Рæзы нæм фидæны гроссмейстер

0
26

 

Шахмæттæй хъазыны спортæй нæ республикæйы курдиатджын кæстæртæ кæй рæзы, уымæн та æвдисæн ссис ирыстойнаг 8-аздзыд чызг Хъулчиты Викторияйы æнтыстджын архайд Уæрæсейы Кубок рамбулыныл ерысты.

Классикон шахмæттæй Уæрæсейы Кубок рамбулыныл ерысты иу къæпхæн 5 – 12 августы цыдысты горæт Чебоксарыйы, æмæ дзы архайдтой 9 – 13 æмæ 15-аздзыд чызджытæ æмæ лæппутæ. Турниры архайдтой Уæрæсейы 53 регионы 748 æвзонг шахматисты.

9-аздзыд шахматистты ерысты тынг æнтыстджын рауад Хъулчиты Викторияйы архайд. Цы фараст фембæлды йын уыд, уыдонæй фæуæлахиз астыл æмæ зынгæ фæраздæр йе ’ппæт ныхмæлæуджытæй.

Ацы ерысты хæдфæстæ 15 – 23-августы та Ессентукийы цыди Уæрæсейы Кубок рамбулыныл ерысты иннæ къæпхæн, æмæ дзы архайдтой нæ бæстæйы 27 регионы æрыгон шахматисттæ. Ам дæр та Хъулчиты Виктория зынгæ æрхъуыдыджындæр разынд йæ ныхмæлæуджытæй æмæ 9-аздзыд шахматистты ерысты бацахста 1-аг бынат.

Ахæм æвзонг кары фæдфæдыл дыууæ хатты стыр ерысты фæуæлахиз уæвын дзурæг у Викторияйы стыр курдиатыл. Æнæмæнг, йæ дарддæры спортивон фæндаг куыд рауайдзæн, уый аразгæ уыдзæн куыд йæхицæй, афтæ йæ хъомылгæнджытæй дæр. Виктория йæ шахмæттæй хъазыны фæндаг райдыдта, тренертæ Танделаты Иринæ, Тауаситы Алан, Саууойты Артур кæм кусынц, уыцы шахмæтты скъола «Феномен»-ы. Абон Викторияимæ кусы дунеон къласы мастер Заур Текеев, æмæ куыд зæгъы, афтæмæй Хъулчиты 8-аздзыд чызгæн йæ гæнæнтæ сты бирæ, æмæ хъуамæ схиза бæллиццаг бæрзондмæ.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here