Хъысмæт лыггæнæн заман

0
21

Мæскуыйы политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы XXIII съезды фыццаг къæпхæны архайдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг, политикон партийы регионалон хайады нымæрдар Сергей Меняйло. Съезды уæнгтæ сфидар кодтой Паддзахадон Думæмæ кандидатты хыгъд.

Партионтæн сæ къухы бафтыд «Иугонд Уæрæсе»-йы федералон хыгъд æмæ иумандатон зылдты кандидатты сфидар кæнын. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй йын ахсджиаг у, цæмæй съезды фехъусой цæгатирыстойнæгты хъуыдытæ, ахстбынат. «Боны фæткы сты партийы ахъаззагдæр фарстатæ, регионты рæзт, Адæмон программæ царды уадзыны, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, сæ бинонтæн æххуыс, Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæм кандидатты хыгъдтæ сфидар кæнын», – загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, съезды дыккаг къæпхæны августы та Адæмон программæ фидаргонд æрцæудзæн, конд уыдзæн фондз азæн. Съезды пленарон æмбырды раныхас кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Куыд радзырдта, афтæмæй съезд конд æрцыд вазыгджын æмæ хъысмæт лыггæнæн заман. Æнæхъæн дунейы цæуынц стыр бындурон ивддзинæдтæ.

«О, мах уынæм зындзинæдтæ, æмбарæм сæ, дзуапп сын дæттæм. Хъуамæ æдасдзинады мадзæлттæ конд цæуой, нæ граждæнтæ, нæ бæстæ цæрой сабыр уавæрты. Уæрæсейы арæнтæм æвналæн нæй, мах уымæ тырнæм. Нæ фæзуæттæ, инфраструктурæ æвзарынц террористон фыдбылызтæ, уыдонæн ныхкъуырд дæттæм. Бæстæйы мидæг рæзты вазыгджын фарстатæм æргом здахæм, зæгъæм, демографи, рагон традицитæ бахъахъхъæнын, цард фæхуыздæр кæныны хъуыддæгтæм», – фæбæрæг кодта Уæрæсейы Президент.

Владимир Путин уæлдай æргом аздæхта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæм, æппæт адæм  дæр сæ сæрыстыр сты. «Хъуамæ сын ахæм уавæртæ уа, æмæ сæхи равдисой сабыр царды, политикæйы, экономикæйы, паддзахадон æмæ муниципалон разамынд дæттыны хъуыддаджы. Ам рапарахат стыр куыст, фронтмæ, раззаг хахмæ, барвæндонæй ацыдысты бæрзонд бынæттæ ахсæг адæм, фронтæй сыздæхæг ветерантæ та бавнæлдтой сабыр царды уавæрты  кусынмæ», – загъта Президент.

Йæ раныхас уыд бирæвæрсыг, бæстон. Уый ма сразы ахуыргæнæджы хицæн статусыл, ома, уыцы хъæппæрис хуымæтæг хъуамæ ма уа. Уæлæмхасæн æххуыс, дæсныйады рæзтæн уавæртæ – уыдæттæ тагъд хъуамæ фæзыной бæстæйы царды. Уæрæсейы разамонæг ма фæсидт разамонджытæм, цæмæй къаддæр бадой кабинетты, мессенджерты, фæлæ цæуой адæмы ‘хсæнмæ, зоной сын сæ тыхстдзинæдтæ, курдиæттæ. Уыдон суыдзысты Адæмон программæйы нысантæ.

Сергей Меняйло ма куыд радзырдта, афтæмæй Уæрæсейы Президенты раныхас уыд бæстон, хицæнæй дзырдта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты тыххæй. «Уый сæ схуыдта бæстæйы æцæг элитæ, хъахъхъæнынц бæстæ, сæ цард не ‘вгъау кæнынц, лæгдзинад æвдисынц. Тынг ахсджиаг у, цæмæй, раззаг хаххæй сыздæхгæйæ, ам, сабыр царды уавæрты, хъуамæ æрлæууой бæрнон бынæтты», – загъта республикæйы разамонæг.

 РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here