Æдасдзинады фадæттæ

0
20

Фæззыгон-зымæгон зынгсирвæзтæй тæссаг рæстæгмæ цæттæдзинад, ахуыргæнæндæтты зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады мадзæлттæ саразыныл ныхас цыд Æнæнхъæлæджы уавæртæ не ’руадзын æмæ аиуварс кæныны республикон къамисы æмбырды. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Томайты Ирбег.

Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады паддзахадон управленийы граждайнаг хъахъхъæнынад æмæ цæрджыты æдасдзинады управленийы разамонæджы хæдивæг Хъæрджынты Игорь куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ фæззыгон-зымæгон зынгсирвæзтæй тæссаг рæстæгмæ цæттæдзинады фæлгæты куыст цæуы цæрджытимæ: «зилæм сыл, бирæфатерон хæдзæрттæ æмæ цæхæрадæтты æмбалæдты цæрджыты æрбамбырд кæнæм, хъæуты цæрджыты æмæ семæ иумæ зынгсирвæзт не ’руадзыны мадзæлттæ æвзарæм.

Томайты Ирбег бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæн бафæдзæхста, æнæнхъæлæджы уавæртæ не ’руадзыны æмæ аиуварс кæныны къамисты æмбырдтæ æмæ муниципалон районты зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады
мадзæлттæ саразын. Артгæнæн рæстæг хъуамæ уæлдай æргом здæхт цæуа, цæрæнуаты къабазы зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады мадзæлттæм, уыимæ, хæдзæрттæ æмæ фатерты мидæг газы ифтонггæрзтæй пайда кæнгæйæ.

Фæззыгон-зымæгон зынгсирвæзтæй тæссаг рæстæг хицæн кæны, цæрæн къабазы зынгсирвæзтæй тæссаг кæй у, фæлæ ма æрдзон зынгсирвæзтыты нымæц кæй фæфылдæр вæййы, уымæй. Уымæ гæсгæ Граждайнаг хъахъхъæнынад æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Александр Хоружий муниципалон скондты сæргълæуджыты зæрдыл æрлæууын кодта, ахæм зынгсирвæзтытæ хуыссын кæнынæн цы пъланыл бакуыстой, уый. Уыцы пъланмæ гæсгæ муниципалитеттæ æнæмæнг хъуамæ бацæттæ æмæ сбæрæг кæной сæ хъарутæ æмæ фæрæзтæ.

Æмбырды ма бахыгътой, ахуыргæнæндæттæ ног ахуыры азмæ куыд цæттæ сты, уый.  Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады управлениимæ æнгом æмгуыстады фæрцы, æппæт цæттæгæнæн куыстытæ ацыдысты æмбæлгæ уагыл, æппæт организациты дæр райдыдта ахуыргæнæн процесс. Ацы аз зынгсирвæзты ныхмæ гæрæнтæ саразынæн радих кодтой 300 милуан сомы. Уыдоны руаджы æххæстгонд æрцыдысты æппæт зынгсирвæзт ма ’руадзыны домæнтæ.

Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады паддзахадон управленийы профилактикон куыст æмæ цæстдарæн архайды управленийы разамонæджы хæдивæг РЦИ-Аланийы Хъайырты Зауыр фæнысан кодта, уæлдай æргом профилактикон мадзæлттæм аздахын кæй хъæуы – ведомствæйы специалистты методикон æмæ консультативон æххуыс стыр ахъаз у, ахуырадон объекттæ, рагагъоммæ цалцæджы рæстæг, зынгсирвæзтæй бахизынæн.

Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады паддзахадон управленийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг РЦИ-Аланийы Сергей Веретенников, республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрадимæ æмархайд, æрхаста дæнцæгæн, æмæ иннæ æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнтæм дæр фæсидт æмгуыстад фидардæр кæнынмæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, профилактикон куыст фæтынгдæр кæнын ахъаз уыдзæн аиппытæ афойнадыл аиуварс кæнынæн.

ГÆБУАТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here