Ныхас – æдасдзинад æмæ санитарон уавæрыл

0
15

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æрвылкъуырион радон аппаратон æмбырд амыдта Сергей Меняйло.  Архайдтой дзы нæ республикæйы ведомствæтæ æмæ министрадты разамонджытæ, районты сæргълæуджытæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ.

Цæгат Ирыстоны оперативон уавæры тыххæй раныхас кодта нæ республикæйы Граждайнаг хъахъхъæнынад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты комитеты сæрдар Александр Хоружий. Чиновник куыд загъта, афтæмæй боныхъæды уавæр ныры онг дæр нæма банывыл. Хæстæгдæр бонты та нæм кæсынц тыхджын тæрккъæвдатæ ихимæ, цæугæдæттæ дæр куы раивылой, уымæй тас у, фæлæ æнæнхъæлæджы уавæрты кусджытæ сты цæттæ бахъуаджы сахат. Уымæй уæлдай, фæстаг рæстæг бæлвырд æмæ лæмбынæгдæр цæстдард цæуы Зæрæмæджы ГЭС-мæ. РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ГЭС-ы  электрон линиты ифтонггæрзтæй иуы авари æрцыд, æмæ уый аххосæй  Алагиры район æмæ Хуссар Ирыстоны иуæй-иу хъæуты цæрджытæ æнæ рухсæй аззадысты. Компани «РусГидро»-йы специалисттæм æххуысмæ фæтагъд кодта «Россети»-йы аварион службæйы бригад. Уавæр аиуварс кæныныл архайынц, фæлæ бæлвырд бæрæг нæма у, куыстытæ кæд фæуыдзысты æнæхъæнæй, уый. Александр Хоружий ма радзырдта, ивгъуыд къуыри нæ республикæйы тæрхондæттæй цалдæр бæстыхайы æмæ Дзæу-джыхъæуы Мыхуыры хæдзары рæмудзæн æрмæг æвæрд æрцыд, зæгъгæ, ахæм информацийы фæдыл. Æвæстиаты сгарæн  мадзæлттæ арæзт æрцыд, фæлæ хабар мæнг хъусынгæнинаг  разынд. Сергей Меняйло ведомствæйæн  бахæс кодта тæрккъæвдаты фæстиуджытæм ноджы биноныгдæр цæст дарын æмæ цæугæдæтты былгæрæттæ сфидар кæныны фарстатыл рагацау бацархайын, цæмæй адæмы хæдзæрттæм дон мауал бакæла. Уымæй уæлдай, нæ республикæйы Сæргълæууæг  хæслæвæрдтæ ратта РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон артаг æмæ энергетикæйы хæдзарады министр Хъараты Тимурæн  социалон хызты мониторингы мадзæлттæ скæнын.

– Алы ахсджиаг фарстайы фæдыл дæр адæм фыссынц республикæйы Сæргълæууæгмæ, сæ хъаст мæнмæ æрвитынц, уымæн æмæ сæ районты сæргълæуджытæ нæ «хъусынц» æмæ нæ «уынынц». Æз сымахæй домын социалон хызтæм биноныгдæр кæсын æмæ, цы лыггæнинаг цаутæ сæвзæры, уыдон æвæстиатæй районты разамындимæ æххæст кæнын, – загъта регионы разамонæг.

Сергей Меняйло æмбырды архайджытæн дæнцæгæн æрхаста, Æрыдоны районы Рассветы хъæуы скъолайы цалцæджы куыстытæ кæй æрлæууыдысты, уый тыххæй цæрджытæ сæ хъаст республикæйы Сæргълæууæгмæ кæй æрбарвыстой, уый.

Аппаратон æмбырды архайджытæ ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны санитарон уавæр, объектты бындурон цалцæг, фидæны 2027-2028 азты национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты нысантæ æххæст кæнын, сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъд æмæ æдас-дзинады фарстатыл. Сергей Меняйло  Æнæниз-дзинад хъахъхъæнынад, Ахуырад æмæ наукæйы министрадтæн бафæдзæхс-та скъолаты лагертæм биноныгдæр цæстдард, нуазын æмæ хинайæн  гом  бынæтты  доны хæрзхъæддзинад бæрæг кæныны мадзæлттæ.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here