Задæлеск

0
64

Рухс дзæнæты бадинаг Цагъаты Тотрадз бирæ азты уыд «Рæстдзинад»-ы иузæрдион хæлар. Æнæкæрон уарзтæй уарзта йæ Райгуырæн бæстæ, фыдæлты уæзæг. Хорз зыдта рагон хъæуты, уæлдайдæр Дыгургомы цæрæн бынæтты истори, сæ равзæрд, се ‘гъдæуттæ, зонгæ уыд, чи дзы цард, уыцы адæмимæ, уымæн æмæ йæхæдæг дæр уыд уыцы комæй рацæугæ. Йæ бирæ зонындзинæдтæй Тотрадз æнæвгъау æмæ рæдау хай кодта адæмæн, газеткæсджытæн. Ирыстоны хъæуты истори æмæ сæ равзæрды тыххæй цы бирæ уацтæ ныммыхуыр кодта «Рæстдзинад»-ы, уыдонæй иу уыд «Задæлесчы Нанайы таурæгъ». Тотрадз æй сывæллонæй фехъуыста Задæлесчы хъæуы Ныхасы хистæр Бæзиты Саулохæй. Уый ныхæстæм гæсгæ ныффыста «Задæлесчы Нанайы таурæгъ» дæр, æмæ йæ рæстæджы мыхуыргонд æрцыд «Рæстдзинад»-ы. Ныр цы таурæгъ мыхуыр кæнæм, уый дæр кæддæр уыд нæ газеты. Уæдæй абонмæ рацыд дзæвгар азтæ, таурæгъ та у цымыдисаг, адæймаджы бирæ цæуылдæрты ахуыр кæны. Уымæ гæсгæ æрмæджытыл ногæй бакуыстам æмæ семæ зонгæ кæнæм газеткæсджыты абоны фæлтæры.

Дыгургомы рагон заманы Задæлескæй стырдæр хъæу нæ уыд. Берозты Батрадз йæ чиныг «XVIII-XX æнусты ирæттæ хохæй быдырмæ куыд æрлыгъдысты»-йы куыд фыста, афтæмæй 1771 азы Задæлесчы уыд 187 хæдзары. Фæлæ, хъæу куыд равзæрд, чи дзы æрцард фыццаг, цавæр адæмыхатт уыдысты, уый тыххæй нæй нæдæр историон, нæдæр мыхуыргонд æрмæджытæ.

Кæддæр Астæуккаг Кавказы цардысты, ирайнаг чи нæ уыд, ахæм адæмыхæттытæ. Фæндзæм æнусы Дыгургомы цардысты гуннты адæмтæй иу хай – «сабир». Уымæ гæсгæ ком хуыдтой «Сафири ком». Афтæ зæгъы А.Н. Бернштам йæ чиныг «Гуннты историйы очерктæ»-йы (Ленинград, 1951 аз, 174 фарс). Уыцы адæмыхатт цы баисты, ууыл дзурæг æндæр æрмæг нæй.

