РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд Цæгат Ирыстоны чысыл ГЭС саразыны фæдыл кусæг къорды æмбырд. ГЭС «Барс» царды бантысдзæн инвестицион проекты руаджы.
Æмбырды архайдтой акционерон æхсæнад «Самурскаг компани»-йы генералон директор Алыбегты Артур, профилон министрадтæ æмæ ведомствæты, Алагиры районы минæвæрттæ. Йæ раныхасы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй чысыл ГЭС «Барс» скусдзæн 2028 азы. Проект бахастой паддзахадон программæмæ, уый руаджы, «зеленая энергетика» кæй хонынц, уый.
Уыцы статус кæмæн раттой, чысыл ГЭС «Барс» у ахæм арæзтад. Станцæйы хъомыс уыдзæн 5,2 МВт, арæзт æрцæудзæн Фыййагдоны цæугæдоныл. Аразгæйæ, пайда кæндзысты деривацион технологитæй. Инвестицитæ сты æнæбюджетон. Дзанайты Барис куыд радзырдта, афтæмæй ацы хъæппæрис республикæйæн уыдзæн ахадгæ.
«Цæгат Ирыстон хъæздыг у гидроэнергетикæйы хъомысæй, ныртæккæ хорз рæзынц. Ацы проект сахаддзæн республикæйы социалон-экономикон уавæрыл, фæзындзæн ног куыс-
ты бынæттæ, бюджетмæ æфтдзæн фылдæр хъалонтæ. Уæдæ энергон фæрæзтæй дæр хъуаг не ‘ййафдзыстæм», – загъта Дзанайы-фырт.
Кусæг æмбырды фæбæрæг кодтой комкоммæ хæстæ, æмгъуыдтæ, бæрнон адæймæгты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм: апрелы Минеральные Водыйы цы форум арæзт æрцыд, уым Цæгат Ирыстоны энергон фæрæзты хъомысæй спайда кæныны фарстатыл ныхас рауад РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ акционерон æхсæнад «Самурскаг компани»-йы генералон директор Алыбегты Артуры ‘хсæн.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














