Ноггонд скъола – сабитæн

0
35

Дур-Дуры хъæуы ног ахуыры азы агъоммæ стыр куыст бакодтой 2-æм астæуккаг скъола бындуронæй рацаразыныл. Уæ цæстытыл ауайæд, сабитæ куыд цин кодтой се скъолайы уындæй.

Уæдæ сæ циныл бацин кæнынмæ ахуыры фыццаг бон æрцыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, уый сын зæрдиаг арфæтæ ракодта, загъта, цæмæй ног ахуыры азы райгонд æмæ æнтыстджын уой. Скъолайы ноггонд æрцыдысты кабинеттæ, хæрæндон, фæзынд дзы нырыккон спортивон зал, спортæй архайыны фæз. Сабитæн сæ бон уыдзæн гуманитарон æмæ агротехникон зонындзинæдтæ исын, ис дзы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кадетон кълас дæр.

Æрбацæуæг ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ уыдтой, сывæллæттæ куыд лæмбынæг кæсынц скъолайы фæзынæг ногдзинæдтæм, кæрæдзийæн сæ куыд амонынц, уыдæттæ. Бæрæг уыд, алцыдæр уыдоны аккаг конд кæй æрцыд, уый. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ алы сывæллон дæр æнкъара, ахуырæн ын æппæт фадæттæ кæй ис, æппæт уавæртæ. Уæд сæ бон уыдзæн сæ арæхстдзинад, сæ гæнæнтæ равдисын, сæ размæ æвæрд нысантæм тырнын.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here