Цы историон æрмæджытæ ис, уыдонмæ гæсгæ манголы æфсæдтæ æртындæсæм æнусы хæцыдысты Кавказы. Уæззаудæр цæф æрцыд хурныгуылæны ‘рдыгæй цæрæг алантыл, уымæн æмæ уыдон знаджы ныхмæ хæцыдысты уæлдай карздæр. 1222 азы Хан-Батыйæн йæ къухы бафтыд, алантæ бирæйæ кæм цардысты, уыцы хъæутæ æмæ быдыртæ бацахсын. Алантæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ сæхи исын райдыдтой хохы кæмтты мæсгуытæм æмæ уым хæццæ кодтой, сæ размæ дзы цы адæмыхæттытæ цард, уыдонимæ. Фыссæг-этнограф А.Н. Тарасов йæ чиныг «Тимур — Кавказы»-йы куыд фыссы, афтæмæй Тимур 1359 азы стыр æфсадимæ æрбацыд Дербенты комыл. Фæндыд æй йæ рагон знаг Тохтамышимæ схæцын. Терчы былтыл цы алайнаг хъæутæ уыд, уыдон бахаудысты дыууæ æфсады астæу. Адæм сыстадысты Тимуры ныхмæ — стырæй-чысылæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй æмæ бацыдысты мæлæтдзаг тохы. Туг донау ивылд, ирон адæмы гуыппырсартæ сæ кæрдтæй карстой æфсæндзыхты, фæлæ Тимуры æфсады уыд дыууæсæдæ мин адæймаджы, æмæ мæтыхты хуызæн размæ бырстой. Аланты рæнхъытæ тадысты, зæхх мæрдтæй байдзаг. Тæтæртуппы сахары ма æртындæс мин цæрæгæй баззад æхсæз мины, æмæ уыдоны дæр Тимуры æфсæдтæ семæ акодтой уацары. Тохтамышы æфсæдтæн дæр сæ фылдæры фæцагътой. Чи ма дзы баззад, уыдон цæгатырдæм лидзæг фесты. Тимуры æфсæндзыхтæ — сæ фæстæ. Дуне тохы уынæрæй куы ‘рсабыр, уæд быдыртæ, цæст кæдæмты уыдта, уый онг мæрдтæй нал зындысты. Хъæутæ сыгъдысты, фæздæгæй арв батар, мæнæуы хуымтæ анауылиау сау адардтой.

Мæрдты астæу зылди иу сылгоймаг. Кæй агуырдта, чи йын баци мæрдты хай? Терчы донырдæм куы базылд, уæд йæ хъустыл ауад сывæллæтты кæуын. Йæ цыд фæтагъддæр кодта, æмæ йæ размæ фæци сывæллæтты гыццыл къорд. Сылгоймаг йæ дыууæ къухы уæлæмæ систа: «О, Стыр Хуыцау, ма фесаф аланты мыггаг. Ацы сывæллæттæ — де уазæг». Æмæ сæ йæ хъæбысы æрбакодта. Сылгоймаг æмбæрста, ацы ран ма куы баззайой, уæд сын знагæй тæссаг кæй у, уый. Сывæллæтты ракодта йæ разæй Дыгургомы ‘рдæм. Уæд коммæ фæндаг нæма уыд, куыддæртæй бахызтысты Бæгийы æфцæгыл Моргы лæгъзмæ. Сæ размæ фæци лæгæт, æмæ уым æрцардысты. Сылгоймагæн Хуыцау балæвар кодта адæмуарзон зæрдæ, æмæ йæхи снывонд кодта сывæллæттæн, цæмæй аланты байзæддæгтæ фервæзой, ногæй сбирæ уой, æмæ мыггаг ма фесæфа. Дыгургом хъæздыг уыд алыхуызон хъæддаг дыргътæй, æмæ уыдонæй ирвæзын кодта сывæллæтты, нæ сæ бауагъта æххормагæй амæлын.

Иу бон сылгоймаг бафтыд иу хохаг хъæумæ. Ныхасы бадтысты нæлгоймæгтæ. Сылгоймаг æрлæууыд æфсæрмытæгæнгæ, Ныхасы бадæг адæмæн радзырдта, алайнаг адæм куыд бабын сты къуылых Тимуры æфсæдтимæ тохы, йæхæдæг та йемæ куыд ракодта, мæлæтæй ма чи аирвæзт, уыцы сывæллæтты, лæгæты куыд æрцардысты, уыцы хабæрттæ. Сылгоймаджы ныхæстæ, аланты сæфты зæрдæхалæн хабæрттæ Ныхасы бадæг адæмы бафтыдтой стыр сагъæсы. Слæууыдысты тæфæрфæсгæнæгау сылгоймаджы раз.

Таурæгъы куыд баззад, афтæмæй хъæу сывæллæттæн скодтой хæдзар, æмæ сылгоймаг уым семæ æрцард. Бонтæ цыдысты, сывæллæттæ рæзыдысты. Хъæуы цæрджытæ сæхæдæг дæр цардæй рæвдыд кæд нæ уыдысты æмæ зындзинæдтæ æвзæрстой, уæддæр сæм алчидæр хæццæ кодта йе ‘ххуысы хай.

Сылгоймагæн йæ ном нæ баззад, фæлæ, Бæзиты Саулох Текъойты Хъуыбадыйæ куыд фехъуыста, афтæмæй сылгоймагæн йæ мыггаг уыд Æрцагæстæй. Сывæллæттæ йæ хуыдтой Нана, уымæ гæсгæ йæм хъæуы цæрджытæ дæр дзырдтой Нана. Дзургæ йæм зæронд усы номæй кодтой, фæлæ æрыгон уыд, йæ цæсгомæй хуртæ æмæ мæйтæ кастысты, йæ дыууæ сау æрфыджы — æрдыны хуызæн, йæ цæстытæ — æнæбын денджыз.

Сывæллæттæ сæхиуыл фæхæцыдысты. Хуыцау сæ куысты ‘рдæм фæкодта, æмæ хæдзармæ фарн бонæй-бонмæ донау ивылд. Чи сæ куыд хистæргæнгæ цыд, афтæ сын Нана бинонты хъуыддаг кодта, чызджыты æрвыста чындзы. Æмæ Задæлесчы Нанайы нæртон цот апырх сты Дыгургомы. Нана сын æхсæвæй-бонæй дугъы уади, кæмæн йæ фыдæбонæй æххуыс кодта, кæмæн — йæ фæлмæн ныхасæй. Карк йæ цъиуты йæ базырты бын куыд бакæны, афтæ узæлыд йæ цотыл. Хъæуы цæрджытæ дæр цыдысты Нанамæ — чи йæ зæрдæйы рыстимæ, чи – йæ цинимæ. Стыр мастимæ-иу æм чи æрбацыд, уый дæр фæстæмæ здæхт зæрдæрухсæй.

Уыцы рæстæг хæхбæсты цæрын  уыд тынг зын, тыллæг истой дыууæ азы иу хатт, миты зæйтæ-иу ныххафтой зæххы гæппæлтæ. Фæлæ уæддæр адæмæн сæ зæрдæ мæгуыр нæ кодта — сæ цины æмæ зыны дæр Нана, сæ фарсмæ уæвгæйæ, уыдонæн уыд зæрдæлæууæн, ныфс.

Хъæуы цæрджытæ азæйазмæ фылдæр кодтой, æмæ Задæлеск Дыгургомы иннæ хъæутæй дзæвгар стырдæр фæци. Задæлесчы ахæм хæдзар, ахæм бинонтæ нæ уыд, Нанайы рæвдыд, йæ узæлд чи нæ банкъардта. Азтæ цыдысты, Нана æрзæронд. Йæ бон адæмы рæвдауын нал уыд. Æрхæццæ йæ адзалы сахат. Æппæт Дыгургом æрцыдысты Задæлескмæ зæххон дуагæн æгъдау раттынмæ. Æхсæвæй-бонæй йæ дæндагæй цырагъ кæмæн дардта, дугъы кæмæн уади, уыцы фæсивæд Нанайы чырын бæрзонд систой æмæ ныззарыдысты «Нанайы зарæг».

Задæлесчы Нанайы амарды фæстæ хъæу баззад сидзæрхуызæй. Фæлæ цард йæ кæнон кæны. Нана кæй схъомыл кодта, уыцы фæсивæд нæ рох кодтой сæ иумæйаг мады æмæ алы аз дæр йæ номыл кодтой дыууæ кæрдзыны. Стæй, рæстæг куыд цыд, афтæ йæ номыл райдыдтой куывд кæнын дæр.

***

Задæлесчы цæрджытæн незамантæй баззад зиу кæныны æгъдау. Алкæмæн дæр зæххы хайæн уыд чысыл гæппæл. Хор кæрдын-иу райдыдтой уыцы иу бон, æмæ-иу фæсивæд радыгай карстой хъæуы цæрджытæн сæ хуымтæ. Кæрæдзийæн æххуыс кæныны фæрцы сæ цард рогдæр кодта. Хуымгæнæнты размæ кодтой Цыргъисæны куывд. Скодтой-иу æй, хъæуы фæстæ къæдзæхы цы стыр лæгæт уыд, уым, хуыдтой йæ Зæды дзуар. Раздæр уал-иу Ныхасы равзæрстой куывды уырдыгыстджыты фæсивæды сæрæндæртæй. Уыдон-иу æрзылдысты къусбар хъæуыл, æмæ, йæ бон кæмæн цы уыд, уый-иу ратта. Кусæрттагæн-иу балхæдтой урс гал. Бæгæны фыхта нæлгоймаг, æрмæст дзуарæн йæхи мидæг æрхуыхъусджын аджы, сфыхтой-иу дзы далысы фæхсын, æмæ уыд æлутон. Бæгæны-иу ныффæрсыгътой, стæй-иу æй ныккодтой стыр тъæпæнæджы æнхъизынмæ. Дыууæ-æртæ боны фæстæ-иу бæгæны рафæлдæхтой, æмæ къуыримæ æлутон уыд цæттæ. Куывдæй бон раздæр, къухджындæр цы лæг уыд хъæуы, уый-иу сусхъæдæй сарæзта цыппæрдигъон къæбæл, йæ хуылф-иу ын ахуынкъ кодта æмæ-иу дзы сласта бæттæн кусæрттаджы хъуырыл бæттынмæ.

Дзуары дæгъæл-иу уыд хъæуы зæронд лæгтæй кадджындæрмæ. Иу заман дæгъæл уыд Цагъаты Бæбæмæ. Бæбæ куы амард, уæд та — йæ фыртты хистæр Цагъаты Гангеримæ.

Куывды бон-иу дзуары дуар байгом кодтой, æмæ-иу уырдыгыстджытæ райдыдтой кусарт кæнын. Урс галы хъуырыл бастой къæбæл, кодтой йæ дзуары бын байбын фæзмæ. Дзуарæй-иу рахастой æртæ чъирийы, бæгæныйы къус, кувæггæгтæ, стæй зынджы æхсидав æмæ-иу скуывтой Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ. Кусæрттагæн-иу армæй бадардтой цæхх, йæ ныхыл ын æвæрдтой зынджы æхсидав, йæ хъуырæй-иу бæттæн къæбæлимæ æристой æмæ-иу æй æрцауыгътой дзуары къулыл ауындзæныл, стæй-иу райдыдтой кусарт кæнын.

Æз фыццаг хатт дзуары бын уыдтæн, дæс азы мыл куы цыди, уæд. Куы бацыдтæн, уæд æрлæууыдтæн йæ астæу æмæ алырдæм дисгæнæгау кастæн. Лæгæты сæрмæ уыд нæзы аххæрджытæ, йæ сæр — саджы сиутæй æхгæд. Уыцы заман уыд ахæм фæтк: цуанон-иу саг, хъуаз кæнæ домбай куы амардта, уæд-иу ын йæ сæр хъæуы хистæртимæ бахаста дзуармæ. Дзуары къулыл уыд стыр ныв: Уастырджи бады урс бæхыл, йæ къухы — арц, æмæ йæ нытътъыста Руймоны хъуыры. Нывæн йæ фарсмæ — саджы сæр зæгæлтæй хуыд, йæ бынмæ — фæйнæг æмæ йыл фыст: «Ацы саг амардта Цакъоты Хуыймаг 1905 азы». Дзуары мидæг уыд æргъæу аг, йæ сæр — гом. Нæлгоймаг-иу фыццаг хатт куы бацыд дзуармæ, уæд-иу дзы ныппæрста мысайнаг. Дзуары рæбын дыууæ фарсы — бандæттæ, къултыл ауыгъд уыд тæсчъытæ, сæ хуылфы та — галы сыкъатæй конд уидгуытæ, бæгæнынуазæн къустæ. Тæсчъыты рæбын ауыгъд уыдысты фыдистæ, уæхстытæ, хъæдын куыситæ, уымæн æмæ мигæнæнтæ хъæуæй нæ хастой. Æппæт хъæугæ дзаумæттæ дæр уыдысты дзуарæн йæхи мидæг.

