Зынгсирвæзтытæ хуымæтæджы не ’рцæуынц…

0
28

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырды министрадтæ, ведомствæтæ æмæ районты разамонджытимæ ныхас кодта республикæйы цардимæ баст ахсджиаг фарстатыл.

Республикæйы оперативон уавæры тыххæй радзырдта Хицауады Сæрдары хæдивæг Икъаты Руслан.

– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Ивгъуыд къуырийы дæргъы ахуыссын кæнын бантыст 21 зынгсирвæзты. Хъыгдард æмæ дзы зиантæ ничи баййæфта. Республикæйы фæндæгтыл 27 июлæй 2 августмæ æрцыд 13 фæндаггон фыдбылызы. 20 адæймаджы дзы хъыгдард баййæфтой, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындонмæ аластой. Иу адæймаг дзы фæмард. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты транспорты æппæт хуызтæн дæр.

Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы дæргъы регионы æрцыд 106 фыдракæнды, раргом кæнын дзы бантыст 63. Æбæрæг фыдгæнджытæ мидхъуыддæгты оргæнтæм дыууæ хатты æрбарвыстой мæнг хъусынгæнинæгтæ террористон актты тыххæй. Æххæстгонд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ.

«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг хайады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Цæстдард цæуы нуазыны доны хæрзхъæддзинадмæ. Ивгъуыд къуыри ног коронавирусон инфекци бæрæггонд не ’рцыд.

Республикæмæ артаг цас æрбафты, уый æрвылбон дæр бæрæг кæны РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрад. Куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ныридæгæн республикæйы ис 2060 тоннæйы бензин æмæ 2023 тоннæйы дизелон артаг. Фæндагыл ма ис 1365 тоннæйы бензин æмæ 2093 тоннæйы дизелон артаг.

Сергей Меняйло ведомствæйы разамонæг Хъараты Тимурæн бафæдзæхста цæст дарын, «Газпром», «Роснефть» æмæ «Лукойл»-мæ артаг фаг куыд хæццæ кæна æмæ æргътыл куыд нæ бафта, уый. Дарддæр Хъараты Тимур куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ зымæджы хъармгæнæн афонмæ куыстытæн æххæстгонд æрцыд сæ 67 проценты.

Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, æппæт цалцæггæнæн куыстытæ скъолаты кæронмæ фæхæццæ кæнынц. 17 августмæ æппæт ахуырадон уагдæттæ дæр цæттæ уыдзысты ног ахуыры азмæ, бындурон цалцæг кæм цæуы, уыдонæй фæстæмæ.

Сергей Меняйло районты сæргълæуджытæ æмæ профилон ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, скъолаты тæвд хæринаджы фарста куыд лыггонд цæуы, уымæ фылдæр æргом аздахын.

– Районты скъолаты конкурстæ рамбулынц хицæн амалхъомтæ. Афтæмæй хæринаджы хъуыддаг иууылдæр хауы скъолатæн хæринаг кæныны республикон комбинатмæ. «Россельхознадзор», Ахуырад æмæ наукæйы æмæ Мидхъуыддæгты министрадтæ хъуамæ сбæрæг кæной æппæт уыцы хъуыддæгтæ, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Алыбегты Эллæ ма фехъусын кодта, федералон проект «Профессионалитет»-ы бындурыл Цæгат Ирыстоны 13 колледжы æмæ æмдзæрæны бындуронæй цалцæггонд кæй æрцæудзысты, уый.

– Ацы аз уал куыстытæ цæуынц æхсæз объекты. Ноджы ма республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæдзæхстмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны парахатдæр кæны астæуккаг профессионалон ахуырад. Бафтыд бюджетон бынæтты нымæцыл, байгом ног хъæугæ дæсныйæдтæ, арæзт цæуынц нырыккон ахуырадон кластертæ æмæ æнгомдæр кæнынц колледжтæ æмæ, рауагъдонтæн куысты бынæттæ чи дæтты, уыцы куыстуæтты ’хсæн бастдзинæдтæ. Нырыккон ахуырадон корпустæ æмæ æмдзæрæнтæ хорз ахъаз фæуыдзысты, бæрзонд цæттæдзинад кæмæ ис, ахæм специалисттæ цæттæ кæнынæн, – фæбæрæг кодта Алыбегты Эллæ.

Сергей Меняйлойы фæндонмæ гæсгæ, Адæмæн куысты бынæттæ дæттæг комитет хаст æрцæудзæн республикæйы Социалон фæллойы министрадмæ.

Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here