты Сослан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уыцы хъуыддаджы стыр ахадындзинад ис, йе ’нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмы сæрмагонд спортивон скъола «Стимул»-æн. Йæ хъомылгæнджытæ ныридæгæн дæр стыр сгуыхтдзинæдтæ æвдисынц алыхуызон спортивон ерысты канд нæ республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсейы алы регионты æмæ дунейы дæр. Нæ республикæйы хъæуты цæрæг инвалидтæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн фадат уыдзæн скъолаты изæрыгон спортивон залты архайынæн.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here