Уæрæсейы алыхуызон регионтæй педагогты чи баиу кодта, Æрæфы районы Дзинагъайы скодтой математикæйы ахуыргæнджыты ахæм сæрдыгон курсытæ.
Педагогтæн дæрддзæгмæ уагæй, амынд курсытимæ баиу уæвыны фадат кæй уыд, уый руаджы амынд дзыллон мадзалы архайджыты нымæц фæфылдæр. Курсыты комкоммæ уагæй архайдтой Беслæн, Дзæуджыхъæу, Мæздæг, Налцыкк, Цыкола æмæ Брутæй æртын ахуыргæнæджы. Мæскуы, Бетъырбух, Краснодар, Дæллаг Новгород æмæ æндæр уæрæсейаг горæттæй æстай педагогæй фылдæр онлайн уагæй курсытимæ баиу сты.
Сæрдыгон математикон курсытæн фадæттæ сарæзтой Уæрæсейы Наукæты академийы Дзæуджыхъæуккаг наукон центр, нæ регионы Ахуырад æмæ наукæйы министрад, кадрты цæттæкæнынады институт, стæй нæ бæстæйы Математикæйы ахуыргæнджыты цæдисы цæгатирыстойнаг хайад.
Математикон курсытæ арæзт цæуынц педагогты профессион æмвæзад фæуæлдæр кæнынæн, стæй математикон ахуырады фæлтæрддзинадæй кæрæдзийæн рахай кæнынæн.
РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ














