Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады æмбырд. Амыдта йæ Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис.
Ныхас цыд республикон бюджеты æфтиæгтæ фæфылдæр кæныныл, адæмæн уæлæмхасæн æххуысы мадзæлттыл æмæ нæ республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады райрæзтыл. Æппæт ацы фарстаты фæдыл хаст æрцыд æмбæлгæ уынаффæтæ.
Афтæ, æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой 2026 азы æмæ 2027-2028 азты пъланон рæстæгмæ республикон бюджетмæ ивддзинæдтæ баххæссыны фарстайыл. Бæстон ныхас цыд бюджеты æфтиæгтыл, хæрдзтыл æмæ финанстæ дæттыны гуырæнтыл. Республикæйы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксана Карова куыд загъта, афтæмæй ацы аз бюджеты æфтиæгтæ хъуамæ фæфылдæр уой 3,7 миллиард сомæй. Уыдонæй 980 милуан сомы уыдзысты федералон нысанмæарæзт бюджетты ‘хсæн фæрæзтæ æмæ, фидинаг чи нæу, ахæм финансон æххуыстæ «Территориты райрæзты фонд»-æй.
Хъалонтæ æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ хъуамæ фæфылдæр уой 2,7 миллиард сомæй. Бюджет, раздæрау, бахъахъхъæндзæн йæ социалон ахадындзинад. Республикæйы цæрджытæн æххуысы хæрдзтæ фæфылдæр уыдзысты 1,7 миллиард сомæй. Социалон æххуыстæ баст сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысимæ, сывæллон райгуырыны æмæ йæ хъомыл кæныны тыххæй ныййарджытæн уыдзæн æрвылмæйон бафыстытимæ, льготæйæ пайдагæнæг адæймæгтæн дзæбæхгæнæн хостимæ, ахуырады информацион инфраструктурæйы рацарæзтимæ æмæ физикон культурæ æмæ спорты къабазы программæтæ царды уадзынимæ.
– Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло нæ размæ цы хæстæ æвæры, уыдон царды рауадзыны тыххæй уæлæмхасæн финансон æххуысæй пайдагонд æрцæудзæн нæ адæмæн баххуыс кæныны æмæ инфраструктурæ парахатдæр кæныны нысанимæ, – загъта Дзанайты Барис.
Уымæй уæлдай, кадрты фарстайы цы ивддзинæдтæ ис, уый нымайгæйæ, каст æрцыд хæстæгдæр финансон азмæ æмæ пъланон рæстæгмæ Бюджетон проектировкæты фæдыл хицауадон къамисы скондмæ. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй республикон бюджетыл куыст кæй цæуы, уымæ гæсгæ Къамисы æнæкъуылымпы
куыстæн саразын хъæуы уавæртæ.
Министрты кабинет сфидар кодта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, промышленнон æмæ æндæр организацитæм газ бауадзыны программæмæ хаст ивддзинæдтæ. Профилон министр Хъараты Тимур куыд радзырдта, афтæмæй, «Ног горæт» кæй хонынц, уыцы микрорайоны пълан кæнынц, сæ дæргъ 1,5 километры кæмæн уыдзæн, ахæм газуадзæн хæтæлтæ сæвæрын. Уымæй уæлдæй, дыууæ километры газуадзæн хæтæлтæ сæвæрдзысты Зæрæмæгæй Цмимæ.
Нæ уацхæссæг














