Цæгат Кавказы федералон зылды Цæгат Ирыстоны æнæном хохы цъуппæн раттой зындгонд конструктор Михаил Калашниковы ном. Ацы уынаффæ бафыста Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин. Уый тыххæй фехъусын кодта «Российская газета».
Уынаффæйы текстмæ гæсгæ, Цæгат Кавказы хæхты сæйрагдæр æнæном хох ис Цæгат Ирыстоны. Йæ бæрзæнд у 4072,4 метры. Техникон наукæты доктор, инæлар-лейтенант, Уæрсейы Федераци æмæ Социалистон Фæллойы дыууæ хатты Хъайтар Михаил Калашников у, иунæг уæрæсейаг гражданин, ацы бæрзонд кадджын нæмттæ лæвæрд кæмæн æрцыд. Автоматикон хæцæнгарз саразыны хъуыды йæм сæвзæрд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг госпитæлы цæфтæй куы хуыссыд, уæд. 1945 азы райдыдта йæ проектыл кусын. 1949 азы та фæзынд йæ арæзт автомат АК-47. Уый тыххæй конструктор Михаил Калашников хорзæхджын æрцыд Сталины номыл фыццаг къæпхæны премийæ. Калашниковы автомат ссис дунейы æппæты фыццагдæр арæх æмбæлæг æхсæг хæцæнгарз æмæ хаст æрцыд Гиннессы чиныгмæ. Автомат ис 100 паддзахады æфсæдты хыгъды дæр.
«15-æм регион»