Куывды бон нæлгоймæгтæ стырæй-чысылæй бадтысты иумæ. Хистæртæ — иуæрдыгæй, кæстæртæ — иннæрдыгæй. Бадты кæрон-иу уырдыгыстджытæ алы æртæ нæлгоймаджы раз дæр æвæрдтой къус сойджын æмæ хæрзад бæзджын басимæ æмæ сыкъайæ конд уидгуытæ. Уый фæстæ-иу хистæр арфæ ракодта уырдыгыстджытæн, æмæ-иу адæм фæрнджын фынгæй рацыдысты сæ хæдзæрттæм. Уырдыгыстджытæ та-иу бафснайдтой, куывддон дзаумæттæ дæр-иу сæ бынаты сæвæрдтой. Дзуары дуар-иу сæхгæдта хъæуы хистæр. Сылгоймæгтæн дзуармæ мидæмæ цæуыны бар нæ уыд. Чъиритæ-иу кувынмæ куы æрбахастой, уæд-иу уырдыгыстæг рацыд сæ размæ, чъиритимæ тæбæгъ бахаста дзуармæ, чъиритæ æрæвæрдта фынгыл, тæбæгътæ та-иу рахаста сылгоймæгтæн. Уыдон-иу сæ сæртæй ныллæг акуывтой æмæ фæстæмæ хъæумæ аздæхтысты.

Хистæртæй ма таурæгъы хуызы баззад ахæм хабар. Нудæсæм æнусы Задæлескмæ æрбацыд уырыссаг ахуыргонд Уваров йæ бинойнагимæ. Уый æмбырд кодта Кавказы хæххон адæмы цардыл æрмæг. Йæ бинойнаг дзуары хабар куы фехъуыста, уæд æй бафæндыд дзуармæ мидæмæ бацæуын. Фæлæ йын цæрджытæ бамбарын кодтой, сылгоймагæн ахæм бар кæй нæй, уый. Сылгоймаг балхæдта кусæрттаг æмæ минæвар барвыста хъæуы хистæрмæ, цæмæй дзуары бын скува Дыгуры зæдæн. Хистæртæ йын бар раттой æмæ йæ номæй дзуары бын кусарт акодтой. Сылгоймаг куы федта, дзуары цытæ уыд, уый, уæд стыр дисы бацыд æмæ, цыдæриддæр федта, уыдæттæ ныффыста йæ боныджы.

