Зураты ахуыргонд

0
14

1966 азы АИШ-ы горæт Нью-Йорчы рацыд чиныг «Северные иранцы восточной Европы и Северного Кавказа (савроматы, скифы, сарматы-аланы, анты, яссы и осетины». Чиныгыл фыст ис I том. Йæ автор – Зураты Авсимайхуайы (Алыксандры) фырт Дзегка (Филипп).

Чиныг, стæй йæ автор дæр, ирон чиныгкæсæгæн зындгонд не сты, АИШ-ы уагъд чингуытæ Ирыстонмæ нæ хæццæ кодтой, фæсарæйнаг ахуыргæндтæ æмæ фысджыты кой та кæнын дæр нæ уагътой. Гъе, уымæ гæсгæ мæхимæ хæс исын ацы стыр ахуыргонды цардвæндаг æмæ йæ æвæджиау чиныгимæ сымах базонгæ кæнын. Уыцы хъуыддаджы мæ хорз æххуысгæнæг уыд отставкæйы майор Зурайы-фырты хæрзæрвад Зураты Салафир. Уый мæ фæхайджын кодта Дзегкайы фарнæй, базонгæ мæ кодта йæ чиныгимæ.

Дзегка райгуырд 1887 азы Дыгургомы Æхсæуы хъæуы мæгуыр, фæлæ стыр бинонты ‘хсæн. Уыдысты 75 бинойна-джы. Йæ дада Гайсанæн уыд аст фырты: Авсимайхуа, Даукуй, Бабот, Баткул, Емæза, Самаза, Алексей æмæ Дзигой. Гайсан Дыгургомы зындгонд уыд йæ хъаруйæ. Цуаны уæвгæйæ, хъæбысæй-хъæбысмæ фæци арсимæ æмæ арсы аппæрста рындзæй. Уый йæ зæрдæ никуы сивта Æхсæуыл. Мæлгæ дæр уым акодта, йе ’фсымæр Басил та йæ æхсæз фыртимæ ралыгъд Рæзбунмæ (Дур-Дурмæ). Ам дæр хорз цардыл нæ фæхæст, зæхх сын нæ фаг кодта, æмæ йæ фырттæ æдзухдæр уыдысты революцийы фарс.

Авсимайхуа (Алыксандр) – Дзегкайы фыд, куыд дзурынц, афтæмæй уыд фидар удыхъæды хицау, домаг йæ цот æмæ йе ’фсымæртæй дæр. Цы хъуыддаг-иу райдыдта, уый хæццæ кодта кæронмæ, æрдæгыл ницы уагъта. Уымæ гæсгæ йæ Дыгургомы цæрджытæ равзæрстой бæрнон лæгæй Терчы облæсты хицауадмæ, цæмæй комы фæндæгтæ саразыныл бакусой, фæстæдæр уыцы арæзтады ссис куыстæвæрæг. Æмæ къазнайы хардзæй хохаг фæндæгтæ аразыныл куыста Уæлладжыры, Куырттаты æмæ суанг Кæсæг-Балхъары кæмтты дæр.

Филипп (Дзегка) фарастаздзыдæй ахуыр кæнын райдыдта Мæхческы приходы скъолайы. Каст æй куы фæци, уæд æй йæ фыд тых æмæ амæлттæй, йæ зонгæты фæрцы, ахуырмæ бакодта Дзæуджыхъæуы реалон училищæмæ.

Ахуыры азты Дзегка хорз базонгæ прогрессивон революцион зондыл хæст бирæ ирон æмæ уырыссаг лæппутæ æмæ чызджытимæ. Йæхæдæг ссис революцион къорды разамонæг. Цыппæрдæсаздзыд лæппуйæ хорз æмбарын райдыдта раст æмæ зылын, хорз æмæ æвзæр, царды æнæрастдзинады аххосджын чи æмæ цы у, уый. Уымæ гæсгæ арф аныгъуылд революцион куысты. 1904 азы ныры Вахтанговы уынджы 14-æм хæдзары Дзегка разамынд лæвæрдта революцион къордæн, йæ ныхмæ, абон С.М.Кировы музей-хæдзар кæм ис, уый ныккæнды та мыхуыр кодтой листовкæтæ. Уыдоны афицертæ æмæ салдæттæм сидтысты æд хæцæнгæрзтæ сыстынмæ.

