Дзæуджыхъæуы Чернобылы бæллæхы амæттæгтæн цы цыртдзæвæн æвæрд æрцыд, ууыл РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сæвæрдта дидинджытæ.
Чернобылы бæллæхы 40-æм аз зæрдыл дарыны æмбырды бацархайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеслав, æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты хицæуттæ, æхсæнады æмæ ветеранты организациты минæвæрттæ.
Уыцы æвиръхау бæллæхы азарæй чи фесæфт, уыдоны нæмттæ ссардтой, минут æдзæмæй алæугæйæ. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Чернобылы бæллæх фæивта æнæхъæн бæстæйы адæмы хъысмæт. «Цæгат Ирыстонæй уырдæм атагъд кодтой дыууæ мин адæймагæй фылдæр, бавнæлдтой бæллæхы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ. Уæззау уавæрты уыдысты, кæронмæ йæ æмбаргæ дæр нæ кодтой, фыдбылыз кæй онг ахæццæ, уый. Фæлæ уæддæр сæ хæс æххæст кодтой. Се ‘нæниздзинад, сæ цард нывондæн æрхастой, фæлæ уæддæр бахъахъхъæдтой адæмы æмæ нæ бæстæ», – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Чернобылы Атæмон электростанцæ срæмыгъта 1986 азы 26 апрелы. Уыцы хъомысджын срæмыгъд уæлдæфмæ раппæрста радиоактивон тæссаг фæрæзтæ. Уыцы уылæн аххæссыд Советон Цæдисы фæзуаты 140 мин квадратон километрыл. Цард дзы 7 милуан адæймаджы. Уæрæсейы алы аз дæр 26 апрелы æрымысынц уыцы фыдбылызы амæттæгты, бæллæхы фæстиуджытæ иуварсгæнджыты.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады
пресс-службæ ЦИПУ-йы пресс-службæ














