Фыццаг сныхасæй дæр адæймаг йæ зæрдæмæ арф кæй айсы, ахæм адæймаг у Стамбулы цæрæг ирон сылгоймаг Хосонты Мутлу. Æргом, удæй хъæздыг, æнæхин æмæ цардмæ æгæрон уарзондзинад кæй риуы цæры, уыцы адæймаг. Йæ уд, йæ дзæцц Ирыстоны тыххæй дзурын. Ирыстоны ист къамтæм кæсынæй нал фефсæды, Турчы зæххыл чи райгуырд æмæ базæронд, уыцы ирон. Сæрæй къæхты бынмæ нæ æрмæджы хъайтар у, йæ дадзинты ирон туг кæмæн æхсиды, ахæм сылгоймаг.
Мутлу туркагау «хъæлдзæг» у. Хосонон хорз зоны æмæ зары ирон зарджытæ, туркагæй сæ ирон æвзагмæ тæлмац дæр кæны æмæ сæ социалон хызæгты адæмыл парахат кæны. Рæсугъд зæрдæйы хицау у ацы сылгоймаг, ирондзинады тæваг ис йæ алы сныхас, алы фезмæлды дæр. Се ‘ппæтæн дæр æй фæнды хорздзинад ракæнын, ирондзинад йæхæдæг куыд уарзы, иннæтæн дæр æй афтæ зæгъы йæ зæрдæ. Ирыстонæй Турчы куы вæййынц сфæлдыстадон гастролты, уæд æй сæ разæй сæхимæ йæ къах нал фæхæссы, цæмæй сæм хæстæгдæр уа, ууыл фæархайы. Фысымуаты райсы уат æмæ суанг сæ ацæуыны бонмæ вæййы сæ фарсмæ. Сæ балц кæронмæ куы ‘рхæццæ вæййы, уæд йæ зæрдæ нырхуым вæййы.
Турчы цæрæг Хосонты Рамазан æмæ Зехъеты Салимæйы чызг Мутлу у Туркмæ ацæуæг ирæтты æртыккæгæм фæлтæры минæвар, йе стай азы сæрты акаст ныр. Йæхи цы хъуыды кæны, уымæй йæ мадæлон æвзагыл никуы сивта йæ зæрдæ. Цалынмæ сæ хъæуæй егъау горæтмæ нæ ралыгъдысты, уæдмæ туркагау зонгæ дæр нæ кодта. Турчы Хосонтæ цы хъæуы цардыс-ты, уый бынæттон æвзагыл Бозаты хъæу хуыйны. Ныр æдзæрæг у, æрмæст ма йæ рæстæгæй-рæстæгмæ бабæрæг кæнынц уырдыгæй рацæуджытæ, фыдæлты ингæнтыл сæ къух авæрынц, базилынц сæм.
Мутлуйы ныхæстæм гæсгæ, Туркмæ ацæуæг ирæттæ æцæгæлон бæстæйы дæр зæххы куыст кодтой. Фыццаг дзы Хосонты мыггагæй æрцард æртæ хæдзары, сæ бацыдмæ дзы уыдысты курдæгтæ æмæ ирæтты бацыд сæ зæрдæмæ нæ цыд. Хосонтæ сæ сразы кодтой æмæ хъæу балхæдтой. Турчы цардыуаг æмæ закъæттæ сæ зæрдæмæ кæмæн нæ фæцыдысты, уыцы ирæттæ фæстæмæ, Ирыстонмæ раздæхтысты, иннæтæ алы рæтты ‘рцардысты, фæлæ кæрæдзийы нæ рох кодтой, сæ бастдзинады тæгтæ аскъуынын нæ бауагътой, архайдтой иу ран æрцæрыныл. Афтæ, бозатаг Хосонтæ сæ хъæумæ цæрынмæ æрбахуыдтой Цъæхилтæй æртæ хæдзары, Таутиатæй – дыууæ хæдзары, Бедойтæй – æртæ бинонты, стæй кæсгæттæй – æртæ хæдзары, сæ мыггаг Абрæгатæй уыд. Афтæ равзæрд ирæтты ног цæрæн бынат – Бозат.
