Бæстон æмæ лæмбынæг ныхас

0
67

Уæрæсейы Президент Владимир Путин знон фембæлд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ. Президент куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, цæмæй республикæйы уавæр банывыл уа, уымæн бахъæудзæн ахъаззаг архайд. «Республикæ тынг рæсугъд у, нысантæ æмæ хъомысыл зæрдæ  дарæн ис», – загъта Владимир Путин.

Сергей Меняйло бузныг загъта регионмæ цæстдарды тыххæй, стæй йе ‘ргом аздæхта фыццаградон хабæрттæм. Уыдоны ‘хсæн – Беслæны социалон-экономикон рæзт. Социалон объекттæ дзы аразынц, рацарæзты куыстытæ дæр сæ тыхы сты. Беслæны фыдбæллæхы хъыгдард баййафæг адæмæн кæнынц медицинон æххуыс.

Ныхас бацахста Мемориалон комплексы арæзтад. Терроризм не ‘руадзыны центры арæзтады тыххæй Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты программæмæ бахастой 75 милуан сомы. РЦИ-Аланийы разамонæг йе ‘ргом аздæхта, социалон фарстатæ алыг кæнынæн фаг æхца кæй нæй, уымæ. Владимир Путин лæмбынæг байхъуыста Сергей Меняйломæ æмæ зæрдæ бавæрдта фæрæзтæ радих кæнынæй.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы рæзтыл хорз ахады туризм. Ныртæккæ дарддæр арæзт цæуы Мамысоны курорт, республикæ хъæздыг у бальнеологон фæрæзтæй, суартæй. Цæгат Ирыстоны бальнеологон кластер арæзт куы ‘рцæуид, уæд хорзырдæм фæзынид рынчынты уавæртыл. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, хорз уаид республикæ «Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустри»-йы программæмæ бахæссын. Афтæмæй фæзындзæн ног туристон кластер.

Уæрæсейы Президент уыцы хъуыдыимæ сразы ис, уымæй уæлдай ма рахаста Фæстинонты дзæбæх кæныны республикон центр  федералон программæмæ бахæссыны фæнд. Уый дæр хъæуы рацаразын. Федералон æххуыс домы Пульманологон æххуысы центр. Дарддæр ныхас уыд хъæууон хæдзарады райрæзтыл. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, бæрæг дары продукцийы рæзт фосдарынады, кæсагдарынады, хорæрзады, дыргътæ æмæ халсарты къабазы, бирæазыккон зайæгойты къабæзты. Дыргъдзæхæрадæтты фæзуæттæ рæзынц, гагадыргъты рауагъд фондз хатты фæфылдæр.

Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй аграритæн бахъæудзæн паддзахадон æххуыс. Республикæйы ис, сæ куыст бирæ азты размæ чи баурæдта, ахæм куыстуæттæ. Промышленнон фæзуæтты дыууæ милуан квадратон метрæй Цæгат Ирыстон пайда кæны, фæлæ, æнæпайда лæуд чи кæны, уыдоны фæзуат ноджы фылдæр у. Сæ дарддæры хъысмæтыл рауад лæмбынæг ныхас. Уæдæ промышленнон куыстады рæзт дæр рохуаты нæ баззад.

Рагон кусæнгæрзтæй ифтонг заводтæн сæ бон размæцыд заводтимæ ерыс кæнын нæу, бахъæудзæн сæ техникон рацарæзт. Кæд æмæ раздæр Цæгат Ирыстоны куыстой 155 заводы, иумæйаг мидбæстаг  продукт лæвæрдтой 57 проценты, уæд ныртæккæ кусы 36 заводы, иумæйаг мидбæстаг  продукт дæттынц  6 проценты. РЦИ-Аланийы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныхас кодта «Ростех»-ы хицауадимæ, сæ бон уаид куыстуæтты размæ бæлвырд хæстæ сæвæрын, сæ техникон рацарæзт сæххæст кæнын.  Ацы ран дæр республикæ æнхъæлмæ кæсы федералон æххуысмæ.

Уæрæсейы Президент æппæт уыцы фæндæттыл, нысантыл сразы. Фембæлд-
мæ рахастæуыд егъау инвестицион пректты фарста дæр, зæгъæм, индустриалон-логистикон парк «Сухой порт»-ы арæзтад. Уым уыдзæн илциисæн тæлм, регионы географион бынат уыдæттæн фадат дæтты. Уымæй уæлдай, æрныхас кодтой паддзахадон æмæ муниципалон æлхæнинæгтæ кæныны тыххæй автоматизацийы бындурыл информацион системæ саразыны фæдыл.

Владимир Путин куыд радзырдта, афтæмæй алы фарста дæр лыггонд æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны райрæзты сæраппонд. Куыд ма загъта, афтæмæй регионæн ахсджиаг у доны, донуадзыны фарста. «Уæхи тыхтæй нæ сарæхсдзыстут, бахъæудзæн ма уæ ноджыдæр иу документ. Ныртæккæ нæм цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады рæзтæн ис дынджыр æмæ хъомысджын программæтæ. Æргом аздахын хъæуы рæвдауæндæтты ног бынæттæ саразынмæ. Цард нæ уыдæттæ домы», – загъта Уæрæсейы Президент Владимир Путин.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here