Знон, Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны, Цæгат Ирыстоны Национ наукон библиотекæйы кадджын уавæры раттой нæ республикæйы Хицауады премитæ хуыздæр журналистты куыстытæн хицæн номинациты.
Куыд зонæм, афтæмæй уыдон лæвæрд цæуынц 2019 азæй фæстæмæ. Авд азы дæргъы йæ уæлахиздзаутæ систы 34 журналисты, ацы аз та ма сæм хаст æрцыд ноджы иу номинаци – «Хабархæссæг репортаж».
Райдайæны конкурсы хуыздæртæн зæрдиаг арфæ ракодта Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис. Уый загъта, конкурс кæй у ахсджиаг æмæ вазыгджын мадæлон æвзаг бахъахъхъæнынæн æмæ йæ дарддæры рæзтæн кæй кæны ахадгæ æххуыс.
Уый фæстæ радзырдтой уæлахиздзауты нæмттæ. Номинаци «Мыхуыры æрмæджытæ»-йы хуыздæрыл банымадтой Будайты Милусяйы документалон-аивадон уацмыс «Тугъдони сагъæстæ» (журнал «Ирæф»), Хуыбылты Жаннæйы телеравдыст «Хæхтыл мæйы тынтæ уарыд» фыццаг бынат бацахста номинацийы «Телеуынынадон æрмæ-джытæ» (ТК «Осетия-Ирыстон»).
Номинаци «Хабархæссæг репортаж»-ы фæуæлахиз Хъайтмазты Дзерассæйы æрмæг «Ирон æвзаджы бонмæ». Турчы ирон диаспорæйы тыххæй». (ПТРК «Алания»).
Газайты Зояйы радиобакаст «Аивады дæснытæ. Хъалæгаты Федя» банымадтой хуыздæрыл номинаци «Радиоæрмæджытæ»-йы (ПТРК «Алания).
Преми саккаг кодтой Хъоцыты Альбинæйæн дæр бакаст «Взрослята» иронауы» тыххæй номинаци «Интернет-рауагъдты æрмæджытæ»-йы («15-æм регион»).
Номинаци «Азы темæ»-йы хуыздæрыл банымадтой Джусойты Нинæйы куыст «Худинаджы бæсты – мæлæт» (газет «Рæстдзинад»).
Ирон æвзаг бахъахъхъæныныл æмæ йæ райрæзтыл разæнгардæй кæй кусынц, уый фæдыл Кировы районы бынæттон газет «Размæ»-йы редакци хорзæхджын æрцыд
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады сæрмагонд Арфæйы гæххæттæй.
Хæмыцаты Морис, къам систа Татьяна ШЕХОДАНОВА














