Дзæуджыхъæуы Центрон парчы, Горькийы уынджы ‘рдыгæй кадджын уавæры байгом кодтой Гæздæнты Гайтойы цыртдзæвæн. Уый уыдис, амалхъом адæймæгтæ Пухаты Олег æмæ Дзгойты Валерийы хъæппæрис. Скульптурæ сарæзта зындгонд скульптор Соскъиты Владимиры фырт Барис.
Кæд асæст бон уыд, сæлфынæг кодта, уæддæр цыртдзæвæн байгом кæнынмæ тынг бирæ адæм æрбацыд: РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Гуыдиаты Батрадз, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Ходы Мæдинæ, ЦИПУ-йы уырыссаг филологийы факультеты декан Толасты Иринæ, Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты директор Хъаныхъуаты Зæлинæ, филологон наукæты доктор, ирон традицион культурæ иртасæг, Сæлбиты Тамир, уырыссаг фыссæг Юрий Нечипоренко, фысджытæ, нывгæнджытæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ, мыггаджы минæвæрттæ æмæ æхсæнадон царды иннæ архайджытæ. Гайтойы царды тыххæй радзырдта, Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг театры директор Владимир Уваров.
– Абон махæн бæрæгбон у. Гæздæнты Гайтойæн гом кæнæм цыртдзæвæн. Къорд азы размæ Дзæуджыхъæуы Миллеры уынджы Пушкинæн куы гом кодтой, Соскъиты Владимиры арæзт цыртдзæвæн, уæд уый мæнæн стыр кады хос уыд. Абон дæр мæм афтæ кæсы, цыма Александр Пушкин мæнæ Уырыссаг театры дуармæ æрлæудзæн æмæ файтонæй æрхиздзæн. Уыцы мадзал куы амыдтон, уæд мæ уды æмæ зæрдæйы ноджы фылдæр сæрыстырдзинад сырæзыд канд поэтмæ нæ, фæлæ Дзæуджыхъæу æмæ Соскъиты Владимирмæ. Абон дæр та ахæм цау ралæууыд. Æрмæст Владимиры фырт Барис сарæзта, ирон адæмы аккаг хъæбултæй иу Гæздæнты Гайтойы цыртдзæвæн æмæ та, ацы хъуыддаг амонын дæр мæнæн бабар кодтой. Гайтойы уæззау хъысмæты фæдыл дзурын æнцон нæу. Цы бирæ диссæгтæ бавзæрста эмиграцийы рæстæг, уыцы уавæртæ йын уæддæр йæ зæрдæ нæ фæхъæбæр кодтой, фæлæ архайдта, адæмы рæгъмæ рацæуыныл.
Гайто Ирыстоны нæ райгуырд, Бетъырбухы – ирон бинонты ‘хсæн, фæлæ йæ фыдæлты уæзæджы уидæгтимæ уыдис æнгом баст. Алы сæрд дæр- иу йæ фыдыфыдмæ Ирыстонмæ æрцыд. Уæд Дзæуджыхъæуы æрдзон нывтæ уынгæйæ, йæ зæрдæйы арф æрцард Ирыстон. Граждайнаг хæст куы райдыдта, уæд Гайто 20-аздзыдæй афтыд фæсарæнтæм æмæ алы рæтты рахау-бахау кодта.
Фæстагмæ æрбынæттон ис Парижы. Бирæ зынтæ æмæ удхæрттæ бавзæрста æцæгæлон бæстæйы, адæймаг сæ дзырд нæ фæуыдзæн, фæлæ йæ фыдæбоны руаджы скодта йæхицæн ном. Гайто уыдис фæзминаг æмæ кадджын ныййарджыты хъæбул. Йæ мад каст фæцис «Бестужевские» кæй хуыдтой, уыцы курсытæ, уыдон та, уыцы заман сылгоймагæн æппæты бæрзонддæр æмæ кадджындæр ахуырадыл нымад уыдысты. Гайто фыста уырыссаг æмæ французаг æвзæгтыл, фæлæ йе сфæлдыстадæй иунæг чиныг дæр мыхуыры нæ рацыд, цалынмæ æгас уыд, уæдмæ. Гайтойы уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты дунейы бирæ бæстæты æвзæгтæм, уыимæ, нæхи ирон æвзагмæ дæр Европæйы стыр аргъ кæнынц Гайтойы сфæлдыстадæн æмæ уый хуымæтæджы нæу, – загъта Владимир Уваров.
Митинджы раныхас кодта, ацы хъуыддаг кæй хъæппæрисæй сырæзт, уыцы амалхъом адæймаг Дзгойты Валери дæр. Уый загъта:
– Иу хатт нырыккон зындгонд уырыссаг фыссæг Евгений Водолазкинимæ иу фынгыл цай цымдтам. Æз æй афарстон, Гæздæнты Гайтойы тыххæй цы хъуыды кæны, уымæй. Евгений мæм æрбакаст æмæ афтæ бакодта: «Это русский классик, это писатель первого ряда». Мæнæн тынг æхсызгон уыдысты фыссæджы ныхæстæ. Уæд сфæнд кодтам ме ‘мбал Пухаты Олегимæ Гайтойæн цыртдзæвæн нæхи горæты байгом кæнын. Уыимæ, нæхи ирон адæмæй бирæтæ Гайтойы зонгæ дæр нæ кодтой. Уыцы хъæппæрисимæ бацыдтæн нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйломæ æмæ мæ фæндыл сразы. Æнцой нын фæлæууыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ Дзæуджыхъæуы мэр Милдзыхты Вячеслав дæр. Стыр бузныг сын
зæгъын. Уыдоны æххуыс куы нæ уыдаид, уæд нæ хъуыддагæй уайгæ дæр ницы ракодтаид. Фæлæ нæм разынд, ацы хъæппæрисимæ разы чи нæ уыд, ахæмтæ. Гайтойы хъысмæт тынг уæззау уыд. Францмæ куы афтыд, уæд йæ мысинæгты фыста: «Нет в Париже такой лавки, где я не ночевал». Йæ зынтæй фервæзт, йæ къæхтыл слæууыд æмæ сси, дунейы йæ ном æмæ йæ уацмыстæ алы æвзæгтыл кæм кæсынц, ахæм фыссæг. Каст фæци Парижы Сорбоннæйы университет дæр. Гайто махæн у сæрыстырдзинад, æмæ мæ фæнды, нæ фидæны фæлтæртæ цæмæй зоной не ‘мзæххонты æндæр бæстæты царды истори, – загъта Дзгойты Валери.
Ам ма раныхас кодтой Сæлбиты Тамир, Толасты Иринæ æмæ фыссæг Юрий Нечипоренко.
Цыртдзæвæн байгом кæныны хæс та лæвæрд æрцыд Соскъиты Барис æмæ Дзгойты Валерийæн. Мадзал арæзт у, ноябры Гæздæнты Гайтойы райгуырдыл 125 азы кæй сæххæст уыдзæн, уый кадæн.
Саутæты Тамилæ














