«Хæрзвадат горæтаг алфамбылай»

0
94

Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины уынаффæйæ райдыдта хæрзвадат горæтаг алфамбылайы проекттыл хъæлæскæнынад – æрвылаз æй Арæзтады министрадимæ æххæст кæны «Иугонд Уæрæсе». 2025 азы онлайн-хъæлæскæнынады архайдтой 16,5 милуан адæймаджы. Æппæт-уæрæсеон национ преми  «Хи нывонд» («Служение») дæтгæйæ, Президент фæбæрæг кодта, конкурсы руаджы æхсызгон ивддзинæдтæ кæй фæзынд, уый.

– Бынæттон хиуынаффæйадæн йæ нысан у адæмы цард хуыздæр кæнын. Æмæ йын хъæуы æххуыс кæнын. Абон æз æхсызгонæй дæттын бар хæрзвадат горæтаг алфамбылайы проекттыл хъæлæс кæнын райдайынæн. Ивгъуыд аз дзы архайдтой 1,6 мин муниципалон сконды, онлайн-хъæлæс кæнынады та – 16,5 милуан адæймаджы, – загъта Владимир Путин.

Бæстæйы Сæргълæууæг ма фæбæрæг кодта, хуыздæр проекттæ баххæст кæнынæн федералон бюджетæй æрвылаз дæр 25 миллиард сомы кæй радих кæнынц, уый.

– Ахæм фæтк фадат дæтты нæ горæтты фæлгонцадыл комкоммæ ахадынæн, уымæ гæсгæ сын сæ хъæлæс хъуамæ фехъусæм. Преми «Хи нывонд»-ы лауреаттæ дæр сбæрæг вæййынц цæрджыты хъæлæскæнынады бындурыл. Хъæлæскæнынады архайджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Ацы аз схæццæ 1,5 милуан адæймагмæ. Уæ фæллойæн адæм стыр аргъ кæнынц. Иу хатт ма уын бузныг зæгъын! – загъта Президент.

Программæ «Хæрзвадат горæтаг алфамбылай»-ы бындуры ис «Иугонд Уæрæсе»-йы партион проект. Йе ‘ххæст кæнын у партийы Адæмон программæйы уагæвæрдтæй иу. Программæйыл хъæлæскæнынад парти феххæст кæны æрвылаз дæр Арæзтады министрадимæ.

– Партион проект «Хæрзвадат горæтаг алфамбылай»-ы фæрцы Цæгат Ирыстоны бындуронæй сцалцæг кæнын бантыст, цæрджытæн зынаргъ чи у, бирæ ахæм ахсджиаг объекттæ. Фæзындысты ног æхсæнадон фæзуæттæ: парктæ, сквертæ. Мах уынæм, нæ горæттæ æмæ хъæуты фæлгонц куыд ивы, уый. Алкæмæн дæр æхсызгон у, кæм цæры, уыцы бынат рæсугъддæр æмæ хæрзвадатдæр кæй кæны, уый.  Фæстаг азты проекттæй иу уыд Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл культурæ æмæ фæллад уадзыны центрон парчы рацарæзт. «Хæрзвадат горæтаг алфамбылай»-ы фæрцы йын сног кодтам йæ хуыз, ныртæккæ уый у горæты цæрджытæн сæ уарзондæр бынæттæй иу. Фыццаджыдæр, цалцæг æмæ арæзт æрцæуынц, цæрджытæ фылдæр цы объекттæм æнхъæлмæ кæсынц, уыдон. Æнæмæнгæй архайут хъæлæскæнынады! – фæбæрæг кодта Паддзахадон Думæйы депутат, проектыл дзуапдæттæг Таймазты Артур.

Объектты хæрзвадатдзинады Æппæтуæрæсеон онлайн-хъæлæскæнынад аххæсдзæн 12 июнмæ. Архайынц дзы УФ-йы 88 регионы æмæ Байконур. Цыппæрæм хатт æвзæрстыты уыдзысты, сæ проекттæ 131 мин хъæлæсы кæмæн райстой, уыцы историон регионты цæрджытæ. Хъæлæс кæнзыс-ты, йæ цæрджыты нымæц 20 мин адæймаджы æмæ уымæй фылдæр кæмæн у, ахæм цæрæн бынæттæ. Нæ бæстæйы цæрджыты равзардзысты, 2027 азы цавæр фæзуæттæ æрцæудзысты цалцæг, уый.

Хъæлæскæнынады сæ бон у архайын, 14 азы кæуыл сæххæст, ахæм граждæнтæн. Хъæлæс кæнын уыдзæн мобилон фæрæз «Госуслуги Решаем вместе» æмæ бархионты æххуысæй, экосистемæ «Добро.рф»-æй пайда кæнгæйæ.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here