Ацы бонты нæ уæздан æмæ цæстуарзон хистæр, сфæлдыстадон фæлтæртæ хъомылгæнæг æмæ сыл зæрдиагæй аудæг Хозиты Барис бæрæг кæны йæ 70 азы кадджын юбилей. Национ культурæ æмæ удварны фидæны зæрдиаг зиууон райгуырд 1956 азы 15 июны Цæгат Ирыстоны Æрыдоны районы Рассветы хъæуы.
Йæ кары афон куы æрцыд, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд хъæуы астæуккаг скъоламæ. Хистæр кълæсты ахуыргæнгæйæ, зæрдиагæй архайдта скъолайы æмæ хъæуы æхсæнадон царды. Уыд Æрыдоны районы газет «Коммунизммæ фæндаг»-ы литературон иугонды уæнг. Йæ разамонæг та уыдис зындгонд журналист, фыссæг, поэт Боситы Ирбег. Уый зæрдиагæй аудыдта Барисы сфæлдыстадон курдиатыл, архайдта йæ рæзтыл. Йе ‘мдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацтæ æмæ очерктæ йын арæх мыхуыр кодта ацы газеты. Астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон-уырыссаг филологийы хайадмæ. Фыццаг бонтæй йæхи равдыста ахуыр æмæ æхсæнадон архайды сæрæн, иртасæн æмæ сфæлдыстадон архайдыл æнувыд лæппуйæ. Йæ очерктæ æмæ уацтæ мыхуыры цыдысты республикон газеттæ «Рæстдзинад», «Æрыгон коммунист» æмæ «Социалистическая Осетия»-йы. Университет æмæ факультеты разамынд Барисы æнтыстытæм æркаст, æмæ дыккаг курсæй йæ ахуыр адарддæр кодта Бетъырбухы паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты. Ам ноджы зæрдиагдæрæй бавнæлдта ахуыр æмæ сфæлдыстадон-иртасæн куыстмæ. Æмбæлд æмæ-иу бирæ рæстæг ныхас кодта уæды рæстæджы номдзыд поэттæ, фысджытæ, журналисттæ, режиссертæ æмæ актертимæ. Архайдта сфæлдыстадон изæртæ æмæ литературон фембæлдтыты. Университеты ахуыр кæнгæйæ, мыхуырмæ бацæттæ кодта æмæ бæлвырд разныхасимæ рауагъта хицæн чиныгæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, зынгхуыст курдиатджын поэт, журналист Елехъоты Мураты æмдзæвгæты æмбырдгонд «За Родину». Мыхуыры рацыд 1983 азы чиныгуадзæн «Ир»-ы. Уый уыд æрыгон иртасæджы фыццаг зонадон-сфæлдыстадон куыст. Æнæдызæрдыгæй зæгъæн ис, кæй рауад æнтыстджын.
Суаг Советон æфсады йæ хæс куы æххæст кодта (Германы), уæд йæ хæстæ фæзминагæй æххæст кæнгæйæ, уыциу рæстæг ахуыр кодта Æфсæддон журналистты скъолайы. Каст æй фæци æнтыстджынæй. Бетъырбухы паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты йæ ахуыр кæронмæ куы ахицæн кодта, уæд та бацыд ацы уæлдæр профессионалон ахуырады артдзæсты журналистикæйы факультеты аспирантурæмæ, уый дæр каст фæци æнтыстджынæй. Дзæуджыхъæумæ куы ссыд Барис, уæд цалдæр азы бакуыста газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæй.
1988 азæй Хозиты Барис у Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты Журналистикæйы факультеты доцент. Комкоммæ бар дары ацы уæлдæр профессионалон ахуырады скъолайы Ирон филологийы факультеты цур журналистикæйы хайады сарæзтмæ æмæ йæ ахуыргæнджытæ, студенттæ æмæ аспирантты зонадон æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæм. Журналистикæйы кафедрæйы сæргъы лæугæйæ, Барис уыд ацы университеты телеуынынады директор дæр. Йæ зонындзинæдтæ, уд æмæ зæрдæйы хъарутæ не ‘вгъау кодта ацы сфæлдыстадон артдзæсты иумæйаг рæзтæн.
