Раздæрау – уæйыгарæзт æмæ зæрдæхæлар

0
22

Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты скъолайы æнтыстдзинæдты зынгæ фæд чи ныууагъта, уыцы зындгонд богæлттæй иу уыди Бигъаты Георгийы фырт Барис (Гыбыт). Дунеон къласы спорты мастер, Уæрæсе, Советон Цæдис, Европæйы чемпион, дунеон турнирты авд хатты уæлахиздзау, ССР-ы Цæдис æмæ Европæйы чемпионатты къорд хатты призон бынæттæ бацахсæг уыд уæззау уæзы, абсолютон  уæзы та ссис ССР-ы Цæдисы чемпион.

Бигъаты Барис (Гыбыт) уыд нæ бæстæйы иугонд командæйы уæнг. Уый 1970-1980 азты, йæ тæккæ спортивон тыхы куы уыди, уæд, куыд нæ бæстæйы, афтæ Европæ æмæ æгас дунейы дæр йæ уæзы уыдысты амæй-ай тыхджындæр богæлттæ. Зæгъæм, Советон Цæдисы уыцы азты (1970-1980) – Андиаты Сослан, Салман Хасимиков, Владимир Паршуков, Давид Тариеладзе, Нодар Мадебадзе. Уыдонимæ ерысгæнгæйæ, 2-3-аг бынат бацахсын дæр уыди стыр æнтыстыл нымад. Уæззау уæзы тыхджын ныхмæлæуджытæ уыди Европæйы дæр. Зæгъæм, венгриаг богал Иожиф Балла уыд дунеон чемпион, болгайраг богал Баю Баев цалдæр хатты уыд дунеон чемпионатты призон бынæттæ рамбулæг. Раст ахæм æнтыстдзинæдтæ уыди гермайнаг богæлттæ Герке æмæ Эйхельбауммæ дæр. Румынаг богал Шимон та дунеон чемпионы ном 1974 азы, Андиаты Сосланимæ хæцгæйæ, рамбылдта. 1976 азы та Олимпиаг хъæзтыты Сосланы фæстæ рацыд 3-аг бынатмæ. Гыбыт, ацы богæлттимæ ерысгæнгæйæ, 1978 азы фыццаг бынат рамбылдта Европæйы чемпионаты.

Бигъайы-фырт, æнæмæнг, уыди дунейы тыхджындæр уæззаууæзон богæлтты æмрæнхъон, фæлæ йæ спортивон фæндаджы разынд хъыгдарджытæ, æмæ йын фадат нæ уыди дунейы чемпионаттæ æмæ Олимпиаг хъæзтыты архайынæн. Æнæмæнг, уым уыдаид раззагдæртимæ.

Уымæн, цы йæ фидар уæнгты конд, цы – йæ техникон цæттæдзинадæй аккаг уыд Олимпиаг хъæзтыты дæр йæ хъару æмæ дæсныдзинад равдисынæн.

Ахæм аргъ ын кæны Уæрæсейы сгуыхт тренер Тедеты Малик дæр: «Æз Гыбыты базыдтон, хæрз æрыгон ма куы уыдтæн, уæд. Уый мæнæй уыд авд азы хистæр, фæлæ нын уыди иу тренер Габысаты Хъамболат. Гыбыт уыд æрдзæй ратгæ уæйыгарæзт лæппу, æмæ йæ мах нымадтам фидæны спорты хъайтарыл.

Хъаруджын æмæ уындджын лæппу уæвгæйæ, йæхи дардта уæзданæй. Уыди æгъдауджын æмæ цæстуарзон. Ахæмæй баззад абоны онг дæр. Йæ гæнæнтæм гæсгæ, аккаг уыд спорты æппæты бæрзонддæр æмæ кадджындæр хæрзиуджытæ рамбулынæн, фæлæ хатгай спортивон амонд амæй-ай курдиатджындæрты фæрсты алидзы. Гыбыт у æгъдауджын адæймаг, æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы, æнæниз æмæ цардхъомысæй мæ бирæ азты  куыд фæцæра. 22 июлы йыл æххæст кæны 75 азы, æмæ йын йæ алы райгуырæн бонтæ дæр хъæлдзæг хабæрттæ куыд хæссой, уый йын Хуыцауы цæст бауарзæд.

