Ныхасæй – хъуыддагмæ

0
48

Черменыхъæуы 11-æм рæвдауæндонмæ фæндаг асфальтгонд æрцыд. Куыста дзы компани «АРС ГРУПП»-ы 15 адæймаджы æмæ техникæйы 10 иуæджы. Сæ бригадир Бязырты Витали куыд фæнысан кодта, афтæмæй уаццаг иу километры бæрц асфальт сæвæрдтой кæрæй-кæронмæ. Уæдæ, иннæ уынгтæм фæзилæнтæ дæр, куыд æмбæлы, афтæ арæзт æрцыдысты.

Горæтгæрон районы газет «Фидиуæг»-мæ ныффыстам уацхъуыд, фæндаг цы æдзæллаг уавæры ис, уый фæдыл. Районы администраци нын ныфс бавæрдта, 2026 азы асфальт кæй сæвæрдзысты рæвдауæндонмæ. Дзырд раттой æмæ йæ сæххæст кодтой. Цыбыр рæстæгмæ, фадат куыд амыдта, афтæмæй фæндагæн йæ уæлцъар цалцæггонд æрцыд. Иу машинæ иннæ ивта, кæрæдзийы хæдфæстæ цыдысты, афтæмæй уынг йæ хуыз скалдта. Хатгай ма-иу изæрдалынгтæм сæ машинæты рухсмæ дæр куыстой, фæндаг раст кодтой. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ рæвдауæндоны алыварс, стæй йæ кæрты æмбис дæр асфальт скодтой, цалынмæ уал ног рæвдауæндон аразой, уæдмæ.

Ныридæгæн сывæллæттæ рæвдауæндонмæ куыд зæрдæргъæвдæй, цингæнгæйæ фæцæуынц, уымæн алы бон дæр вæййæм æвдисæн. Къæвдаты рæстæг æм уыд тынг зын цæуæн. Цъыф, змæст, чъизи, ахизæнтæ дзы никæуылты уыд. Уæддæр нæ зæрдæ дардтам, фидарæй нæ уырныдта, кæй сараздзысты фæндаг.

Сабиты бæрны чи бацæуа, чи сын баххуыс кæна, уыдонмæ хæрзтæ дывæрæй æрыздæхынц. Уыцы æууæл хынцгæйæ, Плиты Алан, Гаглойты Алан, компани «Арс групп»-æн рæвдауæндон æмæ ныййарджыты номæй кæнæм зæрдиаг арфæтæ. Сымах архайдæй сырæзт ацы хъуыддаг. Рæзгæ фæлтæрæн æмбæлгæ уавæртæ цæмæй уа, ууыл бакуыстат бæрнонæй. Стыр удæнцой сарæзтат сабитæн, махæн, æмæ уын нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, уæ зын, фæлæ хъæугæ куыст алкæддæр уæ удты фæндиаг уæд. Цы бæрнон хæстæ уыл æвæрд ис, уыдон кадимæ, фарнимæ æххæст кæнут, æмæ уыл Хуыцауы арфæ æрцæуæд.

Айларты Эмилия

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here