Мæскуыйы ахадгæ æххуыс

0
17

Парти «Иугонд Уæрæсе» алывæрсыг æххуыс кæны, зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæныны программæтыл чи кусдзæн, уыцы хъæппæристæн.

– Æрвылаз Уæрæсейы алы рæттæй 1,5 мин дохтыры стажировкæ фæкæнынц Мæскуыйы медицинон æмæ наукон центрты,  – зæгъы партийы Уæлдæр советы бюройы уæнг, Мæскуыйы мэр Сергей Собянин.

«Ахуыртæ фæцæуынц роботы хирургийæ, УЗИ, сывæллæтты дерматологи, трансфузиологи æмæ æндæр хуызтæй. Мæскуыйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады департаменты кадрты центр абоны онг суазæг кодта специалистты Уæрæсейы 30 регионæй. Уыдоны ‘хсæн сты регионалон центрты разамонджытæ.

Алы регионы дæр уавæр хицæн кæны, уымæ гæсгæ сын бацæттæ кодтой зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнынæн хицæн программæтæ. Цæгат Ирыстон дæр архайы мæскуыйаг ахуырадон мадзæлтты, конференциты æмæ дискусситы. Сæрмагонд цифрæйы платформæ «Московская медицина.Мероприятия»-йы æххуысæй зындгонд дохтырты фæлтæрддзинад хæццæ кæны Уæрæсейы 550 цæрæн бынатмæ. Уымæй уæлдай, Мæскуы, 2025 азæй æххуыс кæны йæхи инновацион практикæтæй регионты æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазæн.

Клиникон фæлтæрддзинад хуыздæр кæнынæн, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады департамент алы аз дæр бацæттæ кæны 30-æй фылдæр методикон амынддзинæдтæ. Регионты æппæт курдиæттæм каст æрцæуы, цæмæй сæ архайд ноджы ахадгæдæр уа», – фæбæрæг кодта Сергей Собянин.

«Никæмæй у сусæггаг, Мæскуы æмæ иннæ стыр горæтты медицинон технологитæ, регионтимæ абаргæйæ, стыр санчъехтæй кæй цæуынц размæ.

– Æргом куы зæгъон, уæд уыдис ахæм рæстæг, уавæрмæ æппындæр цæстдард куы нæ уыдис нæ паддзахады, нæ дохтырты æхсæнадæй. Фæлæ фæстаг азты «Иугонд Уæрæсе»-йы æххуысæй фæзындысты æмæ кусынц программæтæ «Хъæууон дохтыр» æмæ «Хъæууон фелсыр», стæй, æнæниздзинад хъахъхъæнынæн æххуыс чи у, ахæм хъæппæристæ. Ацы ран стыр ахадындзинад ис Мæскуыйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады департаменты кусджытæ цæттæгæнæн центрæн. Ахуыр дзы кæнынц Уæрæсейы алы регионтæй, уыимæ, нæ республикæйы специалисттæ дæр», – фæбæрæг кодта республикæйы Парламенты депутат, проект «Иугонд Уæрæсейы сылгоймæгты змæлд»-ы координатор Дзгойты Иринæ.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here