1957 азы Турчы цæрæг 43 хæдзарыл байуæрстой зæххытæ ‘мæ гæххæттытæм гæсгæ Бозат сси хъæу. Уæвгæ та, ивгъуыд æнусы райдайæны фондз административон сконды уыд 15 ирон хъæуы, цæргæ та дзы кодта 3,5 мин адæймаджы. Уыдонимæ, Æлдаттатæ, Есенатæ, Хъаныхъуатæ, Куындыхатæ, Мамсыратæ, Тхостатæ æмæ Дауыратæ. Зæххы хæйттæ сыл байуæрстой лæвар, 6-12 азы ‘мгъуыдмæ сæ суæгъд кодтой хъалонтæ фидынæй æмæ ‘фсады службæ кæнынæй. Æрдзон уавæртæ Ирыстоны ‘нгæс кæй уыдысты, уый тыххæй Турчы цæрæг ирæттæ сæ цардæй бузныг уыдысты. Цалдæр азы фæстæ Бозатмæ æрбафтыдысты Хосонты мыггагæй 250 адæймаджы, æмæ хъæу райрæзт, бафтыд ма сыл 30 хæдзары. Бахъахъхъæдтой сæ мадæлон æвзаг, рæсугъдæй йæ хæццæ кодтой ног фæлтæртæм. Суанг ма йыл сыхаг курдæгтæ дæр райдыдтой дзурын. Рæстæг цыд, сабитæ хъомыл кодтой, Бозаты хъæуы уыд иунæг скъола, каст æй фæуыны фæстæ сæ цард дарддæр хæццæ кæнын хъуыд. Уыцы рæстæджы Турчы ‘фсæддон скъолаты лæвар ахуыр кодтой æмæ сæ ирон лæппутæй бирæтæ фесты каст. Арзрум, Анкара, Стамбул, Измир – ацы горæтты ирон фæсивæд райстой инженеры, архитекторы дæсныйæдтæ. Æфсæддон скъолаты чи сахуыр кодта, уыдон та систы Турчы ‘фсады булкъонтæ æмæ инæлæрттæ. Сæ царды кой кодтой, æрхастой бинонтæ. Хъæуты чи баззад, уыдон зылдысты зæхмæ, уымæй хъауджы дзы ницы куыст уыд.
Кæй уæрдоны бадыс, уый зарæг хъуамæ кæнай, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц. Рæстæджы цыдимæ цæрджытæ мадæлон æвзаг чысылгай рох кæнын райдыдтой. Цард цард у, цæмæй Турчы цæрæг ирæттæ, фыдæлтæй сын цы рæсугъд хъуыддæгтæ баззад, уыдоныл ахуыр кæной, ууыл тыхстысты æмæ тыхсынц абон дæр Мутлу æмæ, «ирон-дзинад ма бамынæг уа»-йыл зæрдиагæй чи архайы, уыцы Пухаты Зале. Турчы цæрæг ирæтты æхсæнады арæзтой æмæ аразынц алыхуызон фембæлдтытæ, хъазтизæртæ, равдыстытæ. Ирыстонæй хуынд артистты, фысджыты æрбацыдыл уæлдай фæцин кæнынц. Ирæттæй Турчы чидæриддæр цæры – се ‘ппæты дæр зоны Хосонон, сæ хъус сæм дары, цины хабар уа, зиан æрцæуа – фехъусын кæны ирон æхсæнады минæвæрттыл хабар. Ирон адæмæй ма Турчы ‘рмæст дыууæ хъæуы цæры, иннæтæ йæ зæххыл алы рæтты ныппырх сты. Мутлуйы зæрдæ риссы, ассимиляцийы ныхмæ лæу-уынæн сæм хъару кæй нæй, ууыл. Фæлæ, уæддæр, сæ къухтæ не ‘руагътой.
Гъе, ахæм ирон сылгоймаг цæры а зæххыл. Йæ чысылæй фæстæмæ архайы, «ирон ныхас кæйдæр адæмы ‘хсæн ма бамынæг уа»- йыл. Æмæ, кæд азтæ сæ уæз æруагътой йæ уæхсчытыл, уæддæр, фыццагау, не сивта йæ зæрдæ, йæ удæй фылдæр кæй уарзы, уыцы мадæлон æвзаг æмæ фыдæлты бæстæ – Ирыстоныл.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














