Центртæ банывыл кæнынæн

0
12

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис кæй сарæзта, уыцы æмбырды архайджытæ: республикæйы æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты æмæ подрядон куыстуæтты разамонджытæ — æрныхас кодтой регионы Адæмæн куыстдæттæг центртæ нывыл кæныны фарстайыл.

Национ проект «Кадртæ»-мæ гæсгæ, ацы аз Цæгат Ирыстоны Адæмæн куыстдæттæг 10 центры (адоны æхсæн сты хъæууон районты æрбынæттонуæвæг центртæ дæр) банывыл кæнынмæ хъавынц. Ацы хъуыддаг арæзт кæд æрцæуа, уæд куыстагурджытæ æмæ куыстдæтджытæн уыдзæн, нырыккон технологитæй пайда кæнгæйæ, адæмæн куыстдæттæг къабазы къорд лæггадæй спайда кæныны фадат.

РЦИ-Аланийы Адæмæн куыстдæттæг комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы Адæмæн куыстдæттæг æппæт центрты цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Ацы куыстытæ октябры æххæстгонд æрцæудзысты. Цалцæггæнæн куыстытæ æртæ центры цæуынц пълангонд æмгъуыдæй рæвдздæр.

– Национ проектмæ гæсгæ æххæстгонд чи цæуы, уыцы цалцæггæнæн куыстытæн ис стыр ахадындзинад. Нырыккон кусæнгæрзтæй кæй ифтонг кæнынц, Адæмæн куыстдæттæг уыцы центрты фæрцы уыдзæн адæмæн лæвæрд лæггæдты хæрзхъæддзинад фæуæлдæр кæныны фадат. Ацы куыстытыл бахардз кæндзыстæм æртæсæдæ милуан сомы. Ацы куыстытæ хæрзхъæдæй æмæ афоныл æххæстгонд цæмæй æрцæуой, ууыл бацархайын хъæуы, нæ адæмæн дæсны æххуыс удæнцой уавæрты райсыны фадат куыд уа, афтæ. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло адæмæн куыст дæттын æмæ куыстагурджытæн хъæугæ æххуыс бакæныны фарстатæ нымайы фыццаградонтыл, – загъта премьер-министр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here