Кæддæриддæр Барис зæрдиаг æмæ цæстуарзонæй аудыдта æмæ ауды, абон дæр литературæ, журналистикæ, аивады фыццаг къах-дзæфтæ чи кæны, уыцы суинаг фæсивæдыл. У сын алкæддæр зæрдиаг зондамонæг, схæссæг фыдау удхæстæг, æргомзæрдæ æцæг хистæр. Ацы арфæйаг миниуджыты руаджы йæ фæрцы журналистикæйы, литературæйы, къабæзты курсон æмæ дипломон куыстытæ æнтыстджынæй чи бахъахъхъæдта, уыцы курдиатджын журналисттæ æмæ фысджытæ, поэттæ, аивад æмæ культурæйы æндæр къабæзты зæрдиаг зиууæттæ сты 300 фылдæр. Куыд университеты ахуыргæнæг – доцент, афтæ йæ лекцитæ сты мидисджын, дæсныйадзонæн дæнцæгтæй æххæст, æнцонæмбарæн æмæ хъуыдыйæ аив. Йæ зæрдиаг æмæ уæхскуæз архайды (20 азæй фылдæр!) ын бантыст (550 фылдæр!) цаутæ, чингуытæ, фысджытæ æмæ ахуыргæндты цард æмæ сфæлдыстадон, зонадон архайдыл дзурæг библиографион æмбырдгæндтæ, бæрæгуæттæ бацæттæ кæнын æмæ хицæн чингуытæй мыхуыры рауадзын. Иудадзыгдæр хорзæй бæрæг дары нæ Уæрæсейы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зонадон форумты æмæ конференциты. Национ мыхуыр, литературæ, телеуынынад, радио, æрыгон журналисттæ æмæ литератортæ цæттæ кæныны фæдыл æм вæййы ног зæрдæмæдзæугæ фæндтæ.
Бундур æрæвæрдта факультеты цалдæр сфæлдыстадон æрмадзæн. Сæ фæрцы студенттæ бæстондæр зонгæ кæнынц национ мыхуыр, радио æмæ телеуынынады куысты сусæгдзинæтимæ. Университеты полиграфион центры Барисы хъæппæрисæй арæзт æрцыд, ацы ахуыргæнæндоны зындгонд ахуыргæндты цард æмæ зонадон архайды тыххæй фыст монографион очеркты сæрмагонд сери «Ученные СОГУ». Йæхæдæг дзы бацæттæ кодта æмæ мыхуыры
рауагъта сæрмагонд мидисджын чингуытæ профессортæ Джусойты Нафи, Блиты Марк, Къомайты Риммæ, Мæхæмæтты Ахуырбег, Беруаты Барис æмæ иннæ номдзыд ахуыргæндты тыххæй. Ныффыста æмæ мыхуыры рауагъта тæлмацы теорийы æмæ журналисттæ цæттæгæнæн бирæмвæзадон концепцийы ахуыргæнæн-методикон, ирон литературæйы зиууæттæ Плиты Грис, Агънаты Гæстæн, Скъодтаты Эльбрусы цард æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстадыл дзурæг чингуытæ. Ахæм хуызы куыстытæ ма бацæттæ кодта æмæ сæ хицæн чиныгæй рауадзыны радмæ æнхъæлмæ кæсынц нæ ирон нырыккон литературæ æмæ зонады зæрдиаг архайджытæ Джыккайты Шамил æмæ Цомартаты Изæтбеджы цард, наукон æмæ сфæлдыстадон архайдыл дзурæг æрмæджыты сæрмагонд чингуытæ.
Филологон наукæты кандидаты ахуыргонды къæпхæн та Хозиты Барис æнтыстджынæй бахъахъхъæдта нæ ирон литературæйы зындгонддæр архайджытæ Дзасохты Музафер, Джыккайты Шамил æмæ Ходы Камалы бирæвæрсыг сфæлдыстады тыххæй хи бындурон хъуыды нырыккон литературæиртасынады бæлвырд æмæ бындуронæй, мидисджын дæнцæгтыл æнцой кæнгæйæ, нырыккон филологон зонады минæвæртты размæ æдæрсгæйæ рахæссыны руаджы.
Дыууадæс азы Хозиты Барис арæхстджын разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты Аивæдты факультетæн. Йæ фæрцы дзы ног гæнæнтæ æмæ фадæттæ фæзынд профессионалон нывгæнджытæ æмæ актертæ цæттæ кæнынæн. Абон сæ фылдæр сты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ нæ бæстæйы театртæ æмæ
нываивады арæхстджын дæснытæ.
