Балц – фыдыуæзæгмæ

0
21

Диссаг у, æвæдза, адæймагыл цас фылдæр азтæ фæцæуы, уыйас æй фыдыуæзæг йæхимæ тынгдæр цæмæндæр æлвасы. Мæ царды бонты мæм уыдис, нæ мыггаг кæцæй рацыдысты, Стырмæсыджы хъæу, уый фенын, фæлæ мæм уый каст, æрцæуæн кæмæн нæй, ахæм бæллиц. Уымæн æмæ Дзауы комы уыцы хъæу æнусæй фылдæры размæ федзæрæг.

Æмæ ныр Джусойты Алик æмæ Маринæйы руаджы уый мæ къухы бафтыд. Æрæджы иумæ абалц кодтам нæ фыдыуæзæг фенынмæ. Мæ зæрдæ цинæй байдзаг, Къуыдаргомы хъæутыл зилгæйæ, уымæн æмæ сын æз нырмæ хъуыстон æрмæстдæр сæ кой, уыдтон сæ чингуыты, газетты… Мæнæ Хъемулта, Дзалабет, Къобет, Къуайса, Цъон, Хахет, Надарваз, Начъреба, Замтарет, Котанто, Саджилзаз, Хъевселт, Ерцъойы цад… Уыцы рæсугъд æрдзы уындæй, уыцы сыгъдæг уæлдæфæй нал æфсæстыстæм. Алик æрмæст шофыры хæстæ нæ райста йæхимæ, фæлæ дзы басгуыхт диссаджы гид. Куыд рабæрæг, афтæмæй тынг хорз зоны уыцы бынæттæ, сæ истори æмæ сæ махæн дæр амыдта. Фæлæ, стыр хъыгагæн, ацы хъæутæн сæ фылдæр федзæрæг, кæмдæрты ма дзы ис иугай, дыгай хæдзæрттæ.

Æмæ мæнæ, æппынфæстаг, æрлæууыдыстæм нæ фыдæлты къона Стырмæсыджы дæлбазыр. Хъæу схонын æй зæрдæ нал комы, уымæн æмæ дзы хъæууат дæр нал ис, æрмæстдæр ма, кæй ном хаста, уыцы мæсыджы пырх къултæ æмæ иу кæлæддзаг хæдзар. Æгæрыстæмæй, хъæууаты цы астæумæ кæрдæг уыди æмæ дзы цы чысыл цæугæдон уади, уыдон нын мæсыгмæ хæстæг бацæуыны фадат нæ раттой. Æз куыд хъусын, афтæмæй дзы æнусæй фылдæр ничиуал цæры. Фæлæ дзы уæддæр цас хъарм цыди, цас æхсызгондзинад нын лæвæрдта нæ удтæн йæ зæххыл лæууын дæр! Мæ цæстытыл уадысты, ам мæ фыдæлтæ куыд змæлыдысты, куыд цардысты, уыдæттæ. Æмæ та мыл рацыди, нырмæ кæй хъуыстон, уыцы мысинæгты зæй.

Джусойтæ, стæй се ‘рвадæлтæ Дзигойтæ æмæ Жажиты равзæрд æмæ историйыл нæ дзурдзынæн абон, фæлæ се ‘ппæт дæр равзæрдысты æмæ цардысты Стырмæсыджы хъæуы æмæ алы рæстæджыты ралыгъдысты алы рæттæм. Æрмæст, уым кæд æрцардысты, уый бынтон бæрæг нæу. Тарскæйы хъæуккаг Джусойты Леуаны ныхæстæм гæсгæ, 17-æм æнусы кæрон, нæ фыдæл Хъайтмаз йæ фырт Бисолтанимæ фæхыл, уый ралыгъд сæ хæдзарæй, ныххызт Дзедойы комыл æмæ уым Стырмæсыджы æрбынат кодта. Уым бинонтæ скодта, æмæ сын райгуырд фырт Джус, Джусæн — Сио, Сиойæн — Ростом æмæ афтæ дарддæр.

Фæстæдæр, зæхх кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ алы рæстæджы алырдæм фæлыгъдысты. Иутæ дзы ралыгъдысты уым хæстæг Арашендамæ, иннæтæ æрцардысты Нагутнийы, Дзалабеты, Дзагъинайы, Чъребайы… Уыцы бынæттæй дæр та бирæ фæлыгъд Къахетмæ, Цæгат Ирыстонмæ. Мæ комкоммæ фыдæлтæ Стырмæсыгæй кæд ралыгъдысты, уый бæлвырд нæ зонын, уыцы цаутæ хорз чи зыдта, уыдонæй абон ничиуал ис. Фæлæ бæлвырд зонын уый, æмæ ма мæ фыдыфыд Разден райгуырдис уым 1860 азы. Уый тыххæй мæ фыдмæ бирæ мысинæгтæ уыд.

