Ирыстоны зынаргъ адæм!
Ахсджиаг цауты республикон къæлиндары сæрмагонд бынат чи ахсы, абон мах бæрæг кæнæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахæм бон. 1899 азы майы ирон æвзагыл фыст фыццаг чиныг – цытджын поэт Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» – джиппы кæй рацыд, ацы номарæн бон баст у уыцы цауимæ.
Нæ адæмы культурон хæзнатæ æмæ рæсугъд æгъдæуттæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй фæрцы хæццæ кæнынц, ирон æвзаг нымад у нæ дзыллæты ахæм æвæджиауы хъæздыгдзинадыл. Ирыстоны ивгъуыд, ныры æмæ фидæны цард чи бæтты, нæ рагфыдæлты æвзаг у ахæм национ хæзна.
Нæ бæстæйы цæрæг æппæт адæмты мадæлон æвзæгтæ хъахъхъæнын кæй æмбæлы, Уæрæсейы Адæмты иудзинады азы заман уый сæрмагондæй бафиппайын хъæуы. Æнусты дæргъы алыхуызон культурæтæ нымад уыдысты бæстæйы канд сæйраг хæзнатыл нæ, фæлæ ма æппæт адæмты æхсæн иудзинады, фидыд æмæ æмзæрдæдзинады бындурыл дæр.
Мæ зынаргъ æмзæххонтæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Махæй алчи дæр нæ адæмы историмæ бар кæй дары æмæ нæм нæ адæмы фидæны фæдыл бæрнондзинад кæй хауы, уадз æмæ ацы бæрæгбон нын нæ зæрдыл уыдæттæ ноджыдæр ма иу хатт æрлæууын кæна! Уадз æмæ нæ хæдзæртты иудадзыг зæла мадæлон æвзаг, дугтæ æмæ фæлтæрты æхсæн бастдзинад куыд нæ фæкъуыхцы уа, афтæ!
Тускъаты Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар














