Гаглойты Алан — Уæрæсейы Президенты уынаффæгæнæг

0
13

Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан фехъусын кодта, йæ бынат кæй суæгъд кодта æмæ йæ ног куысты бынатмæ Уæрæсейы Президенты администрацимæ кæй ацыд, уый тыххæй.

«Знон фембæлдтæн Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ, æмæ мын загъта, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы Президенты администрацимæ рацæуон кусынмæ йæ уынаффæгæнæгæй, æххуыс кæнон, не ‘хсæн цы бадзырд фыст æрцыд, уый æххæст кæнынмæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны Республикæимæ æмгуыстад фæхъомысджындæр уа», – загъта йæ официалон сайты мыхуыргонд бадзырды.

В.Путин бафыста Указ Гаглойты Аланы йæ уынаффæгæнæгæй сфидар кæныны тыххæй.

Рæстæгмæ Хуссар Ирыстоны Президенты хæстæ æххæст кæндзæн хицауады сæрдар Хъамболты Марат. Æвзарæн кампани ацæудзæн 21 сентябры онг.

Уыйразмæ Путин æмæ Гаглойы-фырт æрныхас кодтой уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастдзинæдты тыххæй, майы цы бадзырд бафыстой, уый фæлгæты. Йæ бындурыл Мæскуы æмæ Цхинвал дарддæр дæр араздзысты иумæйаг экономикон тыгъдад æмæ къæпхæнгай рацæудзысты иумæйаг ахастдзинæдтæм æддагон бастдзинæдтæ æмæ фæсарæйнаг инвестицитæ æрбаздахыны хъуыддаджы.

Уыимæ ма, баиу уыдзысты энергетикон æмæ транспортон системæ, парахат кæндзысты иумæйаг бастдзинад æмæ телекоммуникацитæ, фæуæрæхдæр уыдзæн æмгуыстад социалон, куыстадон æмæ культурон къабæзты.

РИА «Новости»

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here