Рæвдыд нæ зонынц…

0
39

Цытджын Уæлахизы бон куы ‘рбацæйхæццæ кæны, уæд та, хæсты сывæллæттæ кæй хонынц, уыдонæн сæ маст сног вæййы. Æз дæр уыцы фæлтæры минæвар дæн. Куыд зонæм, афтæмæй хæсты сывæллæттыл нымад цæуынц, Уæрæсейы граждæнтæй 1928 азы 22 июнæй 1945 азы 3 сентябрмæ чи райгуырд, уыдон.

Абон, уыцы къордмæ чи хауы, уыдон, иуæй-иу статистиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй сты 12 милуан адæймаджы. Хъыгагæн, сæ фылдæр хай нæ паддзахады ‘рдыгæй ницы рæвдыд зонынц. Закъоны бындурыл статус «Хæсты сывæллæттæ» фидаргонд æрцыд æрмæстдæр 22 регионы, уыдонимæ – Алтайы край, Ленинграды, Астраханы, Новосибирскы, Омскы, Оренбурджы облæстты. Уымыты дæр бынæттон хицауад, сæ къух куыд амоны, афтæ сын сæ пенситы уæлæмхасæн дæттынц 400 сомæй иу мин сомы бæрц. Кæцыдæр регионты сын ис льготæтæ æхсæнадон транспорты цæуынмæ, цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæ фидынмæ…

Мах Ирыстон хауы, льготæты статус фидаргонд кæм нæу, уыцы регионтæм. Хæсты ветерантæ, иугæйттæй йеддæмæ, се ‘цæг дунемæ ацыдысты. 2025 азы райдайæны Уæрæсейы Хихъахъхъæнынады министр Андрей Белоусов фехъусын кодта, æдæппæтæй ма 7 мин фронтовикы кæй сты æгас, уæдæй нырмæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, ноджы фæкъаддæр сты. Уæдæ мах дæр, хæсты сывæллæттæ, бонæй-бонмæ æрыгондæр нæ кæнæм. Нæ сабибонты цы бирæ мæгуырбонтæ æмæ хъизæмæрттæ бавзæрстам, уыдон ныл æнæзынгæ нæ фесты. Махæн нæ фыд Агънаты Сæхæм хæсты фæмард, æз ын йæ цæсгом дæр никæд федтон. Æртæ уыдыстæм, æмæ нæ нæ мад Заретæ тынг зынтæй схъомыл кодта, тыхгуыст фæкодта æмæ 72-аздзыдæй амард. Уæд адæм кæрæдзийы уарзтой, æмæ сæм цы мæгуыр муртæ уыди, уыдонæй хай кодтой мах хуызæн сидзæртæн. Фæлæ паддзахад дæр хæсджын у хæсты сывæллæттæй. Фарста къорд хатты систой Паддзахадон Думæйы, коммунисттæ æмæ социал-демократты фракцитæ домынц, цæмæй закъон ист æрцæуа æппæт Уæрæсейы фæзуатыл, фæлæ сæм хъусæг нæй.

Дзуринæгтæ бирæ сты. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй хæсты ветеранты нымæц бирæ нал у. Мæнмæ гæсгæ, рæдыд нæ уаид, цы æххуысы мадзæлттæ сын уыд паддзахады ‘рдыгæй, уыдоны иу хайæ хæсты сывæллæтты куы схорзæхджын кæниккой, уæд… Алы бон нын дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ хъусын кæнынц, алы къæпхæны чиновниктæ милуантæй нæ, фæлæ миллиардтæй кæй давынц, уый тыххæй. Æрмæст хæсты сывæллæтты, сидзæрты зæрдæ иу уæлдай капеккæй балхæнынæн фæрæзтæ нæй нæ хъæздыг паддзахады…

ГЕГАТЫ Ленæ,
Къора-Урсдон

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here