Национ проектты хъомыс

0
90

Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Владимир Надыкто, Цæгат Ирыстоны кусæг балцы уæвгæйæ, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисимæ цы æмбырд сарæзтой, уым ныхас цыд, национ проекттæ республикæйы куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.

Владимир Надыкто куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахæм æмбырдтæ регионы субъектты систы традицион æмæ ахъаз сты национ проекттæ æххæст кæныны иумæйаг уынаффæйады мадзæлттæ саразынæн.

Дзанайты Барис куыд бахахх кодта, афтæмæй национ проекттæ  ахадгæ фæрæз сты социалон рæзты фарстатæ æмбæлгæ уагыл лыг кæныны хъуыддаджы, æмæ Цæгат Ирыстоны Хицауад дарддæр дæр архайдзæн æппæт национ проекттæ æххæст кæныныл.

– Цæгат Ирыстоны национ проекттæ æххæст кæныны фарстатæ  республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сбæрæг кодта, куыд сæйрагдæртæ. Уый субъектæн у ахсджиаг механизм – мах аразæм, цалцæг кæнæм ахуырад, æнæниздзинад, культурæ, спорт æмæ æндæр социалон ахсджиаг объекттæ, дæттæм æххуысы фæрæзтæ, нырыккон ифтонггарзæй сæ ифтонг кæнæм. Уыцы нысантæн паддзахад радих кодта 11,8 миллиард сомы, уыдонимæ 118 – социалон æмæ инженерон инфраструктурæйы объекттæн, алы къабазы рæзтæн. Объектты арæзтад æмæ бындурон цалцæджы рæстæг цы фарстатæ сæвзæры, уыдон оперативон æгъдауæй лыггонд æрцæуынц. Республикæ æрвылаз дæр хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы, национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæй, – загъта Дзанайты Барис.

Æххæстгæнæн хицауады оргæнты разамонджытæ бæлвырдæй радзырдтой, профилон къабæзты регионалон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй. Зæгъæм, республикæйы Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад цыппар нацпроекты фæлгæты æххæст кæны, сæ иумæйаг аргъ 3,6 миллиард сомы кæмæн у, ахæм 100 мадзалы. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат. Национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы фæлгæты дарддæр арæзт цæуынц дыууæ сакъолайы, бындурон цалцæг цæуы 24 скъолайы æмæ 6 колледжы. Национ проект «Бинонтæ»-йы фæлгæты бындурон цалцæг цæуы 6 рæвдауæндоны æмæ ма арæзт цæуы дыууæ, ноджы ма хæдзар-интернат, йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдон æмæ ацæргæ адæмæн, бындурон цалцæг – 4 культурон объекты. Национ проект «Дæргъвæтин æмæ активон цард»-ы фæлгæты цалцæггонд æрцæудзысты æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы дыууæ объекты, арæзт æрцæудзæн 8 фелсырон-акушерон пункты æмæ амбулаторийы. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр æххæстгонд цæуынц æмгъуыдтæм гæсгæ.

Национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы фæлгæты дарддæр цалцæг цæуы Æрæфы донуадзæн системæ. Уымæн дзуапп дæтты республикæйы Коммуналон хæдзарад. Ноджы ма куыст цæуы, цæрджыты кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм раивыныл дæр.

5 регионалон проекты фæлгæты 3,8 миллиард сомы схардз кæндзысты ахуырады системæйы мадзæлттыл. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ музыкæ, нывкæнынад æмæ физикæйы 171 кабинеты ифтонггонд æрцæудзысты нырыккон ифтонгарзæй. Ныридæгæн уыцы куыст цæуы. Программæ «Хъæууон ахуыргæнæг»-ы фæлгæты ацы аз 19 ахуыргæнæджы райдайдзысты кусын нæ республикæйы хъæуты. Цы иухаттон фиддонтæ сын æмбæлы, 1 милуан сомы бæрц, уыдон сын лæвæрд æрцыдысты. Ноджы ма уæлæмхасæн фæрæзтæ радих кодтой рæвдауæндæттæ сифтонг кæнынæн, директорты уынаффæгæнджыты хъомыладон куысты æрвылмæйон мызд æмæ ахуыргæнджытæн къласы разамынды тыххæй.

Æмбырды архайджытæ ма æркастысты, фæллой æмæ социалон рæзт,
куысты бынæттæ, фæндаггон инфраструктурæ æмæ æндæр къабæзты национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here