Арæх-иу кодта йæ фыдыфыд Писыры æфсымæр Дзанджы кой. Куыд дзырдта, афтæмæй уый райгуырд 1840 азы Стырмæсыджы хъæуы. Бинонтæ никуы скодта, йæхи хуыдта сыгъдæг лæг, царди йе ‘фсымæр Писыры зæнæгимæ. Куыд дзырдтой, афтæмæй йæм фæхæццæ Хуыцауы комытæф. Хорз зыдта æрдзы сусæгдзинæдтæ, æмбæрста сырдты, мæргъты æвзаг. Ногбоны æхсæв-иу кæд арв сыгъдæг уыдис, уæд-иу фæкаст стъалыты змæлдмæ æмæ дзы цыдæр хатдзæгтæ кодта. Кæд-иу арв змæст уыд, уæд-иу йæ хуыссæнуат бацагуырдта æмæ-иу, цалынмæ æфсинтæ ногбоны фынг цæттæ кодтой, уæдмæ-иу сахаты бæрц афынæй. Уыцы сахат-иу федта, æнæхъæн аз цы ‘рцæудзæн, уый. Алы хатт дæр-иу йæ ныхæстæ разындысты раст.

1933 азы, йæ мæлæты размæ, катайгæнгæйæ дзырдта, хæстæгдæр азты политикон æгъдауæй бирæ адæм кæй фесæфдзæн, æндæр бæстæ нæм кæй æрбабырсдзæн, æмæ уыцы хæсты Советон Цæдис кæй фæуæлахиз уыдзæн, фæлæ бирæ адæм кæй бабын уыдзысты, хæххон хъæутæ кæй федзæрæг уыдзысты… Фæлæ йын йæ ныхæстæ ницæмæ дардтой, зæронды сæнттæ сæ хуыдтой. Фæлæ се ‘ппæт дæр æрцыдысты…

Адæмæн æххуысæн райгуырд, æвæццæгæн, Дзангæн йе ‘фсымæр Писыры идæдз Гæджион Кати дæр. Йæ сидзæр аст сывæллонæй уæлдай ма цалдæр азы фæкасти йæ рынчын æфсинмæ. Æфсин куы амард, уæд йæхæдæг дæр уæззау рынчын фæцис. Иухатт фыны Катимæ йе ‘фсин æрбацыд æмæ йын афтæ зæгъы: «Мæ зынаргъ чындз. Дæу хуызæн рæстуд адæймаг рынчын кæнынмæ æвгъау у. Бирæ мын фæлæггад кодтай, æмæ мын дæ тыхстдзинад мæрдты æнцой нæ дæтты. Рацу-ма, мæ хъæбул, æмæ дын æз дæ низæн хос бацамонон». Уый фæстæ Катийы къухыл ахæцыд æмæ йæ акодта, Стырмæсыджы дон цы суадонæй хастой, уый цурмæ.

Суадоны раз бæрзонд хæмпæлгæрдæджытыл йæ къух ахаста æмæ дзы иумæ бацамыдта: «Ацы кæрдæг бахъуыды кæн. Райсом-иу дзы æртон æмæ-иу сæ рафыц. Бон дзы æртæ хатты нуаз. Дæ уæлион лæггæдтæй дын уый уæддæр бафидон. Æз ма дæ абæрæг кæндзынæн, æрмæст мын мæ амынддзинæдтæ макæмæн схъæр кæн». Æцæгдæр, уыцы кæрдæджытæ Кати ссардта æмæ сæ нуазын райдыдта. Къуырийы бонмæ йæ цыма исчи ивгæ бакодта, афтæ фæци. Сдзæбæх. Уæдæй фæстæмæ дæр Катимæ фыныгъдауæй йе ‘фсин арæх цыди. Уый йын амыдта алыхуызон кæрдæджытæ, уидæгтæ, чи дзы цы низæн бæззы, куыд нуазын сæ хъæуы, уыдæттæ.

Фæстаг хатт Катимæ йе ‘фсин куы фæзынд, уæд ын бафæдзæхста: «Нырæй фæстæмæ мæн никуыуал фендзынæ, фæлæ дын кæй бацамыдтон, уыдонæй адæмæн лæггад кæн, пайдайыл макуы хъуыды кæн, æмæ дæ цотимæ дæ цард уыдзæн фæрныг. Ацы сусæгдзинад зæгъдзынæ æрмæстдæр, зæры бонты дæ зæрдæмæ æввахсдæр чи уа, уыцы миниуджытæ чи адарддæр кæна, ахæмæн».