Дæсны литературæиртасæг, культуролог, профессионалон уæлдæр ахуырады дæсны организатор Хозиты Барис 2012 азы нысангонд æрцыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты Ирон филологийы факультеты деканæй. Йæ фæрцы хайады фæзынд ног компьютерон кълас, факультеты раздæры декан, профессор, нæ республикæйы адæмон поэт, драматург, публицист, литературон критик, прозаик Джыккайты Шамилы мемориалон аудитори. Ирон литературæ æмæ æвзаджы кафедрæйы цур байгом магистратурæ. Иудадзыгдæр факультеты арæзт цыдысты республикон зонадон конференцитæ. Сфæлдыстадон фембæлдтытæ, тематикон изæртæ æмæ равдыстытæ, презентацитæ.
Цæгат Ирыстоны адæмон газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор куы уыд Барис, уæд ацы мыхуыры фæрæзы цы сфæлдыстадон æгъдау æмæ уаг уыд, ууыл ма йæхи зонд æмæ сфæлдыстадон фæлтæрддзинадæй ног тематикон рубрикæтæ бафтыдта. Алы кары газеткæсджыты нымæцы фæфылдæрыл та архайдта Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты администрациты æмæ хъæуты, культурæ æмæ ахуырады артдзæстыты разамындимæ, адæмимæ газет «Рæстдзинад» рафыссыны тыххæй лæгæй-лæгмæ фембæлдтытæ æмæ зæрдиаг ныхасы руаджы. Афтæ ма, йæ хъæппæрисæй редакцийы фæзынд зонадон, аивадон æмæ бæстæзонæн литературæйы стыр библиотекæ, конференцитæ аразæн зал.
Ныртæккæ Барис у РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар. Хъуыддаджы æмæ сфæлдыстады фидар бастдзинæдтæ йын ис Уæрæсейы Фысджыты цæдисы разамындимæ. Уымæй уæлдай ма, йæхæдæг æмæ нæ республикæйы Фысджыты цæдисы уæнгтæ иудадзыгдæр фæарахайынц Цæгат Кавказ æмæ нæ бæстæйы культурон царды. Ацы сфæлдыстадон артдзæсты хъæппæрисæй, комкоммæ Барисы хъусдардæй, Дзæуджыхъæу æмæ нæ республикæйы районты ахуырад æмæ культурæйы артдзæстыты мæй цалдæр хатты арæзт æрцæуынц сфæлдыстадон фембæлдтытæ алы кары чиныгкæсджытимæ, не ‘хсæн чи нал ис, æмæ абон æгас чи у, уыцы фысджыты юбилейон изæртæ, презентацитæ, конференцитæ. Ирон литературæйы раздæр æмæ ныр дæр цы ахсджиаг фарстатæ лæууы, уыдоны тыххæй арæх фыссы республикæйы, нæ бæстæйы литературон журналтæ æмæ газетты. Фæныхас кæны радио æмæ телеуынынадæй. Нæ республикæйы Фысджыты цæдисы равзæрдыл ныр сæдæ азы цæуы. Йæ истори æмæ алы азты удварны архайды тыххæй Барис къорд азы фембырд кодта мидисджын историон æрмæджытæ. Сарæзта сæ хицæн чиныг. Мыхуыры рæхджы кæй рацæудзæн, уый нæ уырны.
Куыд дæсны литературæиртасæг, ахуыргонд, ахуыргæнæг, журналист, публицист, фыссæг, аивадиртасæг, афтæ Хозиты Барис у Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы къамисы уæнг, РЦИ-Аланийы Мыхуыры комитеты рауагъдадон советы уæнг, æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы культурæ æмæ аивады комитеты уæнг, Уæрæсейы Журналистты æмæ Фысджыты цæдисты уæнг, Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæг, майдан «Ирыстоны намысæн» хæссæг. Национ культурæйы, зонады, литературæйы зæрдиаг æмæ бæстон архайæг, цæстуарзон æмæ уæздан, æргомдзырд хистæр Хозиты Барисæн йæ кадджын юбилейон бæрæгбоны фæдыл нæ зæрдæ зæгъы цард, зонадон, рухстауæн, сфæлдыстадон архайды амонд æмæ стырдæр æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ!
ГАСАНТЫ Валери