Лæгæты астæу уыд рæхыс ауыгъд. Аг куы ауыгътой, уæд рæхыс йæхæдæг йæхи ‘гъдауæй фæныллæгдæр, цæмæй аг ауындзын æнцондæр уыдаид, афтæ. Рæхысмæ, куыд дзырдтой, уыд ахæм миниуæг: кæд æмæ куывд барст уыд Дыгуры зæдæн, уæд-иу рæхыс йæхи дæлæмæ æруагъта, науæд-иу йæхи уæлæмæ систа. Рæхысы тыххæй ма баззад ахæм таурæгъ. Иу заман — æхсæрдæсæм æнусы — Дыгургоммæ æрбацыдысты шах Аббасы æфсæдтæ æмæ фыццаг æхсæв баззадысты Кеты хъæуы. Дыккаг бон сæ изæр æрбахастой Дыгургомы Моргы лæгъзмæ. Æрфысым кодтой уым Дзуары бын. Ныртæккæ хæлд бын кæй хонынц, уый уыцы заманты уыд лæгъз. Æфсадæй иу къорд ссыд дзуармæ, рафтыдтой рæхыс æмæ йæ рахастой. Дыгургомы зæд уыцы рæстæг уыд балцы æмæ, изæрæй куы æрыздæхт æмæ рæхыс йæ бынаты куы нал федта, уæд ын уыд тынг хъыг æмæ фырмæстæй хох йæ зæвæтæй ныццавта. Уыйадыл хох нызмæлыд, зæхх ралæбырд, æмæ æфсæдтæ йæ быны фесты. Æгасæй ма чи баззад, уыдон та фæлæгъдысты. Абон дæр ма уыцы ран адæм арынц æрдынтæ, æрцытæ, кæрдтæ, алыхуызон згъæр худтæ, четæны скъуыддзæгтæ. Уыцы æрцытæ æмæ æрдынтæй ныр дæр ма бирæ ис Дыгуры зæды лæгæты. Ацы таурæгъ-иу арæх дзырдта Цакъоты Хъæрæсе. Мæ рæстæджы Задæлесчы бирæ цæрæг нал уыд, иу-цыппор хæдзары, фæлæ, хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй дзы раздæр цард бирæ адæм. Цардысты дзы Цакъотæ, Гæмаонтæ, Текъойтæ, Цагъатæ, Бæзитæ, Хосротæ, уæллаг сыхы та — Хъардантæ æмæ Дзансолтæ. Ноджы раздæр та ма дзы цардысты Абысалтæ æмæ Æндретæ дæр. Абысалтæ сæхи нымадтой уæздæттыл, уымæ гæсгæ сæхицæн домдтой уæлдай æгъдæуттæ: чындз сæ чи куырдта, уый сын хъуамæ радтаид кусæрттаг, чызг сын чи лæвæрдта, уый дæр — афтæ. Фынджы уæлхъус хъуамæ бадтаиккой æппæты сæрæй, сæ номыл хъуамæ уыдаид кадджын сидт. Уыцы уæлдай митæ сын хъæуы кадджындæр лæг Бæзиты Лало нæ хатыр кодта. Абысалтæ йæм сфыдæх сты æмæ йæ амарын кодтой, Лало йæхицæн цы цæцæйнаг фырт скодта, уымæн — Амырханæн.

Æндретæ та фыдæй-фыртмæ иунæг хæдзарæй фылдæр никуы баисты. Задæлескæй ралыгъдысты Дур-Дурмæ, æмæ дзы Цолайы фырт Дземан йæ цотимæ цæргæйæ баззад.

Тохъайтæ нудæсæм æнусы ралыгъдысты Хъобанмæ. Уæвгæ, рагон заманы Дыгургомы хъæуты цæрынæн зын фадæттæ кæй уыд, уымæ гæсгæ адæм быдырмæ лидзын райдыдтой ноджы раздæр — XVI-XVII æнусты. Æрæнцадысты Хæзныдонæй уæлдæр Æрæфы галиуварс Кеты уæрæх æрдузы æмæ хъæу дæр схуыдтой Кет. Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уæд Дыгургомы цæрджытæй иутæ ралыгъдысты Мæздæгмæ, иннæтæ – Дур-Дурмæ (уæд æй хуыдтой Тугъанты хъæу). Æмæ хохаг хъæуты, семæ –Задæлесчы цæрджытæ дæр, къаддæрæй-къаддæр кодтой. Фæлæ фæстæдæр Задæлескмæ лидзын райдыдтой хохрæбын хъæутæй, æндæр кæмттæй дæр. Хосроты Саукуыдз æрлыгъд Уæлладжыры комæй, уыд ын фондз фырты: Долæт, Дзастемыр, Сандыр, Гена, дыккаг усæй та — Гугъо. Гугъо уыд Сакъиты хæрæфырт. Куырттаты комæй ралыгъдысты Гуыриаты æртæ æфсымæры: Самур, Хъæлыц æмæ Гæма, Æккæлаты хæрæфырттæ. Хъæлыцæй рантыстысты Хъæлыцтæ, Гæмайæ — Гæматæ. Фæлæ Гæматæ фесты дыууæ дихы. Сæ иутæй рантыст Æндреты мыггаг. Самурæй рацыд Цагъаты мыггаг. Цагъатæй рантыст дыууæ фырты — Нæуæг æмæ Саукуыдз. Нæуæгæн рантыст Хъæлистухъ, Бæбæ, Гена, Бола æмæ дыууæ чызджы. Саукуыдзæн та — фондз фырты æмæ дыууæ чызджы: Налыхъ, Тæкъа, Паци, Мæрзахъул, Гадо, Гуарæ æмæ Данæ.

