Бюджетты хæрдзтæм – æппæтвæрсыг цæстдард

0
58

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст республикон закъонты проекттæ æмæ закъонæвæрынадон хъæппæристæ.

Æрыдоны, Мæздæджы æмæ Кировы районты минæвæртты æмбырдты курдиатмæ гæсгæ, республикæйы Сæргълæууæг Парламентмæ æркæсынмæ бахаста горæттæ Æрыдонæн, Мæздæгæн, стæй Комсомольскы хъæуæн «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æфсæддон намысы цæрæн бынат»-ы кадджын нæмттæ раттыны тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонты проекттæ. Парламенты хæстæгдæр æмбырды закъон фидаргонд куы æрцæуа, уæд уымæй фæстæмæ амынд цæрæн бынæттæ хæсдзысты ацы кадджын ном. Закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан.

Депутаттæ байхъуыстой «Алагиры муниципалон районы бюджетмæ 2024-2025 азты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджетæй æрвыст финансон æххуысæй закъонмæ гæсгæ куыд æмæ цас хæдзардзинæй æрцыд пайдагонд, уый сбæрæг кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг уыд Палатæйы аудитор Айларты Алан.

Куыд загъта, афтæмæй бæрæгæнæн мадзæлттæ арæзт æрцыдысты пъланмæ гæсгæ, æмæ куыд равдыстой, уымæ гæсгæ нысантæ, æмткæй райсгæйæ, район сæххæст кодта. 2024 азы районы бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 1 миллиард æмæ 396 милуан сомы, уыдонæй хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ уыдысты 554 милуан сомы; 2025 азы æфтиæгтæ та уыдысты 1 миллиард æмæ 426 милуан сомы, уыдонæй хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ – 626 милуан сомы. Уыимæ, 2024 азы республикон бюджетæй районæн лæвæрд æрцыд 841 милуан сомы, 2025 азы та – 799 милуан сомы.    Аудиторы ныхасмæ гæсгæ, финансон æгъдауæй район хæдбардæр цæмæй уа, уый йæ гæнæнтæ амонынц. Афтæ, зæххæй пайда кæныны хъалонæй районты хæс кæны фылдæр, æмæ ныртæккæ у 33 милуаны æмæ 894 мин сомы. Амынд рæстæгмæ раргом, зæххы хайæ Фыййагдоны йæ нысанмæ гæсгæ пайдагонд кæм нæ цыд, иу ахæм цау.

Районы бюджеты хæрдзтæ 2024 азы уыдысты 1 миллиард æмæ 407 милуан сомы, 2025 азы та – 1 миллиард æмæ 406 милуан сомы. Æхцатæн сæ фылдæр (57 проценты) хардзгонд æрцыд ахуырады къабазыл. Уый фæрцы районы ахуыргæнджыты мызд схæццæ республикæйы рæстæмбис мызды бæрцмæ, фæлæ фæсте аззад уæлæмхасæн ахуырады кусджыты мызд.

Ивддзинæдтæ домы бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн сæ кусджыты нымæц, цы бынæттæ дзы ахсынц, уый æмæ сын мызд фидыны æгъдау.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Остъаты Георги. Фарст уыд депутат Хæдарцаты Аслæнбегмæ.

Тускъаты Таймураз бафиппайдта, бынæттон бюджеты гæнæнтæ фылдæр кæй сты, уый, æмæ загъта, финансон æххуысы хæрдзтæ кæй домынц иудадзыгон, æппæтвæрсыг цæстдард æмæ биноныг æвзæрст. Биноныг æвзæрст домынц, районы экономикæйы рæзтæн ахъаздæр чи у, уыцы къабæзтæ дæр.

Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ æркæсынмæ рахаста «Сидзæр сывæллæттæн æмæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Рес-публикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Амынд къордтæм хауæг адæймæгтæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ чи фæмард, уыдоны бинойнæгтæн (кæнæ сæ сæрыхицæуттæн) документ бар дæтты, уыдонæн сæ къухы чи бафтыд, уыцы цæрæнхæ-дзæртты бæсты компенсаци райсыны бар, стæй ма цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй æндæр финансон æххуыс  дæр.

«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон æвзæгты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты национ политикæйы æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги. Документ фидар æмæ бæлвырд кæны паддзахадон æвзæгтæй пайда кæныны æгъдау – паддзахадон хицаудзинады оргæнты куысты, официалон хъуыддæгтæ æмæ документтæ аразыны къабазы, фидауынгæнæг тæрхонгæнджыты, дзыллон хабархæссæг фæрæзты архайды, наукæйы, алыхуызон объекттæн нæмттæ дæттын æмæ æндæр къабæзты.

Уымæй уæлдай, Советы уæнгтæ байхъуыстой, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Фæллойы паддзахадон инспекцийы архайды фæдыл йæ разамонæг Берозты Тамерлан цы хъусынгæнинагимæ раныхас кодта, уымæ, æмæ ма равзæрстой æндæр закъонты проекттæ дæр. Уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Хæдарцаты Аслæнбег, Елена Князева, Остъаты Георги, Киситы Мурат.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here