Гыбыт сывæллонæй рахаста куыстуарзондзинад. Уый тыххæй йæхæдæг зæгъы: «Сывæллонæй Зæронд Бæтæхъойыхъæуы нæ хæдзары кæдфæнды дæр хъуыди змæлын. Хъæуы мидæг куыст вæййы бирæ, æмæ æз нæ хъуыды кæнын, æнцад бадынмæ рæстæг кæд уыди, уый.

Цы – кæрты, цы – цæхæрадоны кæнинæгтæ уыди бирæ. Æвæццæгæн, хъаруджын дæр адæймаг уый фæрцы свæййы. Æз уарзтон белæй къахын, губакк кæнын, хос кæрдын… Кæй зæгъын æй хъæуы, уый мын фæпайда, æмæ ме уæнгты тых æмæ фæразондзинад, Дзæуджыхъæуы «Локомотив»-ы спортивон залмæ куы бацыдтæн, уæд уайтагъд мæ мæ уарзон тренер Габысаты Хъамболат бафиппайдта. Хъамболат махыл аудыдта йæхи хъæбулты хуызæн, æмæ дзы æз абоны онг дæр бузныг дæн.

Сывæллон амондджын вæййы, йæ мадæй уæлдай ма йыл ахуыргæнæг дæр аудæг куы разыны, уæд. Æз афтæ бузныг дæн мæ фыццаг ахуыргæнæг Окроаты Зинаидæйæ дæр».

Бигъаты Гыбыты йæ царды фæндæгтæ, æрыгон ма куы уыд, уæд ахастой Украинæмæ. Уæды рæстæг не стыр бæстæйы афтæ бирæтæ цыдысты, чи – кусынмæ, чи – ахуыр кæнынмæ. Гыбыт Киевы бацыд ахуыр кæнынмæ институтмæ æмæ ерысты дæр архайдта Украинæйы номæй. Киевы йын тренертæ систы дунейы раздæры чемпионтæ – Арам Ялтырян æмæ Гусаты Юри. Уыдон тыххæй Гыбыт зæгъы: «Арам Ялтырян æмæ Гусаты Юрийæ æз абоны онг дæр дæн бузныг. Уыдон дыууæйæ дæр уыдысты стыр профессионалтæ. Юри цардæй æгæр раджы кæй ацыд, уый мын абон дæр мæ зæрдæ сризын кæны. Уый кæуылты дæсны тренер уыди! Куыд зыдта алкæй гæнæнтæ дæр æмæ, бахъуаджы сахат цы бацамонын хъæуы, уый иу куыд акъахта! Нæй рох кæнæн ахæм адæймæгты хорз ном!»

Гыбыт йæ 75 азы боныл æмбæлы, раздæрау, уæнгрогæй, æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы, афтæ æнæфæцудгæ йæ сæдæ азы сæрты дæр куыд акæса!

Бинонты хистæр уæвгæйæ, йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ фылдæр баст сты йæ кæстæртæ æмæ уыдоны кæстæртимæ, æмæ йын уыдон сæ сæрæндзинад æмæ хæрзæгъдау хъуыддæгтæй йæ зæрдæ куыд рухс кæной, уыцы арфæтæ йыл æрцæуæнт!

Гыбыт кæдфæнды дæр уыди ирон адæмы хуыздæр æгъдæуттыл хæст, æмæ абон дæр Хуыцауæй фæкуры, нæ абоны фæлтæртæ нæ фыдæлтæй ратгæ хорз æгъдæуттыл иузæрдион куыд уой, цæмæй ма рæдийой кæйдæр ардыдæй æндæр динтæ æмæ сайæн æгъдæуттæ исгæйæ.

«Цы ма ис хуыздæр не ’мзæххонты хорз æгъдау, сæрæндзинад æмæ сгуыхтдзинæдтæ уынынæй?! Уый адæймагæн у ныфсы хос, æмæ, нæ Ирыстон уыцы хорзæхтæй хъæздыг куыд уа, уый нын Хуыцау æмæ Йе сконд зæдты узæлдæй бантысæд!» – зæгъы Бигъаты кадджын лæг Гыбыт.

Йæ куывдтытæ æрцæуæнт, куыд нæ Ирыстон, афтæ йæхи кæстæртыл дæр!

Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here