Æмхуызон социалон рæзт – паддзахады ахсджиагдæр хæстæй иу

0
18

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ Уæрæсейы  Федерацийы сенатор Виталий НАЗАРЕНКО, Федерацийы Советы делегацийы уæнг уæвгæйæ, архайдта Танзанийы горæт Аршуйы Парламентты ‘хсæн цæдисы 153-æм Ассамблейы куысты.

Цæгатирыстойнаг парламентари раныхас кодта адæймаджы бартæ æмæ демократийы фарстаты фæдыл докладимæ. «Иумæйаг æмæ алкæмæн  дæр æмхуызон социалон рæзт: инвалидты гæнæнтæ парахатдæр кæнын æмæ сæ бартæ хъахъхъæныны парламентон нысантæ», зæгъгæ, ацы темæйыл ныхасгæнгæйæ, Виталий Назаренко бавдыста дунеон документмæ бахæссинаг уæрæсейаг ивддзинæдтæ.

Йæ раныхасы Виталий Назаренко бафиппайдта, алы адæймагæн дæр æмхуызон бартæ æмæ гæнæнтæ аразын Уæрæсейæн кæй у канд социалон хæс нæ, фæлæ, æхсæнад йæ рæзтыл раст фæндагыл лæуд кæй у, уый нысан. Сенатор бафиппайдта, нæ бæстæйы арæзт кæй æрцыд хъуыддаджы дзуапдæттæг ахъаззаг куыст: закъонæвæрынадон хъæппæристæ æмæ паддзахадон программæтæй райдай æмæ æнæкоммерцион æхсæнæдтимæ бастдзинæдтæй фæу. Уæлдай æргом здæхт цæуы адæймæгты реабилитаци æмæ абилитацийы иумæйаг мадзæлттæм.

Виталий Назаренкойы раныхасы сæйраг темæтæй иу уыд, социалон интеграцийы спорт цы ахъаззаг бынат ахсы, уый. Сенатор куыд загъта, афтæмæй, уæрæсейаг спортсменты бартæ иннæ спортсмены бартæй ныллæгдæр кæной æмæ дунеон спортмæ политикæ хæццæ кæна, ахæм цаутæн нæй нæдæр æруадзæн, нæдæр быхсæн.

– Хъыгагæн, дунеон спорт политикæйы амæттаг бацис. Фæлæ уæддæр уыцы уавæрты дæр нæ паралимпиаг спортсментæ æвдисынц диссаджы фидар удыхъæд, æмæ сæ къухы æфтынц бæрзонд спортивон бæрæггæнæнтæ. Сæ бартæ сын дарддæр дæр хъахъхъæндзыстæм æмæ, æппæт дунеон спортивон ерысты дæр цæмæй архайой æмæ иннæтимæ æмбар уой, ууыл дарддæр дæр тох кæндзыстæм, – загъта нæ сенатор.

Уымæй уæлдай, Виталий Назаренко ныхас кодта инвалидтæн ахуыр кæныны гæнæнтæ фылдæр кæныны æмæ сын куысты бынæттæ аразыны хъуыдаджы Уæрæсейы сгуыхтдзинæдтыл. Куыд загъта, афтæмæй нæ бæстæйы дарддæр дæр царды уагъд цæуы 2030 азмæ Инвалидтæн куысты бынæттæ фылдæр кæныны концепци, стæй парахат кæны зондамонджыты институт.

Уæрæсейаг делегаци бауынаффæ кодта резолюцийы проектмæ хъæугæ ивддзинæдтæ бахæссын, цæмæй закъон хъуыддагæй пайда уа, уый тыххæй. Сенатор, йæ ныхасмæ гæсгæ, «Доступная среда», зæгъгæ, ацы паддзахадон программæйы фæрцы нæм цы фæлтæрддзинад бамбырд, уымæй иннæтæн дæр фæхай кæнынмæ у цæттæ.

ÆЛБОРТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here