Буроны тъунелы цалцæг

0
89

Автомобилон фæндаг А-164 «Транскам»-ы 69 километрыл Алагиры районы Буроны цы тъунел ис, уый бындурон æгъдауæй цалцæг кæнынц «Росавтодор»-ы дæлбар Къазнайы федералон управлени «Кавказ»-ы специалисттæ.

270 метры дæргъæн объекты куыстыты æмгъуыд у 2027 азы кæронмæ. Абоны онг уал æххæстгонд æрцыдысты, тъунелы цалцæджы рæстæг транспорт дыууæрдæм кæуылты цæудзæн, уыцы рæстæгмæйы фæндаджы схемæ. Хæдтулгæ скъæрджыты æдасдзинады тыххæй æнæмæнгхъæугæ фæндаггон нысантæ æмæ информацион фæйнæджытæ сæвæрдтой. Куыстытæ цы фæзуаты цæудзысты, уым специалисттæ сарæзтой гæрæнтæ, цæмæй транспортон фæрæзтæ сæ фæрсты æнæ-къуылымпытæй цæуой. Уымæй уæлдай ма, ныртæккæ исынц тъунелы мидæг фæндаджы уаццаджы уæлцъар.

Проекты фæлгæты сног кæндзысты объекты фæндаг æмæ тротуартæ. Пъланмæ гæсгæ тъунелы инженерон хызтæ, æмтгæй райсгæйæ, модернизацигонд æрцæудзысты: баивдзысты æппæт электронон ифтонггæрзтæ, сæвæрдзысты дзы рухсытæ æмæ уæлдæф сыгъдæггæнæнтæ. Хæхты климæтон æмæ æрдзон уавæртæ хынцгæйæ, уæлдай æргом аздахдзысты, тъунел цы конструкцитыл æнцайдзæн, уыдоны фидардзинадмæ, бацархайдзысты, цæмæй йæм дон макæцырдыгæй хъара, ууыл.

Буроны тъунелы бындурон цалцæджы руаджы æдасæй, æнæкъуылымпытæй цæуын æмбæлдзæн республикæйы сæйрагдæр фæндæгтæй иуыл, инфраструктурон объектæй дæргъвæтин рæстæг бæлццæттæ æдасæй пайда кæндзысты.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм: федералон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы автомобилон фæндаг А-164 «Транскам»-ы райдайæн ис Кæрдзыныхъæуы æмæ цæуы Уæлладжыры комы Æрыдон, Нардон æмæ Захъхъадоны фæрсты. Хæххон гакъон-макъон фæндаг цæуы дæсгай хъæуты сæрты, ахизы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны арæныл Дæллаг Зæрæмæгмæ ’ввахс, стæй Ручъы тъунелыл, дарддæр – Дзауыл, Цхинвалыл æмæ фæвæййы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæныл.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here