Уый фæстæ Зурайы-фырт ссис Дзæуджыхъæуы партион (УСДРП-йы) организацийы нымæрдар. Уыцы рæстæджы уый
хæстæг базонгæ Ной Буачидзе æмæ революцион архайды иннæ разамонджытимæ.

1907 азы Дзæуджыхъæуы пъæлицæ æрцахста партион организацийы иу хай, уыдонимæ Зурайы-фырты дæр. Дыууæ азы дæргъы фæратæрхон-батæрхоны фæстæ сæ ахастой Сыбырмæ, Иркутскы губернимæ.

Зураты Дзегка 1910 азы ралыгъд ахæстонæй æмæ Сыбырæй æрбахæццæ Мæскуымæ. Ам фембæлд йæ сусæг куысты æмбæлттæй цалдæримæ, æмæ йын уыдон бауынаффæ кодтой фæсарæнтæм ацæуын. Æндæр йæхи куыд бафæсвæд кодтаид пъæлицæйæ, уый амал не ссардтой. Есиаты Дзахо-Мурат æмæ Дудараты Сафары руаджы йын Есиаты Мураты номыл сцæттæ кодтой фæсарæйнаг паспорт, бацамыдтой йын, Бельги æмæ Францæй кæдæм бахауа, уым æй кæмæ бацæуын хъæуы, чи йæ
суазæг кæндзæн, уыдæттæ.

Дзегка Францы фæци 1914 азмæ. Фыццаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд ацыд АИШ-мæ æмæ уым цæргæйæ баззад йæ амæлæты бонмæ. Йæ цард баиу кодта польшæйаг чызгимæ. Райгуырд сын иу лæппу Петр æмæ дыууæ чызджы Ольгæ æмæ Нинæ. Дзегка 1973 азы куы амард, уæд æй йæ фырт æмæ иннæ америкаг ирæттæ баныгæдтой Калифорнийы. Петр абон дæр йæ мадимæ цæры уым. Йæ чызджытæй Ольгæ у дохтыр, Нинæ та – юрист.

Гъе, афтæ царды тымыгъ йæ зилæнты фæхаста Зураты Филиппы (Дзегкайы) йæ райгуырæн Ирыстонæй æмæ æнусмæ æрæнцад кæйдæр зæххыл. Афтæ йæ бæргæ нæ фæндыд… Æдзухдæр йæхи ивæзта йæ райгуырæн уæзæгмæ, фæлæ революцийы
рæстæг бæстæйæ æдде чи аззад, уыдонæн æнцон æрбаздæхæн нал уыд. Бирæ къуырцдзæвæнтæ дзы сæвзæрд, фæлæ уæддæр Зурайы-фырт зæрдæ æмæ зондæй æдзухдæр уыд Ирыстоны. Уымæн хорз æвдисæн – йæ дыууæтомон наукон чиныг дæр. Райдайæны кæй кой кодтон, уый. Уый стыр наукон куыст у. Цас ыл фæтухæн кодта, уый йæхицæй хуыздæр чи зыдта. Æцæгæлон бæстæйы ахæм гуырахстджын куыстæн æрмæг æрæмбырд кæнын æмæ йæ ныффыссын хъæбатырдзинад у. Йæ наукон куыстæн ын аккаг аргъ скодтой Абайты Васо æмæ иннæ ахуыргæндтæ. Васоимæ Дзегкайæн уыд фидар æмæ хæлар бастдзинæдтæ.

