Æвæдза, куыд æхсызгон вæййы адæймагæн, Ирыстоны фæсивæдæй та чидæр куы фесгуыхы, йæ хорзы кой куы айхъуысы не ’хсæнады царды искæцы къабазы! Мæнæ та ныр дæр, Бетъырбухы бирæ азты дæргъы æнтыстджын куыст кæны Анатолий Рахлины номыл спорты алы хуызты спортсментæ цæттæгæнæн скъола, ис дзы дзюдойы секци дæр.
Уым кæддæр спорты уыцы хуызы сусæгдзинæдтæ базонынмæ тырныдта Уæрæсейы Федерацийы абоны Президент Владимир Путин дæр. Уый куыд мысы, афтæмæй йын Анатолий Рахлины спортивон курдиат, хъомылгæнæджы дæсныдзинад йæ царды сæвæрдтой фидæны уæлахизтæм тырныны фидар бындур. Рахлин зыдта цардæн аргъ кæнын, ацыди уæззау фæлварæнты сæрты Ленинграды æрхъулайы рæстæг.
Цытджын Уæлахизы бæрæгбонты Бетъырбухы ацыди Анатолий Рахлины номарæн Æстæм æппæтуæрæсеон «Дзюдойы бетъырбухаг таурæгъон турнир». Уым архайдта ирыстойнаг спортсмен Кокойты Арсений дæр, райста дзы бронзæ майдан.
Æрæджы та, Бетъырбухы уæвгæйæ, Владимир Путин бабæрæг кодта скъола æмæ йын йæ коллектив схорзæхджын кодта Кады орденæй. Уæрæсейы Дзюдойы федерацийы президент Михаил Рахлин сарæзта бæстæйы Сæргълæууæгæн экскурси скъолайы, радзырдта йын йæ хъомылгæнинæгты æнтыстыты, стæй сæ дарддæры нысанты тыххæй. Йæ ахуыргæнинæгтæй иу у ирыстойнаг 16-аздзыд спорты мастертæм кандидат дзюдойæ Рубайты Савелийы фырт Арсен. Йæ тренертæ куыд зæгъынц, афтæмæй Арсен тынг уарзы спорты ацы хуыз æмæ йæ фæнды, цæмæй йæ уæлахизтæ кæной фылдæрæй-фылдæр.
Владимир Путин сæ фембæлды рæстæг æвзонг дзюдоисттимæ зонгæ кæнгæйæ, райста Арсены къух дæр, загъта йын, цæмæй спорты æрттиваг бæрзæндтæм æвæллайгæйæ тырна.
Фембæлды фæстæ Президент æмæ скъолайы хъомылгæнинæгтæ систой иумæйаг къам.
Разæй Владимир Путин æмæ Михаил Рахлин, фæстаг рæнхъы Рубайты Арсен лæууы галиуæрдыгæй дыккаг.
Арсенæн ма ис кæстæр хо дæр – Эмилия, уый та цæуы аивадон гимнастикæйы секцимæ.
Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Арсен æмæ Эмилияйы фыд Савели кусы Бетъырбухы афтекты сæйраг управленийы. Уыцы организаци иудадзыгдæр цæстуарзон æххуыс кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, уый тыххæй сын нæ хæстонтæ ракæнынц зæрдиаг арфæтæ.
Æппæт уыцы хабæрттæ нын радзырдта нæ редакцийы уазæг, йæ кæстæрты æнтыстытæй зæрдæрухс уæвæг, сæ дзæбæх баба – Рубайты Лаврентийы фырт Тотрадз. Æмæ йын кæддæриддæр сæрыстырдзинад æмæ цины хос уæнт!
Хæмыцаты Морис