Цагъатæ ма цардысты Уæхъæцы дæр. Фæлæ уыдон уыдысты æндæр мыггаг. Задæлесчы сын æрвадæлтæ нæ уыд. Таурæгъы куыд баззад, афтæмæй Уæхъæцы иу хæдзары уыд æххуырст, кæцæйдæр æрбафтæг нæлгоймаг. Кæмæй уыд, уый ничи зыдта. Æххуырсæггаг ын йæ хицау балæвар кодта хуымзæххы гæбаз. Астæуæй дзы рæзыд кæркмисындзæг (дыгуронау — цагъана). Уымæ гæсгæ æххуырсты схуыдтой Цагъатæй. Раздæр Задæлесчы кау бийын нæ зыдтой, Самур та зыдта æмæ Задæлесчы цæрджыты дæр сахуыр кодта.

Хосроты æрцыдмæ Дыгургомы хуыскъæл нæ зади. Æмæ иухатт Хосроты Дозæ фæцыд Уæлладжыры коммæ, уырдыгæй рахаста къæссайы дзаг хуыскъæл, байтыдта йæ, æмæ уыйадыл хуыскъæл Дыгургомы сбирæ ис.

Зæгъын ма мæ фæнды, сывæллонæй цы æгъдау федтон, уый тыххæй дæр. Задæлесчы хъæуы астæу уыд стыр Ныхас. Йæ хурварсы ‘рдыгæй æвæрд уыдысты дуртæ бадынмæ, иннæ фарсы та — стыр цыппæрдигъон дур стъолы хуызæн. Цæмæн хъуыд уыцы дур? Хъæуы-иу зиан куы ‘рцыд, уæд-иу æй æрæвæрдтой уыцы тъæпæн дурыл, хъæуы хистæр-иу радзырдта мардæн йæ царды хабæрттæ, арфæ-иу ракодта æрцæуæг адæмæн. Уый фæстæ-иу кæстæртæ систой мард æмæ йæ уæлмæрдтæм ахастой. Хæрнæджы адæм сæхи дардтой уæзданæй, бирæ рæгъытæ нæ кодтой. Ссардтой-иу Стыр Хуыцауы ном, рухсаг загътой, загътой-иу æрцæуæг адæмы тыххæй, сыхбæсты тыххæй æмæ бæркад. Стæй-иу фынгтæй сыстадысты. Кæстæртæ марды фынгыл нæ бадтысты, мæрдадзы лæууыдысты. Расыг лæг дзы фенæн нæ уыд.

Сылгоймагæн лæвæрдтой стыр æгъдау. Уымæн æрхæсдзынæн ахæм дæнцæг. Ныхасы дуртыл бадынц зæронд лæгтæ. Иу сылгоймаг цыд куыройæ, йæ уæхсчытыл – ссады къæсса, афтæмæй. Ныхасы бадæг нæлгоймæгтæм куыддæр бахæццæ, афтæ æрлæууыд, йæ сæр аивæй æруагъта. Адæм хистæрæй-кæстæрæй сыстадысты, фæхъус сты. Хистæр раарфæ кодта сылгоймагæн, æмæ уый йæ фæндаг адарддæр кодта.

Ахæм уыдысты нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ. Фæлæ цы фесты абон, цы ныл æрцыд æмæ сæ цæмæн байдыдтам рох кæнын? Сагъæссаг æмæ æрхæндæг хъуыдытæ… Цард у æгъдау. Æгъдауæн та æппарæн нæй. Уый хъуамæ цæуа фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Кæстæртæ сæ хистæртæй цауддæр куы уой, уæд уый стыр бæллæх у. Фæлæ фырт фыдæй хуыздæр æмæ сæрæндæр куы уа, уæд цард размæ цæудзæн, æмæ нын фесæфынæй тæссаг нæ уыдзæн. Фыдæлты намыс рæсугъдæй дарддæр хæссын  хъуамæ суа нæ адæмы æнæмæлгæ нысан.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here