Дзегкайæн ма Ирыстонмæ ссæуыны фадат фæци иунæг хатт – 1964 азы. Раст цыма ногæй райгуырд, уый хуызæн уыд, фаг фæцин кодта йæ адæмыл, цард æмæ ахуыры се ’нтыстытыл. Сагъæс кодта мадæлон æвзаджы уавæрыл, адæм æй кæй рох кæнынц, ууыл. Кæд фæстæмæ æнкъардæй здæхт АИШ-мæ, уæддæр цыд ног тыхтимæ, разæнгарддзинад æмæ тырнындзинæдтимæ. Ам уагъта йæ ног хорз хæлæртты, зонгæты. Уыдонæй цалдæрмæ куыддæрты йæ къухы бафтыд, дыууæ азы фæстæ йæ чиныг куы рацыд, уæд уый æрбарвитын. Æмæ сæ йæ наукон куыстæй йæхимæ тынгдæр æркæсын кодта.

Чиныг «Северные иранцы…» егъау наукон куыст кæй у, уый бæрæг у иу æркастæй дæр. Фыццаг том у аст хайыл дих:

  1. Доистория Северного Кавказа.
  2. Кобанский период (савроматы Сев. Кавказа).
  3. Скифы (скифский период на Кавказе).
  4. Сармато-аланы (аланский период на Кавказе).
  5. Сарматы (сарматский период на Кавказе).
  6. Аланы и готы на юге России.
  7. Период аланов и гуннов.
  8. Анты и Антский политический союз североиранцев.

Чиныджы разныхасы загъд ис, автор кæй архайдта Хурыскæсæн Европæйы, Волгæйы, Уралы дæлвæзтæй æмæ Азийы æндæр рæттæй, суанг рагзаман Китайы арæнты онг чи хæццæ кодта, уыцы зæххытæй рацæуæг цæгатирайнæгты æппæт знæмты бастдзинæдтæ æмæ иугæндзон истори цæстытыл ауайын кæныныл. Æмæ йæ къухы бафтыд. Уымæй уæлдай ма, чиныджы ис «Антропологион таблицæ» æмæ «Хронологион амынддзинæдтæ». Уæлдай цымыдисагдæр у цæгатирайнæгты паддзæхтæ æмæ фæтæгты номхыгъд. Мæнæ ахæмтæ: Адаси, Амухея, Анагаст, Анахарз, Анбазук, Акроза, Ардагаст, Арифарн, Арифаидæ, Атац, Афай, Ардабор, Аспар, Бабай, Базук, Бартатутæ, Беорг, Беука, Боз кæнæ База, Гатал, Гезандр, Гнур, Гоуар, Еунон, Еухар, Идантир, Зантир, Зизай, Зинафер, Каниц (Канц), Кам, Калегаст, Коба, Кандаг, Мадий, Медосак (Масдак), Октамазд, Орик, Палак (Балаг), Распарагон, Равсимад, Респендиал, Саврамат1, Саврамат 2, Саврамат 3, 4, 5, Сайта-Фарна, Самбидæ, Сангибан, Саумаг (Саулæг), Сила, Таргитай, Таргатауа, Тазе, Томир (Тамар), Тугдаммæ, Уæрхæг, Уоразмаг, Фарзой, Фасанз, Фоферс (Тоторз-Тотраз).

Стыр лæггад бакодта Ирыстонæн, ирон адæмы историйæн æхсæуыхъæук-каг Зураты ахуыргонд Дзегка, æмæ йæ бæллиц – Ирыстоны æрынцайын – кæд йæ къухы нæ бафтыд, уæддæр йæ фæллой райстбавæрдæй лæудзæн ирон наукон-иртасæн куыстыты ‘хсæн. Цæмæй йемæ уæрæх дзыллæтæ базонгæ уой, уый тыххæй та æнæмæнг у ам – Ирыстоны рауадзинаг.

 ХЪАЙТТАТЫ Сергей, Дзæуджыхъæу 1998 аз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here