Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæ æмæ нæ республикæйы 14 æхсæнадон организацийы бадзырд бафыстой сентябры Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты мадзæлттæм цæст дарыны фæдыл.
РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар, æвзæрстытæм цæст дарыны регионалон штабы разамонæг Нина Чиплакова фембæлды рæстæг куыд радзырдта, афтæмæй æппæт политикон тыхтæ дæр тырнынц æвзæрстыты хорз бæрæггæнæнтæ райсынмæ, æмæ сæйрагдæр у, цæмæй уыцы бæрæггæнæнтæ нæ граждæнтæм дызæрдыгдзинад ма сæвзæрын кæной, фæлæ хъæлæс кæныны процесс ацæуа закъоны бындурыл, куыд æмбæлы, афтæ – æппæт домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Цæстдарды мадзалмæ бацæттæ кæныны фæдыл цæуы стыр куыст кæрæдзийы фæлтæрддзинадæй пайда кæнынæн, æвзæрстытæм цæст дарыны фарстатæ канд политикон организациты ‘хсæн нæ, фæлæ æхсæнадон организацитæ æмæ хæдбар институтты ‘хсæн.
– Ацы егъау æмæ нымад æхсæнадон организацитæ æвзæрстыты рæстæг иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой сæ дæсны архайд, æмæ уый махæн дæр вазыгджын хъуыддаг у. Æхсæнадон организацитимæ нын æмгуыстады бадзырдæн стыр ахадындзинад ис, уый нысан кæны, нæ республикæйы граждайнаг æхсæнад æнгом æмæ æмзонд кæй у, æвзæрстытæ раст æмæ æргом цæмæй ацæуой, уыцы хъуыдыйы. Æхсызгон нын у, нæ къорды кæй архайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ дæр. Нæ зæрдæ дарæм æвзарæн участокты æхсæнадон цæстдарджытыл, уымæн æмæ нæ иумæйаг нысан у, алкæй хъæлæс дæр куыд фехъуыса, уый, – загъта Нина Чиплакова.
Æмгуыстадмæ традицион æгъдауæй хуынд æрцыдысты иумæйагуæрæсейон æмæ республикон æхсæнадон организациты регионалон хайадтæ. Се ‘хсæн сты: Уæрæсейы Адæмты ассамблейы регионалон хайад, Уæрæсейы Сылгоймæгты цæдис, Уæрæсейы Журналистты цæдис, Инвалидты æппæтуæрæсейаг æхсæнад, Уæрæсейы Юристты ассоциаци æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы Ассоциацийы ветерантæ, Автомобилистты æппæтуæрæсейаг æхсæнад, Уæрæсейы Фæсивæдон цæдис, фонд «Защитники Отечества», хæрзаудæн фонд «Быть добру» æмæ иннæтæ.
– Не ‘вджид сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æмæ нæ хъæбатырты бинонтæ, рæстдзинад йæ туджы уæлдай тынгдæр кæмæн ис, ахæм адæм сты. Уыдонæн ахсджиаг у, сæ хъæлæстæн зынгæ ахадындзинад кæй ис, сæ туг кæуыл калынц æмæ нæ бæстæйы æхсæнадон царды сæрæнæй кæй архайынц, уый зонын, æмæ нæ фонды хæс дæр у алывæрсыг æххуыстæ сын кæнын, сæ граждайнаг бартæ сын хъахъхъæнын, – загъта фонд «Защитники Отечества»-йы регионалон хайады разамонæг Хетæгкаты Маринæ.
Журналисттæ уыдысты æмæ алкæд дæр уыдзысты æвзарæн процесстæ æмæ æхсæнады астæу «фæндаг амонджытæ». Сæ хæс у, канд факттæ бæрæг кæнын нæ, фæлæ æхсæнадмæ, адæммæ рæстаг информаци фæхæццæ кæнын.
– Цæгат Ирыстоны Журналистты цæдис йæхимæ хæстæ райста, æвзарæн кампанийы алы къахдзæф дæр раст æмæ æцæг куыд у, афтæмæй хæццæ кæнын. Нæ кусджытæ цæттæ сты хæрзхъæд æмæ раст информаци адæммæ хæццæ кæныны куыстмæ. Æмбарæм, бæрнондзинад ныл кæй ис, æмæ архайдзыстæм журналисты дæсныйады этикæ ма фехалыныл, – загъта РЦИ-Аланийы журналистты цæдисы сæрдар Хъуысаты Тимур.
Хъайтыхъты Зæлинæ














