Сценæйы цæргæ кодта…

0
75

Ирон театры актер Цæрæкты Олегыл 29 апрелы хъуамæ сæххæст уыдаид 70 азы. О, фæлæ йыл хъысмæт комдзог рацыд, æмæ 2000 азы зымæджы цыппурсы 13-æм бон йæ уатæй нал рацыд йæ бинонтæм, саудалынг бæстæ йæ йæ уæлион царды хъæбысæй ратыдта æмæ йæ йæ фæдыл асайдта. Цæхæркалгæ стъалы уæларвæй ратахт æмæ æнусы фæлмы аныгъуылд…

Хæрзсабийæ бауарзта Олег театралон аивад. Хъарманы хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ бацыди Ирон театры студимæ, ацахуыр дзы кодта иу аз, стæй йæ дæсныйад уæлдæр кæнынмæ ацыд Уæрæсемæ. 1978 азы Олег ссис Ярославлы горæты Волковы номыл театралон училищæйы студент. 1983 азы йæ æнтыстджынæй каст фæци, æмæ йын лæвæрд æрцыд, йæ сæнтты кæмæ бæллыд, артисты уыцы бæллиццаг ном.

Йæ дипломон спектакль «Орфей спускается в ад»-ы афтæ дæсны ахъазыд, æмæ йын паддзахадон къамис «дæсныдзинад»-æй сæвæрдта иттæг хорз бæрæггæнæн. Ахæм аргъ ын скодтой иннæ предмет – сценикон архайды тыххæй дæр. Уыцы къамисы уынаффæмæ гæсгæ Цæрæкы-фырты арвыстой Саратовы драмон театрмæ, фæлæ йæ сабибонтæй фæстæмæ ирон сценæмæ тырныдта. Таутиаты Солæман, Тæбæхсæуты Бало, Хъалæгаты Федя, Хуырымты Уырызмæг аивады цырæгътæ цы сценæйы ссыгътой, уыцы рухс кувæндонмæ.

Не Сфæлдисæг Стыр Хуыцау ницы бавгъау кодта Цæрæкы-фыртæн: уынд, конд, стыр æрдзон курдиат, рæсугъд уарзæгой удыхъæд. Цæрæкты Олег 1983 азы йæ фыццаг къахдзæфтæ акодта Ирон театры Хæмыцаты Цæрайы пьесæ «Сау бæлас»-ы. Ирон театры сценæйы аккаг бынат ссардта йе ‘рттивгæ курдиат. Уый тыххæй дзы зындгонд поэт, драматург Чеджемты Геор мæнæ афтæ загъта: «Олег, æцæгæйдæр, стъалыйау, ферттывта. Мæнæ цыма Ирон театры сценæйæн æрвыст уыди Хуыцауæй – цыдæр мидрухс кодта. Йæ цæстæнгас, йæ хъæлæсыуаг, йæ фезмæлд – алцыдæр цыди театрдзауты зæрдæмæ».

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй ирон театрдзау Оледжы фыццаг хатт федта спектакпь «Сау бæлас»-ы, Мараты ролы. Афтæ аив, рæсугъд æмæ дæсны дзы ахъазыд – уæвгæ, дзырд «хъазын» Олегмæ нæ хауы. Уый сценæйы цæргæ кодта – сæйраг роль уа, эпизод уа, уæддæр-иу сарæзта æнæферохгæнгæ сурæттæ. Бауарзтой йын театрдзаутæ йæ аив ныхасыхъæд, йæ фезмæлд, йе уæнгты ахаст, рог къахдзæф, йæ фæлмæн мидбылхудт, уæлдайдæр та сценæйæ йе стыр сау цæстыты ферттывд.

Фæлæ, куыд фæзæгъынц, уæлæрвтæ куыд рæдау сты Иры бæстæн курдиат раттынмæ, афтæ сты карз дæр… Стъалы ферттывта… Стъалы атахт… Æмæ йæ рухс тæмæнтæ цæрæнбонты баззадысты, ирон театралон аивад зынаргъ кæмæндæриддæр уыди, уыдоны зæрдæты. Олегæн рæсугъд фидæн уыд, бæргæ ма нын бирæ æхсызгон изæртæ куы балæвар кодтаид. Уый рахонæн уыд Хъалæгаты Федя æмæ Хуырымты Уырызмæджы театралон кæстæр æфсымæр. Уымæн æмæ, уыдон цы романтикон аивады æхсидав ссыгътой, уый ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ, æнæмæнг, систаид Цæрæкты Олег. Цæй хъал уыди йæ мад йæ артист фыртæй, йæ уындæй кæмæн нæ бафсæст, йæ уыцы хъæбулæй!

