Уæрæсейы Президент Владимир Путин Кремлы кадджын уавæры ратта бæрзонд паддзахадон хæрзиуджытæ, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи ратта, уыцы афицерты идæдзтæ æмæ ныййарджытæн.
Президенты къухæй «Сыгъзæрин Стъалы» райстой сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг Уæрæсейы Хъæбатыр гвардийы лейтенант Мæрзойты Василийы ныййарджытæ. Къорд минуты паддзахады разамонæг ныхас кодта Мæрзойты Аркади æмæ Маргаритæимæ.
«Æз сæрыстыр дæн, нæ бинонты æртæ фæлтæры афицертæ Фыдыбæстæйæн кадджынæй кæй службæ кæнынц, уымæй. Нæ фыртыл æвæрд æрцыд йæ фронтовик фыдыфыд Василийы ном. Уый 1941 азы æфсæддон училищæ фæуыны фæстæ хъахъхъæдта Мæскуы, уый фæстæ 19-аздзыдæй, фистæгæфсады батальоны командæгæнæг уæвгæйæ, хъæбатырæй хæцыд Сталинграды бынмæ. Нæ лæппу нал и, фæлæ цард бавдыста, раст хъомылад ын кæй раттам, уый, – загъта Аркади, Василийы фыд, инæлар-лейтенант, Хуссайраг Æфсæддон зылды 18-æм æфсады командæгæнæг.
Не’мзæххон, æрыгон гвардийы лейтенант Мæрзойты Васили, æвдæм десантон-хъазуатонæй бырсæг 108-æм парашютон-десантон полчъы сгарджыты ротæйы командæгæнæг, Запорожьейы
облæсты хъæбатырæй фæмард 2025 азы 17 октябры, хæстон хæстæ æххæстгæнгæйæ.
Васили 2025 азы фæззæджы йæ хæстонтимæ, сгаргæ æмæ размæ бырсгæйæ, знаджы æхсæз æнцайæн (опорный) пункты райстой, скуынæг кодтой 23 националисты, иуы райстой уацары, басыгътой фондз квадрациклы æмæ дыууæ пикапы.
2025 азы 15 октябры гвардийы лейтенанты дæлхайады ахстбынатыл знаджы авиабомбæ сæмбæлд. Афицер уæззау цæф фæци, райста контузи, фæлæ ма йæ бон баци йæ хæстонтæй дыууæйы æдас бынатмæ рахæссын, фæстæмæ ма æртыккагмæ куыд раздæхт, афтæ укрофашисттæ дыккаг цæф ныккодтой авиабомбæйæ, æмæ Васили агъуысты хæлддзæгты бын фæци. Æнæхъæн суткæ десантниктæ иуварс кодтой рæдзæгъдтæ, сæ зæрдæ дардтой, сæ командæгæнæг æгас кæй у, ууыл, фæлæ йæ мардæй ссардтой…
Уæрæсейы Хъæбатыр, гвардийы лейтенант Мæрзойты Васили 2025 азы 19 октябры кадимæ ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы.
Нæ уацхæссæг














