2026 азы январь-февралы промышленнон куыстуæтты (чысыл куыстуæттæ дæр нымайгæйæ, оперативон бæрæггæнæнтæм гæсгæ) зилдухы бæрц рауад 15455,5 милуан сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 110,2%.
Пайдайаг къахинæгты амалкæнынады æппæт кусæндæтты хи хъарутæй æххæстгонд куыстытæ æмæ лæггæдты, хи уагъд æвгæд товарты бæрц рауад 211,8 милуан сомы (архайæг æргътæй нымайгæйæ), ома, фаронимæ абаргæйæ, 55,9%, хомагкусæг куыстады – 6094,5 милуан сомы (105,4%), электрон тыхæй, газ æмæ донытæфæй æфсадæг, уæлдæф сыгъдæггæнæг куыстады – 4245,4 милуан сомы (119,1%), донæй ифтонгады, дон иуварс уадзыны, æппарæццæгтæ æмбырд кæнын æмæ сæ æфснайыны, чъизидзинæдтæ иуварс кæныны фæдыл архайды – 429,6 милуан сомы (107,7%).
2026 азы январь-февралы, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, промышленнон куыстады индекс рауад 124,6%.
Пайдайаг къахинæгтæ амал кæнын. Доломит æмæ æнæрзæт арæзтадон æрмæджыты рауагъд кæй фæфылдæр, уый фæрцы куыстады индекс рауад 121,8%
Къалбас – 17,4%, дзидзайæ конд хойраг – 7,1%, дзул æмæ гуылтæ – 22,0%, адджинæгтæ – 11,1%, сырсыраг æмæ шампайнаг сæнтæ – 90,3%, хуыссæнгæрзтæ – 22,8 хатты, нæлгоймаджы, кæнæ лæппутæн хæлæфтæ – 6,8%, гофрæгонд хъæбæргæххæттæй асыччытæ æмæ къоппытæ – 6,6%, бæрцуæттæ – 6,9%, блоктæ æмæ æндæр æмбырдгæнæн арæзтадон дзаумæттæ – 51,7%, бетон – 5,2 хатты, бандæттæ та – 14,2% фылдæр кæй рауагъдæуыд, уый фæрцы ивгъуыд рæстæгмæ хомагкусæг куыстады индекс рауад 130,8%.
Æхсыр рауагъдæуыд – 16,3%, нæлхæ, нæлхæйы хуызæн пастæтæ æмæ царв – 48,0%, цыхтытæ – 18,7%, къæдор – 39,4%, туаг æхсырæй конд хойраг – 39,1%, сæлдæджытæ – 70,0%, спъирт – 60,5%, водкæ – 16,8%, бæгæны – 1,7%, суæрттæ – 30,3%, уæнгроггæнæг нозт – 24,0%, æнæуафт æрмæ-джытæ – 0,3%, нæлгоймаджы, кæнæ та лæппутæн костюмтæ æмæ фæлыстытæ – 58,1%, сæрмагонд уæлæдарæс – 87,9%, гæххæтт æмæ хъæбæргæххæттæй ярлыктæ æмæ этикеткæтæ – 64,1%, полимерон пленкæтæ – 7,0%, агуыридуртæ – 7,0%, асфальт – 96,1%, æндæр æрдæгуадзæн прибортæ – 10,6%, стъолтæ та – 1,2% къаддæр.
Электрон тыхæй, газ æмæ донытæфæй ифтонгад; уæлдæф сыгъдæг кæнын. 2026 азы январь-февралы, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, куыстады индекс рауад – 90,1%. Электрон æмæ хъармы тых рауагъдæуыд фæйнæ 10,1% къаддæр.
Донæй ифтонгады, дон иуварс уадзыны, æппарæццæгтæ æмбырд кæнын æмæ сæ æфснайыны, чъизидзинæдтæ иуварс кæныны фæдыл архайд. 2026 азы январь-февралы, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, куыстады индекс рауад – 95,1%.
«Цæгат Кавказстат»-ы
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы управлени