Хосгæнæг Катийы кой айхъуыст æнæхъæн комбæстыл. Цыдысты йæм мæгуыр, тыхст адæм. Хос кодта тарнизæн, астмæйæн, ахсæны, тъæнгты, уыргты низтæн, æвæрдта цъæлтæ, æлвæстытæ… Бирæ адæмæн фæхос кодта Кати, фæлæ иу суари дæр никуы никæмæй райста. Фæлæ цух нæ уыд адæмы арфæтæй. Æмæ йыл цæугæ дæр кодтой.

Йæ сидзæртæ никуыуал ницы цух фесты. Сæ фосы дзугтæ сæрвæтты нал цыдысты. Нард кусæрттаг, царв, цыхт, мыд кæй хъуыд, се ‘ппæт дæр уыдонмæ цыдысты. Катийæн йæ бирæ зæнæг сæ амæндтæ ссардтой, афтæмæй 105 азмæ амондджынæй фæцард æмæ амард 1935 азы. Йæ мæлæт куы ‘рхæстæг, уæд йæхинымæры агуырдта, йæ дæсныйад ын чи адарддæр кæна, ахæм, æмæ равзæрста йæ сæрæн, зæрдæргъæвд чындз Хъоцион Аникойы (мæ фыдымад). Уымæн фæамыдта, цыдæриддæр ын йæхицæн амыдтой, уый.

Йе ‘фсин Гæджионæй фæсте нæ баззад Хъоцион дæр. Цыдæриддæр ын бацамыдта, уыдон æххæст кодта æнæлазæй. Хъоцион ма уымæй уæлдай кодта операцитæ дæр, ласта дæндæгтæ, фæлæ уæдмæ бинонтæ Стырмæсыгæй алыгъдысты Знауыры районы Нагутнийы хъæумæ, æмæ Хъоцион йæ уыцы миниуджытæ уым адарддæр кодта.

Ныр адæттæ иууылдæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты, Стырмæсыджы хъæууаты лæугæйæ. Мæ зæрдæйы цин нал урæдтон, кæй ранымадтон, уыдоны къахвæдтыл кæй цыдтæн, уымæй. Ме ‘мбæлццон Алик та, йæ хистæртæй куыд фехъуыста, афтæмæй мæ комкоммæ фыдæл Ростомæн уыд рынчын, уæдæгонд æфсымæр. Ахæм рæстæджы куыд вæййы, афтæ дзы хынджылæг кодтой, сæхи йыл ирхæфстой. Уый тыххæй, йе ‘фсымæры сæрыл, Ростом цалдæр адæймаджы барвыста мæрдтæм.

Дарддæр кодтам нæ балц. Стырмæсыджы фæстæ разылдыстæм иннæ уæлдæрамынд хъæутыл æмæ, иннæтæй уæлдай, афæстиат стæм раздæры Арашендайы хъæуы. Иунæг хæдзар йеддæмæ дзы нал ис, уый дæр — не ‘рвадæлтæй. Уыцы æнамонд хъæуы ацы фæрныг бинонтæ æвдисæны хуызæнæй баззадысты, æмæ уазæгæн кæддæриддæр сæ дуар у гом. Кæд бинонты хистæр Левæ æгас нал у, уæддæр йæ бинойнаг, бæркадкъух æмæ рæдауарм Хуыбецон йæ къух фынгæн дары уазджытæн. Ацы бинонтæ зæйласты сыгъд уæзæджы цард мынæг кæнын нæ уадзынц æмæ фæрнæйдзаг уæнт.

Мах азылдыстæм уыцы бынæттыл. Уæле нæм къуыбырæй сидзæрхуызæй каст, Джусойты курдиатджын лæппутæ Нафи æмæ Таймураз кæм схъомыл сты, уыцы хæдзар. Арфæйаг хъуыддаг у, амалхъом Хуыгаты Ростислав дзы музей саразынмæ кæй хъавы, уый.

Æппынфæстаг, бацыдыстæм нæ зæйласт мыггаджы иумæйаг уæлмæрдмæ. Æнкъард нывмæ кæсгæйæ, зæрдæ скъуыдтæ кодта. Диссаг уый у, æмæ Стырмæсыгæй ралидзгæйæ, ахæм зæйдзæуæн бынат цæмæ равзæрстой?