Театры, йæ ныфсджын æмæ оригиналон сценикон нывтæй хъуыстгонд режиссер æмæ актер Гæлæуты Анатоли йæ уынаг æмæ зонаг цæст уайтагъд æрæвæрдта Олегыл. Ам æнæ зæгъгæ нæй, Гæлæуы-фырт йæхи кæй цæттæ кодта сценæйы Шиллеры зындгонд пьесæ «Уарзт æмæ фыдæх» æрæвæрынмæ. Катайы бацыд æмæ агурын райдыдта, Фердинанды ролы чи ахъазыдаид, ахæм лæппу. Уый æнхъæл чи уыди, æмæ Олегæн бахæс кæндзæн ахæм вазыгджын роль. Кæд артисттæ дис кодтой, æрыгон æвæлтæрд актерæн куыд ис ахæм ахсджиаг хæс бабар кæнæн, зæгъгæ, уæддæр дызæрдыг нæ кодта, Олег у цæхæркалгæ курдиаты хицау, театралон аивады æвæджиауы дæсны минæвар, Анатоли йæ куырыхон зондæй бамбæрста æмæ баууæндыд, Цæрæкы-фырт ын йе ‘ууæнк кæй нæ фæмынæг кæндзæн, ууыл.

Спектаклы архайдтой театры номдзыддæр актертæ Икъаты Мæирбег, Годжыцаты Исахъ, Хъантемыраты Терезæ. Ирон театры уыдоны æмрæнхъ чи ‘рлæууыди, уый уыди уыцы сценæйы цыкурайы фæрдыг Цæрæкты Олег. Фердинанды роль афтæ зæрдæмæдзæугæ рауад, æмæ айдагъ ацы фæлгонц куы сарæзтаид сценæйы, уæддæр уый æгъгъæд уыд, цæмæй театры дæсныты æхсæн аккаг бынат ссара.

Ирон театрдзаутæн Цæрæкты Олег сси сæ уарзон актертæй иу. Бирæтæ сæрмагондæй цыдысты театрмæ хъазтмæ бакæсынмæ. Фæстæдæр Цæрæкы-фырт спектакль «Ныййарæджы кадæг»-ы» Кадийы кæстæр фырт Чермены ролы куы хъазыд, уæд-иу йæ мад загъта: «Кади мын мæ лæппуйы йæхи бакодта». Æхсызгон та-иу ын куыд нæ уыди! Уæвгæ, Олег уæлдай бузныг йæ ныййарæг мадæй уыд, зæрдæбынæй йæ кæй æмбæрста æмæ йын йæ алы сурæтыл дæр цин кæй кодта, уый фæдыл.

Цымыдисаг та куыд нæ у, Олег Чермены ролы фыццаг хатт куыд ахъазыд, уый. Цыбыр дзырдæй, ацы спектаклы райдайæнмæ ма баззад чысыл рæстæг, афтæмæй рабæрæг – Гуы-
биаты Хъазыбег-Чермен фæрынчын æмæ куыстмæ не ‘рбацæудзæн. Уæдмæ адæм къордтæ-къордтæй цыдысты, æмæ театры зал йæ тæккæ дзаг баци. Режиссер катайы бацыд, цы чындæуа, зæгъгæ. Уæд ын Олег афтæ зæгъы:

– Æз ахъаздзынæн Хъазыбеджы бæсты, тексты ныхæстæ кæрæй-кæронмæ зонын.

Цы гæнæн ма йын уыди, сразы режиссер.

Олег афтæ хорз ахъазыд Чермены ролы, æмæ уæдæй фæстæмæ йæ репертуары сси йæ уарзондæр куыст, раст æй цыма Хуыбецты Раисæ сæрмагондæй уымæн ныффыста.

Цæмæндæр мæм афтæ кæсы, æмæ ацы бастдзинад – Кади – Беккуызарты Орзетæ æмæ йæ кæстæр фырт Чермен – Цæрæкты Олег – афтæ фæрæстмæ, æмæ ма абон дæр театр-
дзаутæ уыцы спектакль нымайынц театры сыгъзæрин фонды æвæрæнтæй иуыл. Оледжы уæдæй фæстæмæ хонгæ дæр кодтой Чермен.

Бирæ ног театралон уæлахизтæм æнхъæлмæ каст Цæрæкты Олег, фæлæ йын æгъатыр мæлæт йæ бæллицты цæг арæмыгъта, æмæ фæрдгуыты хал нызгъæлæнтæ. Йæ æвæ-
джиауы курдиаты гæнæнтæ, хъыгагæн, кадавар разындысты. Олег, æцæгæйдæр, ныууагъта Ирæн цæссыгтæ, нуарджын дзырд æмæ цырт. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, цард ууыл нæ фæвæййы. Атахт Иры урс бæрзæндтыл барæг не ‘хсæнæй æмæ йæ фæстæ ныууагъта арф фæд.

Зындгонд ирон поэт Кокайты Тотрадз йæ зæрдæмæ тынг хæстæг айста Оледжы хъысмæт, æмæ йæ уды хъыгтæй райгуырд зарæг.

Черчесты Хъазыбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here