Лæгдзинады урок

0
22

Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ санатори «Тæмискъ»-ы сæмбæлдысты рæзгæ фæлтæримæ, æрдзырдтой æмбалдзинад, рæнхъонты ‘хсæн уæвыны, уæззау цæфты фæстæ дæр раззаг хаххыл баззайыны фæдыл.

Ветерантæ сты æхсæнад «Зонынад»-ы уæнгтæ Магкæты Олег, Рубен
Днепровский, Уалыты Акаки
æрыгæттæн радзырдтой хæстон фæндæгты, кæрæдзийæн æххуыс кæныны, хæстон хæс æмæ бæстæйæн лæггад кæныны тыххæй. Афтæ зæгъæн ис, æмæ ахæм фембæлд æрыгæттæн ссис лæгдзинады урочы хуызæн.

Сæрмагонд нысаниуæ-джы къорды хистæр лейтенант Уалыты Акаки дзырдта йæ службæйы тыххæй, йæ хæстон хъысмæт райдыдта Цæцæны, уый фæстæ – Хуссар Ирыстоны фондзбонон хæст, службæ фæхаста 34 азы. Запорожьейы ‘рдæм сæ арвыстой 2022 азы, февралы. Уым уæззау цæфтæ фæци, госпитæлты йæ дзæбæх кодтой. Ныртæккæ Уалыйы-фырт йæхи цыппар къулы ‘хсæн не ‘мбæхсы, «Тæмискъ»-ы залы лæууыд фидар, архайы ветеранты змæлды æппæт хъуыддæгты, лæгдзинады урокты.

Æргомæй зæгъы, хи хъуыдыты аныгъуылыны фæнд æм нæ уыд, æрыгæттимæ фембæлгæйæ, фæдзуры æрмæст рæстдзинад. Магкæты Олег дæр бавзæрста раззагдæр хаххы зындзинæдтæ. Уæззау цæфы фæстæ рæнхъонты ‘хсæнмæ нал рацыд, ссардта йæ фæлтæрддзинадæй спайда кæныны бынат.  Ссис «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонды социалон координатор Алагиры районы. «Тæмискъ»-ы дæр фылдæр дзырдта хæрзиуджыты тыххæй нæ, фæлæ хуымæтæг хъуыддæгты тыххæй.Лагеры уæнг Данæ бафарста Магкæйы-фырты, уæддæр йæ службæйы сæйрагдæр хорздзинад цы уыдис, уымæй. Йæ дзуапмæ гæсгæ, ссардта æфсымæрты, семæ фембæлд тохы, ныр дæр семæ æппынæдзух фæныхас кæны. Æрыгæттæ лæмбынæг хъуыстой Рубен Днепровскиймæ дæр, уый у гвардийы майор, хорзæхджын æрцыд Лæгдзинады дыууæ орденæй, сæ бинонты фондз фæлтæры Райгуырæн бæстæйæн службæ фæхастой.

Рубен Днепровский уыд Цæцæн æмæ Хуссар Ирыстоны хæстыты архайæг, ацыд сæрмагонд æфсæддон операцимæ дæр. «Цæй тыххæй», зæгъгæ, фарст æххæстæй фыст ис йæ цардвæндаджы. «Мæнæн  Райгуырæн бæстæ хуымæтæг дзырд нæу, нæ хæдзарвæндаджы æз,  пъагæттæ чи хæссы, уыцы фæндзæм фæлтæр дæн. Уый æз хъайтардзинадыл нæ нымайын, фæлæ хæс æмæ цæсгомы сыгъдæгдзинадыл», – загъта ветеран.

Акци «Фыдыбæстæйæн лæггад кæнгæйæ» республикæ æмæ бæстæйы ахæсдзæн æгас сæрд. 2024 азæй нырмæ скодтой 1300 ахæм фембæлды, ныхасгæнджытæ вæййынц сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ, архайджытæ, хъуыддæгтæ конд цæуынц национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы руаджы.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here