Уæд, Къуыдаргомы, Арашендайы хъæуы фондз боны æнæрлæугæйæ фæуарыд мит. 1932 азы 14 февралы хохы фахсæй раскъуыд зæй æмæ фæласта Джусойты хъæубæсты. Уысммæ хæхты фæхстæ быгъдæгæй аззадысты. Хърамула æмæ Джоджорайы цæугæдæттæ баиу сты æмæ туджы пырхæнтæ сæ разæй раластой. Чи дзы фæмард, уыдон уыдысты сæдæйы бæрц, уыдонæй фæндзай — сывæллæттæ. Бирæ бинонтæй дзы змæлæг нал баззад, бынсæфт фесты. Пухайы бинонтæй фæмард 13, Сесейы бинонтæй — 12, Мелитонтæй — 10, Никъалатæй — 8 æмæ афтæ дарддæр. Удæгасæй ма дзы скъахтой 25 адæймаджы.

Фыдбылызæй аирвæзтысты, дард балцы чи уыд, уыдон дæр. 1972 азы 15 февралы Нафи газет «Советон Ирыстон»-ы фыста: «Ерцъойы æфцæгæй коммæ куы акæсай, уæд дæ цæст æрхæцдзæн Хърамулайы рахизфарс уæлбыл иу чысыл уæлмæрдыл. Ам цалдæр балбæласы дæлбазыр ныр цалдæр азы мæрдвынæй кæны Джусойты зæйласт мыггаг. Æз, цагъды уæлдæйттæй иу, ардæм куы ‘рбафтын, уæд худаистæй фæзæгъын: рухсаг ут, мæ зынгхуыст æрвадæлтæ…»

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй уæдмæ мæ фыдæлтæ Знауыры районы Нагутнийы хъæуы цардысты. Зæй куы рацыд, уæд мæ фыд гуырд нæма уыд, фæлæ-иу йæ фыд Раздены ныхæстæ куыд фæзмыдта, афтæмæй Знауыры цæрæг Джусойтæ се ‘рвадæлты сæфтæй сæ сæртæ хойгæ фæцыдысты Нагутнийæ Арашендамæ. Уый фæстæ сын сарæзтой æхсæны хист, скодтой сыл зарæг, фæлæ, хъыгагæн, фесæфт.

Ахæм стыр фыдбæллæхæн абон йæ аххосаг раиртасын зын у. Къуайсайаг Зассеты Болат куыд дзырдта, афтæмæй революцийы фæстæ адæм Хуыцау æмæ дзуæртты ныхмæ кæй рацыдысты, уый сын нæ ныббарста. Йæ хистæртæй куыд фехъуыста, афтæмæй зæйы хæдразмæ уыцы хъæуæй иу фæскомцæдисон кувæндоны бæлас ракалдта, дзуæрттæ нæй, зæгъгæ. Бæлас куыд рафæлдæхт, афтæ дзы зæд ратахт гыццыл сывæллоны хуызы æмæ цæхæркалгæ Рагъы дзуары ‘рдæм стахт. Лæппу фыртæссæй лидзæг фæцис хъæумæ æмæ Ныхасы радзырдта хабар. Бæргæ ма акодтой кусарт, хатыр ракуырдтой, фæлæ уыцы изæр бæстæ саудалынг ныцци, æмæ мит фæлдзæгъдæн райдыдта, Къуыдаргом æртæ бонмæ миты бын фæцис, æмæ зæй ратыдта. Ныр йæ амæттæгтæ хуыссынц ам æфсымæрон ингæны.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Болаты хатдзæгтæн бæлвырд бындур нæй. Уыдон сты зæрдаив ныхæстæ. Уымæн æмæ, хъыгагæн, ахæм фыдбылызтæ раджы дæр цыд æмæ ныр дæр. Цагъды уæлдæйттæй ма чи аирвæзт, уыдон уыцы бынат схуыдтой Ногхъæу, фæстæдæр Замтареты хъæуимæ баиу. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæддæр ма цагъдуæлдай хъæуæй рантыст 12 хæстоны, уыдонæй дæр аст баззадысты тохы быдыры. Хъæуы кæд цард фæстæдæр сæндидзыдта, уæддæр дзы нал æрлæууыдысты. 40-50 азты ралыгъдысты уырдыгæй æмæ ныртæккæ сæ фылдæр цæры Цæгат Ирыстоны Тарскæйы хъæуы.

Кæд нæ мыггаджы сæфтыл уæлдай хатт мæ зæрдæ фæрыст, уæддæр мыл базыртæ басагъта, нæ фыдæлты фыццаг къона Стырмæсыг кæй федтон, уый. Сæххæст мæ рагбонты бæллиц. Фыдыуæзæгæн йæ хъæууат дæр зынаргъ у.

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here